Алы адæм дæр сæ уидæгтæ агурынц историйы. Йе ‘мбæхст бынæттæм ныккæсынмæ цымыдис кæнæм мах, ирон адæм дæр. Æмæ уый раст у. Æнæ ивгъуыд нæй фидæн. Нæ адæм, чысыл нымæц уæвгæйæ, стыр фæд ныууагътой Уæрæсейы историйы, æмæ уыцы сгуыхтдзинæдтæ зонын хъæуы.
Ныр æртыккаг æнус ирон адæм кæнынц Мамиаты Хъара-дзау æмæ паддзах Екатеринæ II фембæлды кой, фæлæ, ахæм историон цауы тыххæй иунæг официалон документ дæр кæй нæ баззад, уый алчи нæ зоны. Хъарадзау æмæ йæ балцы хабæрттæ баззадысты æрмæстдæр фольклорон æрмæджытæ «Куырттатæгты зарæг», «Биаслантæ æмæ куырттатæгты тох», «Куырттатæгты балц» æмæ æндæрты. Дзыхæйдзургæ сфæлдыстад та, бæрæг куыд у, афтæмæй алыхуызон æвдисы хъуыддаг. Уый нысан кæны, таурæгътæ иу бæлвырд нысан кæй не ‘вдисынц æмæ не сты. Ис сæм историон рæстдзинады комулæфт, фæлæ истори не сты.
Ахуыргонд Блиты Макс куыд нымадта, афтæмæй «Ирон минæварады балц», Мамиаты Хъарадзауы разамындæй, хауы 1787 азмæ. Уыдон паддзахимæ фембæлдысты Хъырымы. Фембæлды нысан уыд сæ хъарм ахаст равдисын Уæрæсемæ, æм-гуыстадыл аныхас кæнын. Ирон минæварад паддзахимæ фембæлдæй баззад райгондæй, рацыдысты лæвæрттæ æмæ Кады гæххæттимæ, кæуылдæрты дзы донаргъуыд дæр скодтой. Уыцы фембæлд уыд ахсджиаг Уæрæсейы разамындæн дæр. Уымæн æмæ сæ Туркимæ хæсты хъуыд æмцæдисонтæ æмæ æххуысгæнджытæ» (Горный ветер. — 2007. — № 11. Ф. — 44).
Ахæм фембæлд ахсджиаг кæй уыд, уый бæрæг у, фæлæ, кæм уыд, уый тыххæй ницавæр бæлвырд факттæ æрхаста Блийы-фырт дæр.
Куыд зонæм, афтæмæй Ирыстон Уæрæсейы скондмæ бацыд 1774 азы. Уый уыд уæды ирон интеллигенцийы руаджы. Уæд ирон минæварад Магкæты Зурабы сæргълæудæй сæ курдиатимæ фæцыдысты Бетъырбухмæ. Кæд уыцы ацыдæй фыццаг хатт ницы рауад, уæддæр Уæрæсейы уæды разамынд
фæстæдæр бацархайдтой, цæмæй Ирыстон Уæрæсейы империйы скондмæ æрбацæуа, æмæ уый сæ къухы бафтыди. Уыцы цауимæ баст у Мамиаты Хъара-дзауы балц дæр.
Таурæгътæ куыд дзурынц, афтæмæй 1787 азы Турк райдыдта Уæрæсеимæ хæстмæ йæхи цæттæ кæнын. Уый зонгæйæ, Екатеринæ II абалц кодта Уæрæсейы регионтыл æмæ, уый размæ йæ империмæ кæй æрбаиу кодта, уыцы зæххытыл. Фæндыд æй йæ арæнты фидардзинад сбæрæг кæнын, йæ ног зæххыты цæрджытæ йын цы аргъ кæнынц, уый фенын, бахъуаджы заман чи куыд баххуыс кæндзæн, уый бамбарын. Паддзах хонджытæ арвыста алырдæм, цæмæй сæ минæвæртты рарвитой æмæ семæ фембæла. Ахæм гæххæтт æрцыд Ирыстонмæ дæр, таурæгътæм гæсгæ, «хъулон гæххæтт». Фæхæццæ йæ кодтой Нармæ Мамиаты Хъарадзаумæ. Уый хорз зыдта уырыссаг æвзаг. Фыстæг куы бакаст, уæд Ирыс-тоны дзырддзæугæ лæгтæй иу-дыууиссæдзæй скодта делегаци æмæ фæцыдысты паддзахимæ фембæлынмæ, фылдæр адæм куыд нымайынц, афтæмæй Хъырыммæ. Хъарадзау æмæ паддзах ныхас кодтой бирæ ахсджиаг хъуыддæгтыл. Ирæттæ ныфс бавæрдтой, Туркимæ хæс-ты Уæрæсейæн се ’ххуысы хай кæй бакæндзысты. Ирон минæварад рарвыстой тынг буцæй, лæвæрттæ æмæ Кады гæххæттимæ, фæлæ сæ размæ бабадтысты фыдгæнджытæ, истой сын сæ фæллой æмæ сын бацайдагъ карз тох. Уым фæмард сты се ’ппæт дæр, се ’мбæлццон, чысыл лæппу Гуыриаты Ахмæты йеддæмæ. Уый фæстæ йæ чидæр сусæгæй Ирыстонмæ æркодта.
