Ирыстон сбæрæг кодта нæ цытджын æмæ номдзыд поэт Къостайы райгуырды 165 азы. Уæвгæ, нырма бæрæгбоны мадзæлттæ нæма фесты, æнæхъæн мæй дæр нæ республикæйы цæудзысты алыхуызон тематикон æмæ сфæлдыстадон изæртæ. Фæлæ мæ ныхас ууыл нæу, хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ нæ хистæртæй бирæтæ телефонтæй редакцимæ æрба-дзырдтой æмæ мæсты кодтой, бæрæгбон, дам, Нары цæй тыххæй нæ ацыд, зæгъгæ, ууыл.
Фарон Æппæтуæрæсеон конкурс «Фадатджын горæтаг алфамбылай» саразыны проекты «Историон хъæу»-ы номинацийы Нар фыццаг бынат райста. Хъæу хæрзвадаты уавæрмæ рацаразыны тыххæй йæ арæзтадон куыстытæн æхца дихгонд æрцыд 64 милуан сомы. Уый у егъау проект. Къахвæндæгтæ, рухсытæ, беседкæтæ, фæхсбандæттæй уæлдай ма дзы фæзындзæн информацион центр, аренæ æмæ 300 бынатимæ трибунæ. Сæ спектакльтæ æмæ музыкалон уацмыстæ ацы ран Нармæ æрцæуæг адæмæн æвдисдзысты бæхты театр «Нартæ»-йы артисттæ. Къостайы хæдзар-музеймæ та Лиадоны сæрты арæзт æрцæудзæн нырыккон уавæртæм гæсгæ ауындзгæ хид, зæронд хид цæуынæн нал бæззы, ранæй-рæтты йæ фæйнæджытæ ныссастысты, æмæ тасдзинад æвзæрын кæны адæмæн. Абоны онг дзы куыстытæ æххæстгонд сты 40 проценты. Подрядон организацийы аххосæй рацарæзт афойнадыл нæ фæци, уымæн та уыдис бæлвырд аххосæгтæ, кæм æрдзы митæ, кæм та арæзтадон æрмæг афоныл нæ бахæццæ, æмæ поэты бæрæгбон йæ райгуырæн хъæуы уый тыххæй нæ ацыд.
Арæзтадон æрмæгæй нæй æрлæууæн Поты фæзы, алы сантиметр дæр къæхтытæ у, æмæ дзы калд ис арæзтадон æрмæг. Дидинæгдæтты алыварс къахвæндæгтæ сæхгæдтой дурæй, æмæ сæ уындæй зæрдæ райы.
Нар рагæй дæр уазджытæ æмæ нæхи республикæйы адæмы йæхимæ æлвасы æнæуынгæ тыхæй. Ацы ран, цыма адæймаг ивгъуыд заманты фесты, афтæ фæкæсы йæхимæ. Фæлæ рæстæджы цыдимæ хъæуы уынд æмæ уавæртæ фыддæрæй-фыддæр кодтой. Къостайы райгуырæн бон алы аз дæр ардæм алы рæттæй бирæ адæм æрцæуы, суанг фæсарæнтæй дæр, æмæ худинаг уыд ахæм æнæзылд фæзмæ уазджыты хонын. Хъæр, дам, мæрдтæм дæр хъуысы, хæххон рагон нывтæ æмæ ног рацарæзт афтæ сиу уыдзысты, æмæ Нары ног хуызæй, Къостайы зæрдæ дæр йе ‘цæг дунейы райдзæнис. Поэты фыдыуæзæг уый аккаг у.
Саутæты Тамилæ














