Ацы аз сентябрæй скъолаты ахуыр кæнынц, амæй размæ
ахуырадон программæйы цы предметтæ нæ уыд, уыдон – «Æдас-дзинады бындур æмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнын», стæй «Фæллой (технологи)». Ахуыры азы фыццаг хай кæронмæ æрхæццæ, скъоладзаутæн у улæфты рæстæг æмæ районы хатдзæгтæ скæнынæн ис фадат. Уыдæттыл, стæй сæ куысты æндæр ахсджиаг фарстатыл ныхас цыд, абон районы методикон иугонды цы æмбырд ацыд, уый архай-джытæн.
Мæздæджы Ахуырады управлени æмæ методикон иугонд сæрды мæйты бацархайдтой районы 29 скъолайы ног предметты уроктæ нывыл уагыл æрвитынмæ бацæттæ кæныныл. Ахуыргæнджытæ ацыдыс-ты сæрмагонд ахуыртæ, сæ куыст ахадгæдæр цæмæй уа, уый тыххæй бацыдысты районы методикон иугонды скондмæ, систы йæ уæнгтæ. Иугонды раза-монæг Анатолий Дементьев цæст дары, дзуапп кæй архайдыл дæтты, уыдоны куыстмæ. Абон иугонды уæнгтæ ‘мбырды æркæсдзысты уавæрмæ, районы скъолаты предметтæ дæттыны хъуыддаджы цыбыр рæстæгмæ сæ къухы цы бафтыд, уымæ, стæй бакусинаг фарстатæм.
– Æдасдзинады бындур æмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæныны урокты ахуыргæнджытæ сты раздæры æфсæддонтæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ Мид-хъуыддæгты министрады кусджытæ, стæй, уый размæ цардыуаджы æдас-дзинады бындуры ахуыргæнджытæй ахуыртæ чи ацыд, уыдон. Дæнцæгæн æрхæсдзынæн раздæры æфсæддон Николай Медведовскийы, уый ацы дисциплинæ дæтты Троицкийы астæуккаг скъолайы, 108-ы – Гæбуты Вячеслав. Районы 1-æм æмæ 3-æм скъолаты дæр сывæллæттæн уроктæ дæттынц раздæры пъæлицæ-йæгтæ, – зæгъы Анатолий.
Мидхъуыддæгты министрадимæ сарæзтой методикон иугонд. Æстæм къласæй скъоладзаутæ ахуыр кæнын райдайынц æфсæддон хъуыддаг, тактикон медицинæ, БПЛА. Мæздæджы æртыккæгæм, 108-æм скъолаты кълæстæ æмæ кванториум ифтонг сты æнæмæнг хъæугæ кусæнгæрзтæй. Иу ныхасæй, программæ районы скъолаты æххæстгонд цæуы. Афтæ кæй у, уымæн æвдисæн – Хæххон аграрон университетимæ æмгуыс-тады фарстатæ бæрзонд æмвæзадыл кæй сты, уый дæр.
– Профессион ахуырады хъæууон хæдзарады къабазы фæлгæты Черноярскийы станицæйы, Калининский æмæ Садовæйы поселочы астæуккаг скъолаты байгом кодтой аграрон кълæстæ. Хæххон аграрон университетимæ бастдзинæдтæ ныфс дæттынц, ныры скъоладзаутæй бирæтæ се ‘ргом хъæууон хæдзарадмæ кæй аздахдзысты ахуыры фæстæ, – зæгъы районы управленийы хицауы хæдивæг Наталья Байкалова.
Уæвгæ та, æнæмæнг хъæугæ предметтæ
ахуырдзаутæн сты «Куыстад æмæ технологитæ», «Æрмæджыты æмæ хойраджы продуктты куыстад», «Компьютерон графикæ. Черчени», «Робототехникæ» æмæ иннæтæ. Скъоладзаутæн фадат ис, «Автоматизацигонд хызтæ», «Фосдарынад» кæнæ «Зæххы куыст»-ы уроктæй иу равзарынæн. Цард куыд равдыста, афтæмæй, нырыккон ахуырады цы ног бирæ гæнæнтæ фæзынд, уыдон ныры фæлтæры минæвæрттæн фадат дæттынц сæ ахуырад бæрзонд æмвæзадмæ сисын æмæ авналæнтæй уæрæх пайда кæнынæн.
ХУЫБИАТЫ Ларисæ
къамтæ систа ДЕМЕНТЬЕВ Анатолий