Уæнгрогæй цæуы равзæрст фæндагыл…

0
57

Медицинон институт каст фæуыны фæстæ уыцы азты рауагъдонты бæстæйы алы рæттæм æрвыстой кусынмæ, æмæ Созайты Ларисæ йе ‘мбæстæгтæй нудæсимæ ацыдысты Калугæйы облæстмæ. Акушерствæ æмæ гинекологийы клиникон ординатурæйы цы зонындзинæдтæ райста, уыдонимæ æрыгон дохтыр ацы горæты 1-æм арæндоны райдыдта йæ фыццаг уæндон къах-
дзæфтæ. Ныр не ‘мзæххон кусы Уæрæсейы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады уæрæсейаг медицинон академийы фæсдипломон ахуырады, фæлæ йæ дæсныфыццаг къахдзæфтæ кæм æмæ кæимæ акодта, уый абон дæр йæ зæрдыл дары.

– Хæххон аграрон институтæй немæ ацыд лæппуты къорд, æмæ куы ныххæццæ стæм, уæд нæ районтæм арвыстой. Нæ лæппу-фæсивæд иууылдæр разамонджыты бынæтты куыстой. Кæрæдзимæ цæст дардтам, бахъуаджы сахат кæрæдзийæн æххуыс кодтам, ныфс нæ уыд, цыбыр ныхасæй. Бирæ рæттæй дзы уыд рауагъдонтæ, фæлæ мах, Ирыстоны Медицинон институтæй рацæуæг æрыгон дохтырты, цæмæдæр гæсгæ иннæты ‘хсæн хицæн кодтой, цæмæн, уый не ‘мбæрстон. Æрмæст интернатурæйы фæстæ фондзæй фæлварæнты иттæг хорз бæрæггæнæнтæ куы райстам, уыдонæй æртæйæ уыдыстæм Ирыстонæй, уæд нæм бахъардта, цæмæн афтæ уыд, уый. Бафарстой нæ, цы ахуыргæнæндон, дам, фестут каст, æмæ сын куы загътам, Цæгат Ирыстоны Медицинон институт, уæд бадис кодтой, уый та, дам, кæм ис. Куы сын æй загътам, уæд тынгдæр ныддис кодтой, ардæм цæмæн æрцыдыстут, Архангельск уæм хæстæгдæр куы у, зæгъгæ. Уыдонæй афтæ, Цæгат Ирыстон цæгатаг республикæ у. Тынг нæ банымадтой, стæй нæ уадзгæ дæр нæ кодтой сæхицæй. Хорз фæлтæрддзинад райстон ам, фæлæ мæ зæрдæ дарддæр ахуыр кæнынмæ æхсайдта. Афтæ рауад, æмæ ординатурæйы фæстæ баззадтæн кафедрæйы кусгæйæ, йæ клиникон базæ та уыд Боткины рынчындон – тыхджын клиникæйы, – мысы ивгъуыд бонты цард Ларисæ.

Æмæ куыд нæ, æрыгон дохтыры наукон разамонæг уыд Лидия Бакулева – академик Александр Бакулевы ‘фсымæры чызг, кæцы чысыл нæ сарæзта ирыстойнаг акушерствæ æмæ гинекологийы райрæзтæн. Кафедрæйы сæргълæууæг уыд медицинон наукæты доктор, профессор, Уæрæсейы медицинон наукæты академийы академик. Созайон йæ наукон куыст «Коррекция дисбиоза у женщин» æнтыстджынæй бахъахъхъæдта æмæ сси медицинон наукæты кандидат.

Бузныг у ныры дæсны дохтыр йæ уарзон Медицинон институтæй, ныры академийæ. Йе ‘мкурсонтæй бирæтæ систы æнæниздзинад хъахъхъæнынады стъалытæ, уыдонимæ – Цъæхилты Светланæ – медицинон наукæты доктор, профессор. Кусы Мæскуыйы æртыккæгæм медицинон институты, Хестанты Артур æмæ иннæтæ – се ‘ппæт дæр цæмæ тырныдтой, уый сæ къухы бафтыд, уымæн æмæ нысанмæ тырныдтой, зыдтой, царды сæ цы хъæуы, уый. Абоны онг сæ хæлардзинад нæ фесæфт.

