Ныхас-туризмы къабазы райрæзтыл

0
27
Æрæджы Цæгат Ирыстоны цалдæр бынаты ацыдысты фембæлдтытæ студенттимæ æмæ туристтимæ чи кусы (гидтæ), уыдонимæ.
Программæ бацæттæ кодтой Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы туризмы комитет æмæ Туризмы райрæзты фонд. Æххæстгонд цæуы национ проект «Туризм æмæ уазæгуарзондзинады индустрийы» фæлгæты. Дзуапп дæтты проекты нысантæн æмæ хæстæн, баст у туризмы райрæзтимæ.
— Абон стæм нæ республикæйы æмæ стæм йæ цæрджытæ, фæлæ йæ арæнтæй куы ахизæм, уæд та вæййæм туристтæ. Абон нæ пъланы ис фембæлдтытæ, туристтимæ чи кусы, йæ дæсныйад туризмимæ кæй фæнды сбæттын. Культурон программæтæ дæр тынг цымыдисаг сты, куыд нæ республикæйы цæрджытæн, афтæ Ирыстоны уазджытæн дæр. Туризм Ирыстоны ныртæккæ ис ахсджиаг бынаты, абон уый у ахæм фæрæз, кæцы йæ фæстæ исы ахсджиаг къабæзты райрæзт, хъæууон хæдзарадæй райдай æмæ фæу арæзтад, транспорт æмæ транспортон хæдзарадæй. Нæ зæрдæ дарæм ацы къабазы райрæзтыл, æрмæст Ирыстоны нæ, фæлæ ма æппæт бæстæйы дæр. Кæд ныртæккæ уавæр æнцон нæу, уæддæр æй мах уынæм, цавæр цæстдард ис мид туризммæ. Уымæн æвдисæнтæ сты объективон нымæцтæ, транспортон системæ æмæ аэропорттæ,-загъта Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы туризмы комитеты сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Хъоцыты Сослан.
Программæмæ хаст æрцыдысты ахуырадон, культурон-зонадон, ирхæфсæн хæйттæ. Уымæй уæлдай ма, архайджытæн æмæ уазджытæн кæронбæттæны фенын кодтой национ хæринæгтæ.
Фембæлдтыты программæ райдыдта Национ наукон библиотекæйы. Йæ уазджытæ уыдысты, туристтимæ чи кусы (гидтæ), уыдон. Хъоцыты Сослан, историон наукæты кандидат Ирина Возянова, историон наукæты кандидат Мамиаты Михаил сын радтой дзуæппытæ цы фарстатæ сæ тыхсын кæнынц, уыдонæн; Дзывгъисы гæнах, Дæргъæвсы цы зæппæдзтæ ис, уыцы бынæтты туристтæн хи куыд æмбæлы дарын, уый сын хъуамæ хъусын кæной. Куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй гидтæй дæр тынг бирæ аразгæ у. Кæм æмæ куыд дары уазæг йæхи, цавæр уæлæдарæс хъуамæ уа туристыл, уыдоныл æрдзырдтой. Афтæмæй ма фæбæрæг кодтой иннæ азæй Туризмы комитетæн кæй уыдзæн бар гидтæм контролон-цæстдарæн хæстæ æххæст кæнын, цæмæй мæнгномхæсджытæ ма уа, æрмæстдæр аттестацигонд чи æрцыд, уыдонæн ис бар экскурситæ кæнынæн.
Дарддæр уыд фæсивæдон семинар Хетæгкаты Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты студенттæн æмæ ацы къабазы чи кусы, уыдонæн. Дзырдтой дзы Цæгат Ирыстоны туристон къабазы райрæзтыл. Лекцитæ бакастысты тураператор «Мамисон Тревел»-ы разамонæг Гæцойты Светланæ, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы экскурситæгæнæг æмæ гидтæ-тæлмацгæнджыты ассоциацийы президент Вячеслав Санников, экологион рухсады, туризм æмæ национ паркы рекреацийы фарстаты фæдыл директоры хæдивæг Гуæздæрты Альбинæ, «МК-group»-ы директор Дзансолты Олег, амалгæнæг Хъыбызты Алексей.
Стыр æвæрæн чи бахаста Ирыстоны туризмы райрæзтмæ, уыдоны Туризмы комитет схорзæхджын кодта кады æмæ арфæйы гæххæттытæй.
Кæронбæттæны та уыд культурон-ирхæфсæн программæ, уым æрмдæснытæ сæ зонындзинæдтæй хайджын кодтой уазджыты, æхстой фат æмæ æрдынæй мысанмæ, ансамбль «Асмон» акафыд хонгæ кафт æмæ кæй фæндыд, уыдоны схайджын кодтой сæ зонындзинадæй.Цæгæраты Эльмирæ
Къамтæ систа
Гобозты Агуындæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here