Ирыстоны алы бинонтæн дæр хион æмæ уарзон… уыди
Нæ уарзон иу æмæ фидар Иры Цæгат æмæ Хуссарыл айхъуыст зæрдæриссæн хабар… Йæ цардæй ахицæн телеуынынады зындгонд диктор, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы адæмон артист, Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист, сфæлдыстадон изæртæ, равдыстытæ æмæ концертты дæсны амонæг Дудиаты Валодя. Уый уыд, Иры иузæрдион хъæбул кæмæй фæзæгъынц, ахæм уæздан æмæ зæрдæхæлар хистæр. Йæ цард иузæрдион æмæ æххæстæй снывонд кодта йæ уарзон Иры дзыллæйæн лæггад кæнынæн. Фæндзай азæй фылдæр уыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы информацион æмæ тематикон равдыстыты амонæг. Ирыс-
тоны алы бинонтæн дæр уыд хион æмæ уарзон адæймаг. Æнусы æмбисæй фылдæр экраны æрвхуыз ирд цæстæй алы бон дæр нæ алы фæлтæрмæ дзырдта хъæбулау, æфсымæрау: «Уæ изæр хорз, зынаргъ æмбæлттæ. Кусы Цæгат Ирыстоны телевизион студи!» Нæ фæллад йæ ацы арфæйаг æмæ бæрнон хæсæй. Нæ зыдта æнцой, нæ кодта йæхи царды буцдæры мæт. Фæлæ, куыд фæзæгъынц, уыд цин æмæ фарны фидиуæг Иры дзыллæйы зæрдæрухсы бонты нæ дзыллæйæн хистæрæй-кæстæрмæ, нæ хъыджы бон та – сагъæсгæнæг, йæ уаз фæлмæн æмæ æнкъарæнджын хъæлæсæй зыдта ныфс æмæ зæрдæрухсы ныхас зæгъын. Уый йæ хæстæ йæ адæмы раз, куыд хистæр, куыд ирон лæг, куыд амонæг, зыдта бæлвырдæй æмæ сæ æххæст кодта йæ царды фæстаг бонтæм. Йе ‘мкусджыты хистæр æмæ кæстæр кары диктортæй, амонджытæ, журналисттæ æмæ редактортæй, техникон кусджытæй афтæ никуы ничи загътаид æмæ зæгъдзæн, Валодя мæ бафхæрдта, кæнæ искæй хъыджы бацыд. Се ‘ппæтæн дæр уыд æфсымæр, хъæбулау зынаргъ, хистæрау – цæстуарзон æмæ зæрдæхæлар æххуысгæнæг.
Ирон телеуынынады цæсгом – уыцы кадджын номæй дзырдтам Валодямæ не ‘ппæт дæр. Йæ профессион æмæ царды архайды номыл къæм абадын никуы бауагъта. Йæ зонд, курдиатæй, йæ профессион цæттæдзинадæй Валодяйæн, куыд амонæг, афтæ æмбал нæ уыд. Зыдта æмæ уарзта йæ куыст, аудыдта æмæ хъахъхъæдта ирон æмæ уырыссаг литературон æвзаджы домæнтæ æмæ сæ аивдзинад æмæ сыл раст æмæ рæсугъд дзурыны фæндагыл арæзта не ‘ппæты дæр. Йæ уыцы æнæнцой зæрдæ æмæ зонды уаджы рухсæй хайджын фесты дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджытæ, телеуынынад æмæ радиойы уацхæсджытæ, журналисттæ æмæ амонджытæ се ‘ппæт дæр.
Ирыстоны уарзон æмæ иузæрдион хъæбул, дæсны амонæг æмæ диктор Дудиаты Валодя не ‘хсæнæй фæхъуыд, фæлæ йæ ном æмæ, йæ дзыллæйæн цы стыр æмæ арфæйаг кæстæриуæг бакодта, уыдон мысинаг æмæ хорз дæнцæгæн хæссинаг уыдзысты ирон дзырд, телеуынынад æмæ радиойæн лæггадгæнæг фæлтæртæн…. Рухсы бад, нæхи Валодя… Дзæнæт – дæ хай… Æгас Ирыстон дæ буц æмæ бузныг сты….
Газет «Рæстдзинад»-ы коллектив