Афтæ у цыбырæй таурæгъты иумæйаг мидис æнæ иунæг историон документæй. Фæлæ, дам, æнæ артæй фæздæг нæ вæййы.
Цымæ уæдæ цы бындурыл фæзындаиккой ацы таурæгътæ? Æз куыд хъуыды кодтон, афтæмæй, иугæр фембæлд Хъырымы уыд, уæд уым, æнæмæнг, музейтæ æмæ архивты исты ахсджиаг документтæ баззадаиккой æмæ æрзылдтæн Хъырымы горæттæй цалдæрыл. Фыццагдæр бабæрæг кодтон Алуштæ æмæ Ялтæйы бæстæзонæн музейтæ, фæлæ йæ кусджытæ ахæм цау хъусгæ дæр нæ фæкодтой. Балæууыдтæн Хъырымы сæйраг горæт Симферополы дæр, фæлæ мын уым дæр дыууæ музей æмæ паддзахадон архивы ногæй ницы загътой. Уæвгæ та, Хъырыммæ паддзахы балцы тыххæй музейты уыди дуне æрмæджытæ, фæлæ дзы ирæтты фæд ничердыгæй разынд. Мæ размæ мын рахастой уыцы балцыл фыст историкты чингуытæ «Екатерина II и Крым», «Путь на пользу» æмæ «Григорий Потемкин. Губернатор Новороссии и Тавриды». Уыдоны бæлвырд фыст æрцыд паддзахы фембæлдтыты хронологион равæрд, кæм, кæд, кæимæ, кæцы бон æмæ сахатыл фембæлд, уыдæттæ, фæлæ дзы иу ран дæр ирон бæлццæтты кой нæ уыди.
Паддзахы уыцы балц уæд
ахаста æхсæз мæйы. Уыд
Мæскуы, Белгород, Новгород, Тулай, Таганрог, Курск æмæ æндæр рæтты. Уыдонæй дыууадæс боны фæцис Хъырымы горæттæ Судак, Бахчисарай, Балаклавай, Старый Крым, Перекопск æмæ Феодосияйы. Мамиаты мыгга-джы хистæртæй иу, æхсæнадон архайæг Таймураз, ныр цалдæр азы йæ кадджын фыдæлы тыххæй æмбырд кæны æрмæг. Рауагъта сæ хицæн чиныгæй дæр. Уый сбæлвырд кодта Хъарадзауы цард, йæ ахуыры æмæ архайды фæндæгтæ, фæлæ абон уыдоныл нæ дзурдзыстæм. Таймураз куыд нымайы, афтæмæй Хъарадзау паддзахимæ фембæлд Бахчисарайы. «Мамион Хъарадзау цы ирон минæварады сæргъы уыди, уый Екатеринæ II-имæ фембæлди Бахчисарайы, тæтæйраг ханы галуаны 1787 азы майы мæйы. Ам сыл донаргъуыд дæр скодтой, сæ бирæ лæвæрттæ дæр ам райстой, ард дæр ам бахордтой иузæрдион-дзинады фæдыл, Уæрæсейыл æнувыд кæй уыдзысты æмæ знæгтимæ иумæйагæй кæй тох кæндзысты».
Фæлæ ма уæддæр Таймураз дызæрдыггæнгæ фыссы: «Хъырым раздæр тæтæйраг ханты дæлбар уыди. Сæ сæйраг горæтыл нымад уыди Бахчисарай. Уæдæ тæтæйраг хан уым, йæ сæйраг горæты йæхицæн зæрдæйы фæндиаг уавæртæ кæй скодтаид, уый нæ уырны… Зæгъæн ис, Екатеринæ II йæ уазæгуат бынатæн дæр уыцы сахар кæй равзæрстаид. Уæдæ хъуыддаджы фембæлдтытæ дæр ам арæзтаид» (Артдзæст æмæ хъысмæт. / 2021. — ф. 94).
Кæй зæгъын æй хъæуы, Таймураз дæр уыцы хатдзæгтæ зæрдæаивæй кæны, фæлæ та мыл мæ цымыдис фæуæлахиз æмæ фæцыдтæн Бахчисараймæ дæр. Галуаны се ’ппæт бæстыхæйтты дæр цыдысты цалцæггæнæн куыстытæ æмæ йæ ра-замонджытæй бынаты ничи уыд, фæлæ дзы уæддæр дзæвгар туристтæ уыд. Аныхас кодтон музей-галуаны зонадон кусæг Галинæ Яковлеваимæ, стæй гидимæ. Уыдон фидарæй загътой, канд галуаны нæ, фæлæ ирон минæварад Бахчисарайы кæй никуы уыд.
Ирыстонмæ æрцæугæйæ, мæхицæн бынат нæ ардтон, гал-уаны разамонджытæй кæй никæй федтон, уый тыххæй æмæ та сæм фыстæг арвыстон мæ уыцы фарстимæ. Ацы аз августы мæйы мын дзуапп радта галуаны историон музейы сæргълæууæг Ленарæ Чубукчиева. Уый фыссы: «Мах бæлвырд базонгæ стæм дæ фыстæгимæ æмæ дын хъусын кæнæм: хъыгагæн, Бахчисарайы ханы галуаны музейты, архивты æмæ наукон чиныгдоны дæ курдиаты фæдыл иунæг документ дæр нæ разынд».
Уæдæ, фольклорон бынтыл æнцой кæнгæйæ, Мамиаты Хъарадзау æмæ йе ’мбæлтты минæварад гуырысхойаг нæу, фæлæ кæм сты уыцы историон документтæ? Ахуыргонд Бзарты Русланы хъуыдымæ гæсгæ, ирон минæварад Хъырыммæ ныххæццæ уыдаид, уый зын бауырнинаг у. Растдæр уыдзæн, йæ балцы рæстæджы йыл æндæр ран кæй фембæлдаиккой. Уымæ гæсгæ, ирон минæварады фæдтæ Хъырымы агурын мур дæр ницы ратдзæн.
Русланы хъуыдымæ хæстæг лæууы Æмбалты Цоцкъойы хатдзæг дæр:
«Ирон минæварад фæндагыл уыдысты дыууæ мæйы. Райдайæны æрцыдысты Стъараполмæ паддзахимæ фембæлынмæ, фæлæ уый уым нæ разынди. Уæд аскъуыддзаг кодтой йæ размæ ацæуын. Таурæгътæ не ’вдисынц фембæлды бæлвырд бынат, фæлæ, истори куыд амоны, афтæмæй тынгдæр бауырнинаг у, йæ размæ кæй ацыдысты æмæ йыл кæмдæр кæй фембæлдысты».
Дзырд дæр ыл нæй, Мамиаты Хъарадзау йæ минæварадимæ паддзахимæ фембæлынмæ куынæ ацыдаид, уæд уый бæрц фольклорон бынтæ æнæбындурæй нæ фæзындаиккой. Мæ нымадæй, уыд ахæм цау Ирыс-тоны Историйы. Фæлæ, уæды заманы адæм æнахуыргонд уыдысты æмæ ахæм ахсджиаг цау, хъыгагæн, официалон документтæм бахæссæг нæ фæцис æмæ рæстæджы фæлмы батад.
Мæнмæ гæсгæ, паддзахы балцы тыххæй ахсджиаг документтæ æфснайд уыдзысты Петербурджы историон музейтæ æмæ архивты. Уæд паддзахимæ балцы уыдысты историктæ, фысджытæ, ахуыргæндтæ, дипломаттæ… æдæппæт æртæсæдæ адæймаджы бæрц. Уыдон императрицæйы фембæлдтыты тыххæй æппæт дæр ныффыстаиккой æмæ бафснайдтаиккой. Хорз уаид, нæ ахуыргæндтæ сæ бацагурыныл куы батыхсиккой, уæд.
Хъарадзауы хуызæн адæймæгтæ æрмæст сæ мыггаджы нæ, фæлæ нацийы хъæбатыртæ сты. Æвгъау у, ахæм историон цау кæронмæ куынæ раргом уа, уæд…
ДЖУСОЙТЫ Нинæ
Дзæуджыхъæу-
Алушта-Ялта-
Симферополь-
Бахчисарай-
Дзæуджыхъæу