Поты фæз – Нары фидауц

0
20

Газет «Рæстдзинад»-ы æнувыд кæсджытæ, бæгуыдæр, зондзысты, нæхи Къостаимæ баст бынæттæ алкæмæндæр зынаргъ æмæ адджын кæй сты, уый. Уыдонæй иу у хъуыстгонд Поты фæз, бæлвырддæр зæгъгæйæ та, «у» нæ, фæлæ «уыди». Поты фæзæн йæ фыццаг хуыз чи федта, уыдонæн абон дæр сæ цæстытыл афтæмæй уайы, ома, Зруггомы доны былæй суанг Джерейы хурхмæ (афтæ хуынди ацы нарæг фæзилæн) тъæпæн, аив, рæсугъд цъæх-цъæхид нæууæй æмбæрзт.

Туалгомы хъуыстгонд уыдысты Зæрæмæджы Цми æмæ Нары-Поты фæзтæ. Туалгомы-иу исты бæрæгбоны кадæн бæхдугътæ куы сарæзтой, уæд-иу райдыдтой Цмийы фæзы кæронæй æмæ фæуд кодтой Нары Поты фæзы Джерейы хурхы фæзилæны. Хистæртæ, тæрхоны лæгтæ, бадтысты Поты фæзы æмæ аргъ кодтой дугъонтæн. Поты фæз æрмæст дугъы фæз æмæ тых æвзарæн нæ уыди, фæлæ, фыццаджыдæр æмæ сæйрагдæр, уынаффæдон, ома, тæрхоны фæз. Ардæм æмбырд кодтой Туалгомы хъуыстгонд куырыхон тæрхоны лæгтæ. Æмæ канд Туалгомæй нæ, фæлæ ма суанг фæсæфцæг Дзомагъ, Рукъ æмæ Едысæй дæр. Царды тæрхæттæй уæлдай, Поты фæзы куырыхон хистæртæ фидауын кодтой туджджынты дæр. Таурæгътæ нæм бирæ ахæм цаутæ æрхæццæ кодтой.

Нæ абоны сæрзилæджджын дуджы та нæ Поты фæзы уавæр куыд у, цы ивддзинæдтæ дзы цæуы? Стæй хорзæрдæм, æви?..

2024 азы «Рæстдзинад» ныммыхуыр кодта Бутаты Азæмæты уацхъуыд «Нар аив кæнынц». Йæ разныхасы фыссы, зæгъгæ, специалисттæ дарддæр æххæст кæнынц Нары æхсæнадон тæлм аив кæныны куыст.

Ныр ацы бынæттæ иууылдæр Къостайы номимæ баст кæй сты, уый нæ алчидæр зæрдæйæ æнкъары, æмæ нын уæлдай зынаргъдæр уымæн сты. Фæлæ та 15-æм октябры кадджын бæрæгбоны дзыллæтæ куы æрæмбырд уой, уыдонимæ скъоладзаутæ дæр сæ ахуыргæнджытимæ, уæд сын ахуыргæнæг радзур-
дзæн, Поты фæзы Къоста дæр сабийæ куыд згъордта уыцы цъæх фæлмæн нæууыл. Чи зоны, исчи афæрсдзæн ахуыргæнæджы, æмæ уыцы цъæх фæлмæн нæуцъар фæз цы фæци, цы хуызæн уыд, зæгъгæ.

Мæнмæ дæр, стæй ма бирæтæм дæр сæвзæры фарста: «Уыцы Поты фæзы цъæхвæлыст ныууадзæн нæ уыд? Къоста йыл куыд згъордта уыцы æрдзон хуызæй? Цымæ хуыздæр æмæ аивдæрæй нæ зындаид?»

