Алагиры районы алы азты цы æвирхъау фыдракæндтæ æрцыд, уыдон уголовон агуырды кусджытæ куыд æргом кодтой, уый тыххæй бирæ дæнцæгтæ æрхæссæн ис. Уыдон ацы ран рæсугъд ныхасы тыххæй нæ кусынц, фæлæ иузæрдион сты сæ ардбахæрдыл.
Уæрæсейы мидхъуыддæгты министрады Алагиры районы хайады ветеранты советы сæрдар Бицъоты Къостайы фырт Олег уголовон агуырды фæкуыста 7 азы. Милицæйы кусын уыд йæ зæрдæйы фæндон. Йе ’мгæрттæ бæллыдысты, чи космонавт суæвынмæ, чи та – инженер, Олег та – милиционер суæвынмæ (ныр пъæлицæ), цæмæй кад æмæ радæй службæ кæна йæ Фыдыбæстæ æмæ йæ адæмæн.
Йæхæдæг куыд зæгъы йæ мысинæгты, уымæ гæсгæ, мидхъуыддæгты оргæнтæм кусынмæ куы ‘рбацыд, уæд æй бафæндыд оперативон кусæг уæвын. Куыд зонæм, афтæмæй «опер» у мидхъуыддæгты кадджындæр дæсныйæдтæй иу у. Уым куысты бынат ссарын дæр æнцон хъуыддаг нæ уыд. Уымæ гæсгæ уал фыццаг æрыгон лæппу кусын райдыдта Алагиры районы Мызуры поселочы хайады пъæлицæйагæй. Бакуыста дзы цыппар азы. Йæ службæйы рæстæг йæхи равдыста бæрнонæй, бæлвырдæй разындысты йæ хорз миниуджытæ, æмæ йæ уæд 1988 азы Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады хицау Челдыты Витали йæхæдæг æрбахуыдта уголовон агуырды хайадмæ. Бицъойы-фыртæн йæ бæллиц сæххæст.
Йæ службæйы рæстæг æнцон нæ рауад Олегæн. Уæрæсейы 90-æм азты егъау реформæтæ æнæхъæн бæстæйæн дæр бæллæх фестадысты,
фыдракæндтæн кæрон дæр нал уыд, цæрджыты нымæц зынгæ фæкъаддæр, царды уавæртæ дæр фæныллæгдæр сты, фæлæ уæддæр йæ куыст нæ
ныууагъта.
Йæ мысинæгтæм гæсгæ, уыцы рæстæг уголовон агуырды куыстой æрмæст цыппар адæймаджы: Цомайты Ибрагим, Бекмæрзты Ким, Али Самбиев æмæ нæ уацхъуыды хъайтар – Бицъоты Олег. Уæд хицауад бамбæрстой, уыцы чысыл тыхтæ фыдракæндтимæ тохы фаг кæй не сты, уый æмæ ма сæм бафтыдтой иу адæймаг. Сæ фарсмæ æрбалæууыд Фæрниаты Эльбрус.
Олег куыд зæгъы, уымæ гæсгæ сæ цыфæнды зын уавæрты дæр ирвæзын кодта, æмкусджыты ’хсæн цы æфсымæрдзинад уыд, уый. Ома, алчидæр сæ цæттæ уыд зын сахат æххуысмæ æрбацæуынмæ йе ’мбæлттæм.
Куыд æппæт Уæрæсейы, афтæ Алагиры районы дæр уыцы рæстæг йæ тæмæны уыд «рекет». Æппæт фыдракæндты фылдæр хай дæр уыдоны аххосæй æрцыдысты. Адæм уыдыс-ты тарст, фылдæр хатт нæ уæндыдысты милицæмæ фæхабар кæнын дæр. Уый фæдыл милицæйы кусджыты бахъуыд ахъазза-джы куыст бакæнын, цæмæй сæм адæм фæстæмæ се ’ууæнк раздахой. Уымæ гæсгæ ма уголовон агуырды кусджыты нымæцыл ноджыдæр дыууæ адæймаджы бафтыд. Александр Вязников ныр – Уæрæсейы мидхъуыддæгты министрады æхсæнадон советы уæнг Алагиры районы æмæ Хъæцмæзты Аслæнбег. Фæстæдæр ма сыл бафтыд Тедеты Алан æмæ Елойты Батрадз æмæ сын уæд зынгæ фенцондæр сæ куысты.
Абон нæ хъайтарæн йæ фæстæ ис йæ бирæ азты службæ милицæйы, стæй та – пъæлицæйы. Арæх зæрдиагæй æрымысы, Алагиры районы уынгты фыдракæндтимæ тохы уæхски-уæхск кæимæ фæкуыста, уыдоны.
Гæззаты Зæринæ,
Мидхъуыддæгты
министрады
Алагиры районы
хайады инспектор














