Преми – хуыздæртæн

0
197

Цытджын поэт, номдзыд Къостайы райгуырды 165 азы кадæн знон РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло Къостайы номыл   премитæй схорзæхджын кодта, нæ республикæйы аивады къабазы фæстаг дыууæ азы дæргъы æнтыстдзинæдтæ йæ къухы кæмæн бафтыдысты, уыцы адæймæгты. Ракодта сын зæрдиаг арфæтæ, радзырдта, Къоста нын куыд ахсджиаг у абон дæр, уый тыххæй.

– Преми лæвæрд цæуы сфæлдыстадон адæймæгтæн. Къостайы номыл преми нын уæлдай кадджындæр у. Сæрыстырдзинады хос у махæн поэт. Къоста у нæ истори, абон дæр нын нæ фæндаг рухс чи кæны, ахæм уæларвон стъалы. Æмæ кæд бирæ азтæ рацыд, уæддæр йе сфæлдыстады алы уацмысы дæр нырыккон дуджы хабæрттæ фенæн ис. Йæ цардвæндаг та нывæзт уыд хæрам тыхты «æндæхтæй», – загъта Сергей Меняйло.

Нæ республикæйы Сæргълæууæг дзырдта, æрæджы Мæскуыйы Федерацийы Советы Ирыстоны бонтæ куыд ацыдысты, уый тыххæй, фæнысан ма кодта, Цæгат Ирыстоны аивад æмæ культурæимæ цы объекттæ баст сты, уыдонæй иуæй-иутæ 2025-2026 азты бындурон цалцæг кæй цæудзысты.

Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми лæвæрд æрцыд нывкæнынады аивады  темæ «Ирон нартиадæ»-йы циклы къорд куыстыты тыххæй Цæгат Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг Джыккайты Муратæн.

Хетæгкаты Къостайы номыл  сæрмагонд премитæ райстой: Цæгат Ирыстоны адæмон поэт, Уæрæсейы Фысджыты цæдис æмæ УФ-йы Журналистты цæдисы уæнг, нæ республикæйы культурæйы сгуыхт кусæг Гуырдзыбеты Иринæ; национ уæлæдарæсы сфæлдыстадон æрмадзы директор, Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг Годжыцаты Изольдæ; Мамсыраты Дæбейы номыл сывæллæтты библиотекæйы хайады сæргълæууæг  Хъоцыты-Æгайты Кларæ; национ балет «Фатимæ»-йы авторон коллектив (музыкæ ныффыста Плиты Жаннæ, дирижер-æвæрæг Æлбегаты Георги, хореограф Суанты Валери æмæ костюмты нывгæнæг Найфонты Давид).

 

Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here