РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛОЙÆН фембæлд уыд бархионты батальон «Алания»-йы службæгæнджытимæ. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн республикæйы разамонæг саккаг кодта паддзахадон хæрзиуджытæ.
Сергей Меняйло бархионтæн зæрдиаг арфæ ракодта, патриотизмы хъомысæй кæй фæхайджын сты æмæ Фыдыбæстæйыл æнувыддзинад кæй æвдисынц, уый тыххæй.
– Тагъд æртæ азы сæххæст уыдзæн бархионты къорд «Алания»-йы сарæзтыл. Батальоны службæ кæнынц, сæрмагонд æфсæддон операцийы райдайæны Фыдыбæстæйы сæраппонд тохы чи балæууыд, уыцы нæртон гуырдтæ. Царды цавæрфæнды хабæрттæ куы æрцæуа, уæддæр сымах мæнæн уыдзыстут æфсымæртæ. Сымахæй алкæмæйдæр дæн сæрбæрзонд, – загъта Цæгат Ирыстоны разамонæг.
Сергей Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, республикæ дарддæр дæр æппæтвæрсыг æххуыс кæндзæн сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн.
Уый фæстæ фембæлды архайджытæ хорзæхджынгонд æрцыдысты паддзахадон хæрзиуджытæй. Афтæ, Уæрæсейы Президенты Указæй Лæгдзинады орден лæвæрд æрцыд Дзигойты Алыксандр æмæ Дудайты Ренатæн.
Майдан «Ирыстоны намысæн» райстой Баситы Алан, Болататы Владислав, Икъоты Юри, Арсен Шепиев, Гасситы Максим, Остъаты Руслан æмæ Ибрагим Аболов.
Уыимæ, батальоны уæнгты стыр къордæн саккаг кодтой майдан «Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг».
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ














