Тибы хъæуы сбæрæг кодтой ирон адæмы кадджындæр бæрæгбæттæй иу – Таранджелос. Нарты кадджыты фыст ис, зæгъгæ, Хуыцау Батрадзы мардыл куыд куыдта, афтæ йе ‘ртæ цæссыджы æрхаудысты зæххыл, æмæ, цы ран æрхаудысты, уыдон сты дзуары бынæттæ – Сыгъзæрин Таранджелос, Сау Мыкалгабыртæ æмæ Урс Реком. Сæ кой ис Нарты кадджыты дæр.
– Реком бæрæг кæнынц сæрды хуыцаубоны, Мыкалгабыртæ æмæ Таранджелос та – уыцы-иу бон, цыппæрæмы, Хоры бон куы фæбæрæг кæнынц, раст уыцы рæстæг. Хоры бон дæр, Мыкалгабыртæ дæр сты бæркады, бæркадхæссæг бæрæгбæттæ, – зæгъы Тибы хъæуæй рацæугæ Боциты Сослан.
Тиб у архитектурон æмæ культурон бынтæй хъæздыг Цæгат Ирыстоны рагондæр хъæутæй иу. Йæ алывæрсты абон дæр фенæн ис, рагон фидæрттæй, ирон аргъуантæй æмæ мыггæгты мæсгуытæй ма цы дуртæ баззад, уыдон. Астæузаманты йæ цæрджытæ уыдысты дзæвгар.
– Архивон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Тибы кæддæр уыд дыууæсæдæ дыууын хæдзарæй фылдæр. Йæ алывæрсты уыд хицæн цæрæн бынæттæ – Уæллаг Тиб, Дæллаг Тиб (Боциты хъæу, Уæлта, Уанта, Тимцына), – радзырдта Кучиты Шамил.
Тибы цард бирæ мыггæгтæ. Алкæй дæр дзы фæндыд, цæмæй сын уыдаид хицæн зæххы хай æмæ хи мæсыг. Абонмæ ма баззад Боциты мæсыг.
– Ацы ран цард фараст мыггаджы – Кучитæ, Хъыргъатæ, Багатæ, Икъотæ, Айлартæ, Тедетæ, Къадз-тæ, Коцойтæ, Боцитæ. Се ‘ппæтæй раздæр, цуан кæнгæйæ, Уæллаг Мызурæй ардæм æрхæццæ Кучийы-фырт. Фыццаг цæрджытæ уал æрбынат кодтой Дзывгъисы, Фыййагдоны, уырдыгæй æрцыдысты Тибмæ æмæ ам æрбынæттон сты, – загъта Тибы цæрæг Кучиты Хетæг.
Рагон хæстон мæсгуытæй, цæрæн бынæттæй æмæ хæдзарон бæстыхæйттæй уæлдай Тибы алыварсты ис бирæ дзуæрттæ.
– Фынгыл æртæ чъирийы куы æрæвæрæм, уæд се ‘ппæты нæмттæ дæр ссарæм, – дзуры дарддæр Кучиты Хетæг æмæ сæ нымайы: Хоры Уацилла, Цаком Уастырджи, Тимцынайы
Уастырджи, Хуыцауы кувæндон. – Рухс Таранджелос та уалæ хъæуы сæрмæ цъуппыл ис.
Хетæджы ныхасмæ гæсгæ, Таранджелос бæрæг кæнынц афæдз æртæ хатты, фæлæ иннæ ирон бæрæгбæттæй хъауджыдæр – æрмæст цыппæрæмты. Уалдзæг æй бæрæг кæнынц Куадзæны хæдфæстæ, фæззæг – сентябры, зымæджы та – февралы.
– Хъæуæй рацæуæг адæм Хоры бон куы фæбæрæг кæнынц, уæд нæм рæспубликæйы иннæ районтæй, суанг ма Уæрæсейæ дæр æрцæуынц бирæ мыггæгты минæвæрттæ, æмæ азæй-азмæ кæнынц фылдæр. Иумæ скувæм Хуыцаумæ, ракурæм дзы, цæмæй алкæй хæдзар дæр уа бæркадджын. Хъæуы цæрджыты фæрцы хъахъхъæнæм нæ рагон æгъ-дæуттæ. Архайæм, цæмæй сæ адæм зоной æмæ сæ царды æххæст кæной. Уæлдай æхсызгон та у, фæсивæд дæр сæм сæ хъус кæй дарынц, уый, – дзуры Боциты
Сослан.
Куыд загътам, афтæмæй, Таранджелосимæ уыцы-иу бон бæрæг кæнынц Мыкалгабыртæ дæр. Мыкалгабыртимæ баст сты цалдæр таурæгъы. Иу нын дзы радзырдта Кучиты Хетæг: «Раджы кæддæр, дам, Мыкалгабыртæ уыдысты Буронæй чысыл уæлдæр, уым уыд дзуары бынат. Уыд тынг уæлиау, æмæ йæм адæмæн уыд зын цæуæн. Мыкалгабырты фæдонтæй иу уыд Сикъоты Додо. Хистæртæ æрæмбырд сты æмæ загътой: «Цæй, уæдæ, ахæм уынаффæ рахæссæм, æмæ дур дæлдæр æрхæссæм, æмæ дзы ног кувæндон саразæм, цæмæй адæмæн афтæ зын цæуæн мауал уа, уый тыххæй». Додо схызт Мыкалгабыртæм, æмæ дын кæсы, æмæ дзуары бæласыл цæргæс бады. Йæ дзæмбытæ сырх, цæстытæ æрттывтытæ калынц, йæ бырынкъ дæр сырх-сырхид. Додо фæфæстæмæ æмæ скуывта: «О Мыкалгабыртæ, кæд истæмæй фæрæдыдтæн, уæд мын ныххатыр кæн. Кæд нæ, уæд та мæ
ауадз æмæ мын бар радт, цæмæй дур дæлдæр ныххæссон, æмæ дзы ног кувæндон саразæм». Уыцы уысм цæргæс уæларвмæ стахт æмæ æртæ зылды æркодта. Уый уыд хорзы нысан. Додо дур систа æмæ йæ дæлдæр ранмæ æрхаста, адæм кувæндон саразыны фæнд кæм скодтой, уырдæм. Йæ бынат уыд фæндагмæ хæстæг. Ууыл рацыд иуцасдæр рæстæг, афтæ дын Додо фын куы фæнид, цыма уæлæйæ хъуысы цавæрдæр хъæлæс: «Додо, айс мæ ардыгæй, ам чъизи у. Нæй уымæн гæнæн, æмæ ацы ран адæм кувой». Уæд дур систой, уæлæмæ йæ иуцасдæр схастой æмæ уым, хъæды, кувæндон сарæзтой. Ацы таурæгъ мæ фыдæй фæхъуыстон. Æмæ алы аз уалдзæджы бафиппайын, дзуары сæрмæ цæргæс куыд стæхы æмæ куыд æрзылдтытæ кæны, уый. Дзуары бын куы вæййын, уæд цæргæсмæ алкæддæр фæнхъæлмæ кæсын, æмæ æнæфæзынгæ нæ вæййы, – йæ ныхас кæронмæ ахæццæ кодта Кучийы-фырт.
ТÆДÆТЫ Иринæ,
къамтæ систа
ФÆРНИАТЫ Зауыр