Территориалон æвзарæн къамисы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Æрыдоны районы Паддзахадон Думæмæ æвзæрстыты архайдта 23 мин адæймаджы. Хъæлæс кодтой 16 участокы, кампанийы цыдмæ сæ цæст дардтой фæсарæйнаг специалисттæ дæр.
Уыдон бабæрæг кодтой Æрыдоны горæты 30-æм æвзарæн участок. Сæ цыды сæр уыд, Æрыдоны районы æвзæрстытæм куыд бацæттæ кодтой æмæ куыд ацæудзысты, уыимæ базонгæ уæвын. Уазджытыл зæрдиагæй сæмбæлдысты бæрæгбон хуызæй, равдыстой сын чысыл концертон программæ. Цæстдарджытæ кусæг фарстатыл ныхас кодтой къамисы уæнгтимæ, разыйæ баззадысты сæ техникон цæттæдзинадæй.
44-æм æвзарæн участок æрбынат кодта Фыййаджыбылы скъолайы агъуысты. Æвзарæн къамисы сæрдар Плиты Ларисæ нæ уацхæссæгæн куыд фехъусын кодта, афтæмæй æвзæрстыты рæстæг закъонхæлдтытæ не ‘рцыд, сæ цыдæн дзуапп чи лæвæрдта, уыцы структурæты минæвæрттæ къæрцхъусæй дардтой уавæрмæ сæ цæст. Уæлдай æргом здæхт цыд адæмы æдасдзинадмæ:
– Уавæр фæхуыздæрмæ ‘нхъæлмæ кæсы алчидæр, зæрдиагæй архайы ууыл, цæмæй йæ хъæу рæсугъддæр уа, ногдзинæдтæ дзы æрцыдис конд. Зонынц æй хъæубæстæ, кæй æмæ цæй фæрцы, уый. Администрацийы сæргълæууæг тырны, гæнæн кæм ис, уыцы программæты архайыныл. Æмæ нæ фæнды, цæмæй нæ сомбон абонæй рæсугъддæр уа, – загъта къамисы сæрдар.
– Алкæйы дæр фæнды, æгас Уæрæсейы дæр цæмæй цард фæхуыздæр уа, ууыл чи архайдзæн, ахæм адæймаг равзарын. Нæ адæм хорз кæд цæрдзысты? Хæсты хабæрттæ куы банцайой, быцæудзинад хæстмæ куынæуал сайа, ахуыргæнджытæ, дохтыртæ хуызæнæн мызд куы исой, пенситæ цæрыны фаг куы суой, стæй, æхца æфстау исыны процент куы фæкъаддæр уа, уæд адæм сæ къахыл слæудзысты. Уый куыд фенæм, Хуыцау ахæм арфæ ракæнæд! – зæгъы хъæуы хистæртæй иу Гайттаты Алыбег.
Æвзарæн участокы баййæфтам, Фыййаджыбылæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Плиты Измаилы. Зын бамбарæн нæу, цæуыл хъуыды кодта, хъæлæс кæнынмæ цæугæйæ, уый. Æвзæрстытæ ахицæн сты, адæм та, цард фæхуыздæры ныфсимæ, сæ æрвылбоны сагъæстыл архайынц.
ХУЫБИАТЫ Ларисæ














