Коксаки: низыхатт æмæ йæ не ‘руадзыны мадзæлттæ

0
46

Дзыллон информацийы фæрæзтæ адæмы сагъæсы бафтыдтой, фæзынд та ног низ, буар дзы рафады, зæгъгæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй дзы амæй размæ дæр рынчын кодтой. Фæлæ ныр рынчынты нымæц кæй сбирæ, уый адæмы тасы ‘фтауы. Цавæр низы хъæд у коксаки æмæ дзы хи куыд бахизæн ис, уыимæ газеткæсджыты базонгæ кæндзæн сывæллæтты дохтыр ТОМАЙТЫ Фатимæ:

– Ацы вирус у, ахсæн æмæ тъæнгты низтæ чи расайы, уыцы микробуаргъæдты бинонтæй – энтеровирусты къордæй. Уæлдай арæхдæр дзы рынчын кæнынц 3-10-аздзыд сывæллæттæ (рæвдауæндæттæ æмæ скъолайы), къаддæр – сæ хистæртæ. Арæхдæр æмбæлы Турчы, сæрды æмæ фæззæджы мæйты, бирæ адæм кæм ис, уыцы бынæтты. Ныридæгæн фæзынд Уæрæсейы дæр. Хæцгæ низ парахат кæны уæлдæфы, æнæхсад къухтæй, иумæйаг дзаумæттæй пайда кæнгæйæ. Низы æвдисæнтæ сты ахæм: тæвд схизы 39-40 градусы онг, хъуыр риссы, буар рафады, арæхдæр – комы къултæ æмæ дзыхы алыварс, къухтæ, армы тъæпæнтæ æмæ фадтæ (ступни).

Ахсджиаг у низ афоныл рабæрæг кæнын æмæ йæ сдзæбæх кæнын. Рынчын сывæллон хъуамæ нуаза бирæ дон, фылдæр фынæй кæна, архайын хъæуы, цæмæй йæ тæвд ма схиза. Уыцы домæнтæ афоныл арæзт куы цæуой, уæд низ ахæссы 8-10 боны. Йæ не ‘руадзынæн хос нæй, уымæ гæсгæ, архайын хъæуы иннæты дзы бахизыныл. Уыцы мадзæлттæ сты: хистæртæн цæст дарын, сывæллæттæ сæ къухтæ арæхдæр цæмæй æхсой уазæгдоны фæстæ æмæ хæрды размæ, фæсхъазт, стæй æхсæнадон бынæттæй рацæугæйæ; гæнæн-амалæй къаддæр цæуой, бирæ адæм кæм ис, уыцы рæттæм; дыргътæ æмæ халсартæ æнæхсадæй ма хæрой, нæ сæ æмбæлы лыгтæй дæр æлхæнын; ма цæут бассейнтæм æмæ архайут, цæмæй уæ буары ныхмæлæуддзинад низтæм йæ гаччы уа. Уый тыххæй та маст ма кæнут, хъарм дарæсы цæут, цас æмбæлы, уый бæрц фынæй кæнут.

Коксакийы вирусы ныхмæ цæргæбонты иммунитет не ‘взæры, уый та ууыл дзурæг у, æмæ дзы цалдæр хатты дæр ис фæрынчын уæвæн. Уымæ гæсгæ, уæ зæрдæ фехсайдта, уæд маскæтæ дарут, арæхдæр рудзгуытæй сыгъдæг уæлдæф уадзут рынчыны уатмæ, сывæллонмæ зилут æрмæст йæхи дзаумæттæ æмæ хъазæнтæй пайда кæнгæйæ. Амынддзинæдтæ ‘ххæст кæнут, науæд низ куы стыхджын уа, уæд уæззаудæр низтæ (конъюнктивит, герпесон ангиомæ, зæрдæ, игæр, рæуджыты плеврæ, менингит) гæнæн ис, æмæ расайа. Уæ зæрдæ коксакийы вирусæй расайæг низмæ фехсайдта, уæд ма фæзивæг кæнут сабийы, кæнæ бинонтæй чи фæрынчын, уый дохтырæн фенын кæнынмæ.

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here