Нæртон куывд Æрджынарæджы

0
24

Фæндагсары Уастырджийы куывдмæ хуынд адæм бæрæг рæстæгмæ æрбацыдысты. Се ‘ппæт дæр уыдысты бæрæгбонхуыз. Сæ хъæлдзæг ныхас сын фæззыгон дымгæ скъæфта Æрджынарæгæй суанг Теркмæ. Æрбацæуæг адæмы нымæц хæццæ кодта æртæсæдæмæ хæстæг. Уыдон уыдысты Хъахъхъæдурæй, Кæрдзынæй, Елхотæй, Змæйкæйæ, суанг ма Алагир æмæ Зынцъарæй дæр.

Адæм дис кодтой кувæндоны уæрæх кæрты сыгъдæгдзинадæй. Фондз бæрзонд аив фыдæлтыккон мæсыджы уындæй се ‘ппæтмæ дæр сæвзæрд арфæдзинад, алы мæсыг дæр цæхæртæ калы. Мидæгæй дзы тымбыл стъолы фарсмæ фондз бандоны, стъолыл дидинджытæ, къултыл алыхуызон нывтæ, Уастырджи æмæ иннæ зæдты уазнывтæ.

Кувæндонмæ бацæуæны галиу фарс, фæлладуадзæн бæстыхаймæ хæстæг æртæ метры бæрзæндæн, йæ къултæ дурæй аив амад кæмæн сты, уыцы æхсæрдзæнæй фæтæн доны уылæн згъоры дæлæмæ. Кувæндоны бæстыхайы кæрт æмбæрзт у къæйтæй. Иуныхасæй, кувæндоны уындæй адæймаджы зæрдæ рухс кæны. Зæдбадæнмæ æрвылбон дæр цæст дарын хъæуы.

Кувæндон у Фæндагсар Уастырджийы номыл. Ам цы æхцайы фæрæзтæ, мысайнæгтæ æрæмбырд вæййы, уыдон хардзгонд цæуынц кусджытыл, электрон тыхыл, цæстуарзон æххуыс вæййы сывæллæтты рæвдауæндæттæн, скъолатæн, фæкæсинаг бинонтæн,  районы газет «Размæ», афтæ «Рæстдзинад» дæр рафыссынæн æхца рахай кæнынц. Алы аз дæр дзы вæййы нæртон куывд, æмæ уымæн дæр хъæуы æхцайы фæрæзтæ.

Куывд амонæг уазджыты æрбахуыдтой фынгмæ. Дæргъæй-дæргъмæ фынгыл æрбадтысты хуынд адæм. Æртæ уæливыхы кувыны бар лæвæрд уыдис ацы æрмæджы авторæн. Фынджы æртæ хистæры сæ ракуывдты ирон адæмы бафæдзæхстой Стыр Хуыцау æмæ Уастырджийыл. Кувæггаг авæрдтой нæ буц кæстæртæм. Фынджы бадты раиртæстон хорз æгъдау — хистæртæн дзы уыдис стыр кад.

Хистæр Уастырджийы сидт куы фæкодта, уæд кæйдæр чырæг телефонæй райхъуыстис Уастырджийы зарæг. Иууылдæр сæ худтæ систой æмæ уырдыг лæугæйæ, табу кæнгæйæ, анызтой нуазæнтæ.

Куывдмæ цы уазджытæ сæмбæлд, уыдонæн хистæр раздæр радта нуазæнтæ, стæй сæ цæрæнбоны фæдыл радон сидт куы фæкодта, уæд иууылдæр уырдыг лæугæйæ, зæрдиагæй раарфæ кодтой.

Алагираг уазджыты хистæртæ Бызыккаты Эрик, Гозымты Эльбрус, Къораты Тамерлан фынгмæ саккаг кодтой сæ арфæйаг хуынтæ. Ирон кадджын æгъдаумæ гæсгæ, сæ хис-
тæр скуывта æмæ сæм радта кады нуазæнтæ. Сæ хуынтимæ уыдис æмдзæвгæтæ фыст дæр. Бакастис сæ Алагиры районы Ныхасы сæрдар Къаболаты Юри. Мыхуыр дзы кæнæм иу æмдзæвгæ, йæ автор Гаматы Иван:

 

Фынджы æгъдау
Нæй хуыздæр ирон фынджы æгъдауæй —
Алцыдæр дзы уагыл у, бæлвырд.
Баззадис нын рагфыдæлты фарнæй,
Арвæрдынау — хуры тынтæй быд…

 

Рабады куырыхон лæг йæ сæргъы,
Стыр бæрнон у хистæры бынат.
Гаджидæуттæ ‘нувыдæй фæкæны,
Рæвдз лæппу уырдыгыстæг — сыхаг.

 

Дзура хъуамæ алчидæр йæ рады,
Ма хала ирон æгъдауы фæтк.
Чидæр хатт йæхи фæндтæ фæхъары,
Нал фæкæны бадты уагыл мæт.

 

Аннæ та дæллаг кæронæй дзуры,
Амоны бæрнон хистæрæн зонд.
Барджын ныхас гъæйтт лæгау фæкуры,
Сисы хъæр-хъæлæба дзырд бæрзонд.

 

Хъус, кæстæр, дæ хистæрмæ лæмбынæг!
Хорз хистæр у дзуарæмсæр нымад.
Кувæг лæгæн фидауы фæрнджын лæг,
Сомбон та дæумæ хаудзæн бынат.

 

Арфæйаг хуын ма фынгмæ æрбацыд Цæлойты мыггагæй дæр. Фæндагсар Уастырджийы кувæндоны бæрæгбон ахицæн кад æмæ радæй.

 

БОГАЗТЫ Арсæмæг,
Ирыстоны кадджын вæтæран
Къам систа ХОДЫ Хазби

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here