РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло архайдта, 24 азы размæ Хъæрмæдоны Хъолхъайы цъитийы амæттаг чи фæцис, уыдоны нæмттæ æрымысыны номарæны.
Нæ республикæйы Сæргълæууæг дидинджытæ сæвæрдта Джызæлы сæрмæ монументы раз. Мадзалы ма архайдтой алы ведомствæтæ, министрадтæ, барадхъахъхъæнынады оргæнты минæвæрттæ, депутаттæ, æхсæнадон архайджытæ æмæ дины кусджытæ. Зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм, 2002 азы 20 сентябры Хъæрмæдоны Хъолхъайы цъити ратыдта æмæ йæ хъæлæсы ахаста, йæ размæ цыдæриддæр бахауд, уыдон. Уыцы æрдзон бæллæхы фесæфтысты 120 адæймаджы. Се ‘хсæн – нæ республикæйы Парламенты, Конституцион тæрхондоны, Æвзарæн къамисы центры минæвæрттæ, бæхты театр «Нарт»-ы артисттæ, актер-режиссер Сергей Бодров æмæ йæ киноисæг къорд. Уыдон Ирыстонмæ æрцыдысты киноныв «Связной»-йы скъуыддзæгтæ исынмæ. Цъитийы зæй æнæхъæнæй ныххафта хъæу Уæллаг Хъæрмæдон. Джызæлы, лами зæй кæй онг æрхæццæ, уым та трагедийы амæттæгтæн æвæрд æрцыд цыртдзæвæн.
Дадтеты Тамилæ