Газеты æрмæгмæ гæсгæ ныридæгæн цы бындуртæ цæттæ кæнынц, рæхджы уыцы бæстыхæйтты арæзтадмæ бавналдзысты. Ацы арæзтад дæр та  мыййаг æфсоны хуызæн нæ рауайдзæн Дзæуджыхъæуы Доны станцæйы халдихау? Бæрæгбонмæ дзы æфсонæн, цæст фæсайынæн истытæ ацараз, æмæ уый фæстæ æппæт Поты фæз дæр – дæу, араз æмæ араз. Афтæмæй Къостайы уарзон Поты фæз йæ сæйраг нысаниуæг дæр фесафдзæн, æмæ йæ æрдзон хуызæй дæр ницыуал баззайдзæн. Ам бæрæгбон вæййы иу бон. Æрбаласынц алы районтæй алцыдæр, дыккаг бон сисынц сæ цатыртæ, бафснайынц сæ фæстæ, æмæ та Поты фæз йæхи хуызы бацæуы.

Ныр ам агъуыстытæ куы рарæнхъ кæной, уæд Поты фæзæн йæ хуыз нæ, йæ ном дæр цыбыр рæстæгмæ ферох уыдзæн адæмæй. Цæмæй мæ ныхасы æцæгдзинадыл адæм баууæндой, уый тыххæй раздæхæм Къостайы хæдзар-музеймæ. Абоны фæлтæрæй, стæй уыдоны размæйы фæлтæрæй искæй афæрс, Къостайы хæдзар-музей цы хуызæн уыдис, зæгъгæ, уæд дын дзуапп ратдзæн: «Нæ зонын, нæ хъуыды кæнын».

Ацы хæдзар куы арæзтой йæ 100 азы юбилеймæ, уæд цæмæн хъуыдис, Къоста кæм райгуырд, уыцы къуым æддейы къæйдурæй астæрд кæнын, йæ фарсмæ йын æртæ нæ, кæд авд уæладзыджы аразыс, табуафси. Уый бирæтæ растыл нæ банымадтой, фæлæ бæрзонддæр къæлæтджыныл чи бадт, иу ахæм сылгоймаг, дам, йæхи фæнд атардта æмæ йæ самайын кодта. Фæсарæйнаг туристтæ куы æрбацæуой, уæд, дам, ныл худдзысты, сæ хъуыстгонд Къоста цы уавæрты райгуырд æмæ цард, зæгъгæ.

Уыцы комплексы арæзтадæн паддзахад радих кодта 66 милуан сомы. Зынаргъ газеткæсæг, кæд æй раст нæ бамбæрстай, мыййаг: 66 мин сомы нæ, фæлæ 66 милуан сомы. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый стыр арæзтад уыдзæн, фæлæ та, зæгъын, уыцы стыр арæзтад, бæлвырддæр зæгъгæйæ та, уыцы стыр æхцатæ искæйты куы сцыбæл кæной,  уæд…

Ныр мæ цыбыр уацхъуыды фыссын мæхи хъуыдытæ, мæ цæстæнгас иу кæнæ иннæ уавæрмæ. Уайдзæф никæмæн кæнын, зонд дæр никæмæн амонын. Фæнды мæ æрмæстдæр, ацы фарстатæ кæмæ хауынц, уыдон сæм се ’ргом куы раздахиккой.

Объект Хетæгкаты Къостайы юбилеймæ кæй сцæттæ уыдзæн, аразджытæ сæ зæрдæ ууыл дарынц.

Поты фæзы æдзæллаг уавæр абон нæ сæвзæрд, фæлæ Транскам, уæлдайдæр арæнхъахъхъæнджыты пост аразын куы райдыдтой, уæд Зæрæмæгæй Захъамæ æппæт донвæдтæ сфæйлыдтой. Поты фæз дæр сæ нæ аирвæзт. Ныр,
Хуыцауæн табу, сæ рæдыд сраст кæнынмæ бавнæлдтой, æмæ сæйрагдæр, Къостайы уарзон бынат цæхæртæ скалдзæн, кæд цъæх нæуцъар нал уыдзæн, уæддæр. Къамы куыд рæсугъд, аив зыны, афтæ фæз дæр куы сырæза, уæд Къостайы зæрдæмæ дæр фæцæудзæн æмæ кæд разыйæ баззаид.

Мамиаты Таймураз,
æхсæнадон уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here