Чи зоны, куыд рауадаид дигорайаг чызджы хъысмæт, йæ бæллицыл комдзог куы рацыдаид, уæд. Цæвиттон, дохтыр суæвыны фæнд æм æрцыд, фарæстæм къласы ма куы ахуыр кодта, уæд. Йæ къухы бафтыд немыцаг фыссæг Эрих Мария Ремаркы роман «Триумфальная арка», куы йæ бакаст, уæд фидарæй сфæнд кодта хорз дохтыр суæвын æмæ скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны Медицинон институты дзæбæхгæнæн факультетмæ.

Ларисæйы хæдзарвæндаджы се ‘ппæт дæр скъолайы, уæлдæр ахуыргæнæндæтты ахуыргæнджытæ уыдысты, æмæ йын йæ дохтыр суæвыны фæнд куы бамбæрстой, уæд ныллæууыдысты, ды дæр хъуамæ нæ фæндагыл ацæуай, зæгъгæ. Чызг йæхи фæндыл ныллæууыд, ныййарджытæн уыцы хъуыддаг сæ зæрдæмæ нæ фæцыд, нæ йæ ‘мбæрстой, сæ чызг фыды коммæ цæуылнæ бакаст, уый. Æмæ, цалынмæ йæ фыд Габыцмæ Мæскуыйæ Ирыстонмæ сыздæхæг рынчын адæм дзæбæхгондæй бузны-
джы ныхæстимæ цæуын нæ райдыдтой, дæ чызг диссаджы дохтыр у, зæгъгæ, уалынмæ сæ зæрдæтæ не ‘рфæлмæн сты.

Уæд бахъардта уарзæгой мад æмæ фыдмæ, сæ чызг царды йæ бынат кæй ссардта. Ныййарæджы стырдæр лæвар – хъæбулы ‘нтыст! Хайджын дзы уыдысты Созайты хистæртæ, æмæ куыд нæ, ахæм чызг схъомыл кодтой! Æмæ кæд æппæтæн дæр бындур йæ ныййарджытæ сæвæрдтой, уæддæр, уарди дидинæгау, уæлдæр медицинон ахуыргæнæндоны райхæлд адæмæн æххуыс кæныны курдиат, ам ауагъ-
той арф уидæгтæ йæ тырнындзинад фылдæр зонындзинæдтæ райсынмæ, ныфсджын æмæ цардхъом уæвынмæ. Йæ райгуырæн зæхмæ йæм цы æгæрон уарзондзинад ис, уый тæваг ахъардта йæ фырты дадзинты. Дыгуронау дзуры иттæг хорз, зоны æгъдæуттæ, æвзаг æмæ фыссынад, кæд Мæскуыйы райгуырд æмæ схъомыл, уæддæр. Йæ цардæмбал Игорь дæр кæд Душанбейы арвыста йæ сабибонтæ, уæддæр туг хæссы, зæгъгæ, дзæгъæлы нæ фæзæгъынц. Йæ бинонтæ артисттæ æмæ спортсментæ уыдысты: Икъаты Серафин – йæ фыдыхо, йæ мад – рог атлетикæйæ тренер, йæхæдæг – уæгъдибар хъæбысхæст æмæ рог атлетикæйæ тренер.

«Мæ фыдыхо куыд фæдзуры, хорз чызг, дам, йæ хъæуккагмæ ‘рцæуы, тынг хорз чызг та – йæ сыхæгтæм. Уæдæ æз тынг хорз чызг дæн! Царды мидис – адæймаг, куыд адæймаг æмæ гражданин йæ бынат куы ссары царды, Райгуырæн бæстæ йын куы вæййы, уæд ма цавæр стырдæр амондмæ ис бæллæн?».. – зæгъы Созайты Ларисæ, Мæскуыйы Боткины номыл бирæкъабазджын наукон-клиникон центры Акушерствæ æмæ гинекологийы кафедрæйы доцент.

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here