Сæ артдзæст æрмынæг кæнын нæ бауагътой

0
254

Таутиаты Хъазыбег Заманхъулы хъæубæс-ты нымаддæр лæгтæй иу уыдис. Хъазыбег цы циндзинады нæ уыдаид, уый фидаугæ дæр нæ кодта, цы йæ дзыхы ныхасæй, цы – йæ кафтæй. Йæ лæппуйы кары куы бацыд, уæд йæ цард баиу кодта йæхи хуызæн хæдæфсарм, æгъдауджын чызг Хъуысаты Госæнагъуæимæ. Дыууадæс азы фæцардысты «а» æмæ «о»-йæ, се ’хсæн зул дзыхы ныхас никуы рауад, фæлæ сын Мады-Майрæм кæстæры амонд нæ радта.

Иу бон изæрæй æхсæвæр хæрыныл куы ’рбадтысты, уæд Хъазыбегмæ йæ цардæмбал дзуры:

– Нæ лæг, лæмбынæг ма мæм æрбайхъус. Махæн æнæ бындар цæрæн нал ис æмæ исты æрхъуыды кæнæм.

– Ома, куыд, не ’фсин?

– Куыд, куы зæгъай, уæд бинонты хъуыддаг бакæнæм!

Хъазыбег иуцасдæр сагъдауæй аззад æмæ ма сфæрæзта:

– Ау, дыууадæс азы фæцардыстæм, не ‘хсæн тызмæг ныхас дæр никæд уыдис, уæд, ныр цытæ дзурыс?

– Нæ лæг, æз ардыгæй цæуинаг никуыдæм дæн. Нæ дæ суæлдай кæндзынæн, фæлæ ам хъæуы авдæн.

Хъазыбег ма цы загътаид… Адæмы æххуысæй сæ хæдзармæ æркуывта Бабуца. Госæнагъуæимæ кæрæдзийы бауарзтой. Афæдзмæ сæ кæртæй райхъуыст авдæны къупп-къупп. Райгуырд сын фырыхъулы хуызæн лæппу. Ном ыл сæвæрдтой Жрапп. Госæнагъуæ Бабуцайæн бамбарын кодта, сывæллоны мæ бар уадз, ды æддейы куыстытæ кæн, зæгъгæ.

Иу ныхасæй, Хъазыбег æмæ Госæнагъуæйы хæдзары иу азæй иннæ азмæ фылдæрæй-фылдæр кæнын райдыдтой кæстæртæ: æртæ лæппуйы æмæ фондз чызджы. Цы ма уа уымæй амондджындæр хабар! Бинонтæ амондджын уæд вæййынц, уарзгæ куы фæкæнынц. Амонд æмæ уарзтæй байдзаг сæ фæрныг къона. Бауырнæд уæ, зынаргъ газет «Рæстдзинад»-ы кæсджытæ, уыцы аст сывæллоны Госæнагъуæйы хуыдтой мамæ, сæ ныййарæг мады та – Бабуца. Ныртæккæйы рæстæг нæлгоймаг йæхимæ куы фæзилы, уæд йæ бинойнаг йæхи сцæгъды, кæмæ та дæхи рæвдз кæныс, зæгъгæ, фæлæ куырыхон Госæнагъуæйы фæрцы Хъазыбеджы артдзæст рæсугъд тæмæнтæ калы.

Цард иухуызон нæу, кæм лæгъз вæййы, кæм – гуыргъахъхъ. Афтæ ра-уадис сæ дарддæры цард. Хистæр лæппу Жрапп, саджы фисынтыл амад спортсменæн, йæ царды æмбисыл йæ домбай зæрдæ          ныллæууыд   (рухсаг уæд).
Кæстæр, Зауырбег, Заманхъулы астæуккаг скъолайы дæс къласы куы фæцис, уæд бацыдис Хъæууон- хæдзарадон институтмæ, уырдыгæй та – паддзахадон ансамбль «Алан»-мæ. Хъыгагæн, æрыгонæй аскъуыд йæ цард (рухсаг уæд). Цард цæуы, иу ран лæууæн ын нæй. Сæ ныййарджытæ дæр кæрæ-дзийы фæстæ ацыдысты се ’цæг дунемæ. Дзæнæт – сæ бынат.

Мæ ныхасы сæйрагдæр у Таутиаты Хъазыбеджы хистæр чызг Минтæйы тыххæй. Минтæ гыццыл зынтæ нæ федта, цы – йæ ныййарджытæ, цы та – йæ æртæ æфсымæры уæззау хабæрттæ, фæлæ йын Хуыцау ратта куырыхон зонд æмæ барондзинад.

Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон  университеты филологон факультеты ирон æвзаг æмæ литературæйы  хайад каст фæцис иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ. Бирæ азты фæкуыста ахуыргæнæгæй. Йæ зонындзинæдты руаджы йын дунейы рухс федтой  дыууæ чиныджы: «Зæрдæйы тæгтæй» æмæ «Арыхъ-Заманхъул».

Хъазыбегæн кæд йæ æртæ фырты Жрапп, Рамазан æмæ Зауырбег æгас нал сты (рухс дзæнæты бадæнт), уæддæр йæ фондз чызджы сæрбæрзондæй хæссынц сæ куырыхон ныййарæджы кад. Цы зиан, цы циндзинады нæ вæййынц, ахæм зын ссарæн у. Уæдæ сæ фыды сконд артдзæст æрхуыссын кæнын нæ, фæлæ ма йæ ногæй рæсугъддæр тæмæнтæ скалын кодтой, сæ фыды кæрт стъалыйау æрттивы. Цард уын бантысæд, Хъазыбеджы «бæлæттæ».

 

ХЪУЫДАККАТЫ Хъасболат

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here