РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло Мæскуыйы фембæлд Уæрæсейы Хицауады Сæрдары хæдивæг Виталий Савельевимæ.
Дыууæвæрсыг фембæлды ныхас рауад Цæгат Ирыстоны транспорты къабазы рæзтыл. Уæлдай æргом аздæхтой уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ы инфраструктурæйы рæзтмæ.
Куыд загътой, афтæмæй хæстæг фидæны уадзæн пункты фылдæр цæудзæн транспорт, уымæ гæсгæ дзы хъавынц стыр уæзæгтæ ласæг 700 машинæйæн æрлæууæн бынат скæнын. Дарддæр ныхас цыд 2027-2028 азты аэропорт «Владикавказ»-ы рацарæзтыл.
Виталий Савельев куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстон Цæгат Кавказæн у ахсджиаг транспортон æлхынцъ. Ардæм æрбамбырд сты æфсæнвæндаджы, машинæты æмæ уæлдæфон транспорты уылæнтæ. «Республикæйы разамынд, комкоммæ Сергей Меняйло стыр æргом здахы регионы транспортон комплексы рæзтмæ. Мидбæстон фæрæзтæ фæтыхджындæр, бæлццæттæ æмæ уæзæгтæ ласыны хъуыддаг банывыл кæныны хъæппæристыл нырмæ æрныхас кодтам. Уæрæсейы Хицауад семæ сразы ис», – загъта Уæрæсейы Хицауады Сæрдары хæдивæг.
Сергей Меняйло куыд бахахх кодта, афтæмæй сæйраг нысан у транспортон комплекс ноджы хуыздæр уавæрмæ рахонын. «Транспорты хæрзхъæд куыстимæ баст у адæмы хорз цард, уымæй дарддæр – экономикон къабæзты рæзт дæр. Фадæттæ араздзыстæм бæлццæттæн æмæ уæзæгтæ ласæг транспортæн», – загъта республикæйы Сæргълæу-
уæг.
РЦИ—Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс—службæ