Фиппаинæгтæ – федералон бюджеты проектмæ

0
85

Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы сæрдар Дмитрий Медведевы разамындæй цы æмбырд сарæзтæуыд, уый архайджытæ æрдзырдтой 2025 аз æмæ 2026-2027 азты пъланон æмгъуыдмæ федералон бюджеты проектыл. Партийы минæвæрттæ бюджеты проектмæ цы фиппаинæгтæ æмæ фæндæттæ бахастой, уыдон баст сты агропромышленнон комплексы, наукæйы, спорт æмæ иннæ къабæзты дарддæры райрæзтæн ахъазгæнæг статьятæ фæхъомысджындæр кæнынимæ.

Æмбырды райдайæны Дмитрий Медведев куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй «Иугонд Уæрæсе» æмæ Хицауады уæнгтæ иу хъуыдымæ æрцыдысты хæстæгдæр æртæ азы бюджеты сæйрагдæр уагæвæрдты фæдыл. «Куыд баныхас кодтам, афтæмæй бюджеты проекты фаг фæрæзтæ æвæрд æрцæудзæн Президенты Ныстуан æмæ партийы адæмон программæйы уагæвæрдтæ æххæст кæнынæн. Зæгъæм, сæрмагонд фæрæзтæ бюджеты нысангонд æрцæудзæн скъолатæ, рæвдауæндæттæ, æндæр социалон объектты арæзтад æмæ цалцæгæн, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады модернизацийæн, ахсджиаг социалон фарстатæ лыг кæнынæн», – бафиппайдта партийы сæрдар.

Уыимæ, æмбырды архайджыты хъуыдымæ гæсгæ, баххæстгæнинаг сты бюджеты иуæй-иу статьятæ. Афтæ, партийы минæвæрттæ фæндон бахастой, цæмæй бюджеты фылдæр фæрæзтæ нысангонд æрцæуа агропромышленнон комплексы райрæзтæн ахъазгæнæг субсидитæн. Иннæмæй, фылдæр æргом (æмæ финансон фæрæзтæ дæр) домынц регионты райрæзты сæрмагонд програмæтæ дæр. Кæнæ бирæсывæллонджын бинонты, ацæргæ æмæ сахъат адæмы, стæй æххуысхъуаг адæмы иннæ къорды царды уавæртæ дæр домынц уæлдай лæмбынæг цæстдард.

Ацы æмæ иннæ фарстаты фæдыл «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæртты фæндæттæ бюджеты проекты дыккаг бакастмæ хыгъд æрцæудзысты. Уымæй зæрдæ бавæрдта финансты министр Антон Силуанов.

«Иугонд Уæрæсе»-йы Генералон советы нымæрдары хæстæ рæстæгмæ æхæстгæнæг Владимир Якушев, æмбырдæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, куыд загъта, афтæмæй федералон бюджеты проектмæ партийы минæвæртты æппæт фиппаинæгтæ æмæ фæндæттæ бабæстон кæндзысты æмæ бадæтдзысты Паддзахадон Думæйы профилон комитеттæм.

 

Калманты Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here