Знон ацыд министрадтæ æмæ ведомствæты радон æмбырд. Сæрдариуæг дзы кодта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис.
Æмбырды архайджытæ æркастысты, республикæйы социалон-экономикон райрæзтæн ахъаз чи уыдзæн, ахæм вазыгджын фарстатæм.
Фыццаг уыд кадрты фарста. РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министры хæдивæгæй 2027 азмæ снысан кодтой Андрей Швецовы. Нæ республикæйы æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министры хæдивæгæй кусдзæнис Хъамæрзаты Зауыр.
РЦИ-Аланийы бюджет æмæ хъалонты политикæ 2025 æмæ фидæны 2026 æмæ 2027 азтæм куыд арæзт цæуы, закъоны проекттæ æмæ 2024 азы фараст мæймæ
республикæйы бюджет куыд æххæстгонд æрцыд, ууыл бæстон раныхас кодта РЦИ-Аланийы финансты министры фыццаг хæдивæг Оксанæ Карова.
– Кæд нæ бæстæйы зын экономикон æмæ политикон уавæр сæвзæрд, уæддæр нæ бон бацис хъалонты æрвылазон нывыл куыст бахъахъхъæнын. Уый нын фадат радта æнæ-къуылымпыйæ афойнадыл фыццаградон хæрдзтæ æмæ нæ социалон хæстæ æххæст кæнынæн. Фыцца-джыдæр, – республикæйы экономикæйы райрæзт, национ проекттæ царды рауадзын, бынæттон администрациты инфраструктурæйы райрæзт мацæмæй
бакъуылымпы кæнын, – загъта Оксанæ Карова.
Куыд бафиппайдта, афтæмæй нæ регионы æфтиæгтæ рауадысты ацы азы 9 мæймæ 37 миллиард сомæй фылдæр. Ныртæккæ кæронмæ хæццæ кæны нæ республикæйы сæйрагдæр финансон документы проектыл куыст хæстæгдæр æртæ азмæ.
РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ фехъусын кодта, бирæсывæллонджын æмæ фæкæсинаг бинонты сывæллæттæн скъолаты æмæ æндæр ахуыргæнæндæтты лæвар хæрд кæй уыдзæн. Ахæм ивддзинæдтæ Хицауады уынаффæмæ бахæсдзысты.
Нæ республикæйы хъæу-уон хæдзарады министр Къусраты Алан куыд загъта, афтæмæй, хæрзмыггаг картоф æмæ халсарты гибридты куыст чи кæны, уыдонæн сæ хæрдзты иу хай субсидиты хуызы бафидынæн фæтк сфидар кæнынæн ивддзинæдтæ бахæсдзысты Хицауады уынаффæмæ.
Бирæфадатджын центртæ æмæ паддзахадон порталы райсæн уыдзæн «Бирæсывæллонджын бинонтæ»-йы тыххæй æвдисæндар, – уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы фæллой æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Маматы Анджелæ.
Нæ республикæйы автомобилон фæндæгтæ æмæ хидты арæзтадæн, цалцæггæнæн куыстытæн цы хæрдзтæ хъæудзæн, уый тыххæй ацы æмæ хæстæгдæр дыууæ азы РЦИ-Аланийы бюджетмæ ивддзинæдтæ хаст æрцæудзæн, – ацы фарс-тайыл раныхас кодта нæ республикæйы Фæндæгты хæдзарады комитеты раза-монæг Солиты Тариэль.
Æмбырды ма ныхас кодтой æндæр ахсджиаг фарстатыл.
Хатдзæгтæ кæнгæйæ, Дзанайты Барис загъта, рæгъмæ кæй рахастой бирæ ахсджиаг фарстатæ. Сæйрагдæр – республикæйы бюджет.
– Дарддæр дæр нæ хæрдзты фылдæр хай баст уыдзæн социалон фарстатимæ.
2025 азы æнхъæлмæ кæсæм 40 милиард сомы бæрц æфтиæгтæм. Фыццаградон уыдзысты нæ бæстæйы Президенты уынаффæтæ, национ проекттæ æмæ, паддзахадон программæты фæлгæты республикæмæ федералон фæрæзтæ цæмæй фылдæр цæуа, ууыл кусын.
Нæ республикæйы алцыдæр арæзт цæуы цæрджыты удæнцойдзинадæн, – загъта Дзанайы-фырт.
Гугкаты Жаннæ