Цымытийы царди сидзæр лæппу – Талханаты Дзагго. Кæмæн фыййау цыдис, кæмæн – хъæддзау, афтæмæй æрвыста йæ бонтæ. Уалынмæ фæуæлахиз советон хицаудзинад, æмæ лæппуйæн йæ цард йæ гаччы сбадт: раттой йын зæххы хай, хосгæрст, уæдæ йæм æхцайæ дæр фæкастысты, цæмæй фос æмæ кусæнгарз балхæдтаид, уый тыххæй.
Гъа, гъеныр цæрын байдайа, зæгъгæ, афтæ йыл йæ сыхаг хъæздыг лæг Æгкацаты Малсæг æрдау кодта, Дзагго мын ме ’ртæ фысы адавта, зæгъгæ. Хъæуыхицау Гаппойы– фырт та йыл йæ бæхты сæфт баххуырста. Фæсидтысты лæппумæ къæнцылармæ.
Дзагго загъта:
– Æз ницы кодтон, ма мыл даутæ кæнут. Сидзæр дæн, æмæ мæ мæ мæгуырыл уадзут.
Фæлæ йæ уæддæр хъæуыхицау æрцахсын кодта, æмæ йын ссуд кодтой æртæ азы.
Иухатт куы уыд, уæд ахст адæмы кусынмæ ракодтой Джызæлы бынмæ. Дзагго уырдыгæй алыгъд.
Хабар кæмттыл куы айхъуыст, уæд Малсæджы бын дон бацыд, йæ маст мæ исдзæн, зæгъгæ, æмæ милицæимæ йæ размæ бабадт. Куыддæр лигъдон Тæгæрдоны былмæ бахæццæ, афтæ йæ Малсæг къутæрты аууонæй рагæрах кодта æмæ йын йæ цонг фæцæф кодта. Дзагго уæддæр ахсын нæ бакуымдта. Иуцасдæр фембæхст Хъæриуы хохрæбын (Дурджыны). Уым йæхи дзæбæх кодта алыхуызон хосы кæрдæджытæй. Куы фæсæрæндæр ис, уæд та æрцыдис Цымытимæ æмæ йæ фыдæлты мæсыджы бамбæхст.
Мæсыгæй хорз зындис Æгкацаты Малсæджы кæрт. Дзаггойы тæссæй Малсæг æдзухдæр кусгæ-кусын йæ разы дардта сывæллæтты, кæд мæ не ’рбахсид. уыдонæн тæригъæд кæнгæйæ, зæгъгæ…
Иу хатт Малсæг йæ кæрты дур хуынкъ кодта бырауæй. Сывæллæттæй куы фæцух, уæд æй Дзагго æрбахста æмæ йын йæ уæцъæф ныппырх кодта. Дыккаг æхстæн та йын йæ игæр кæрдихтæ фæкодта.
Уый фæстæ Дзагго сырдтимæ бацард æмæ сырды митæ кæнын байдыдта. Адæм æм сных сты. Милицæ йæ фæдыл зилын байдыдтой æхсæвæй-бонæй.
Иу хатт куы уыд, уæд та Дзагго æрцыд Къадатмæ, йæ мадырвадæлтæм. Бамбæхст мæсыджы. Милицæмæ фæхабар чындæуыд, æмæ йæ æхсын байдыдтой. Уæд Дзагго, Къадатæн йæ галиуварс цы лæгæтын фидар ис, уырдæм аивта йæ дарæн. Уырдæм та фæндаг кæуылты цыд, уый Хъулатæ æмæ сæ хæрæфыртты йеддæмæ ничи зыдта. Милицæ æрхатыдтой Хъулатæм:
– Раттут уæ хæрæфырты, ницы йын кæндзыстæм.
– Хорз, кæд Хуыцауæй ард хæрут, уæд, – загъта Таучелон æмæ йæ кæлмæрзæн фидары бын аппæрста, Дзагго, рахиз, зæгъгæ.
Уæд Дзагго дзуры Таучелонмæ:
– Дæ хатыр сын уæд, дзыцца, æндæр сын æз, лæг цы у, уый фенын кæнин, мæн æнæазымæй мæ цæрæнбынатæй чи фæхауын кодта, уыдонæн.
Стæй ма уæд йæ ныхасыл бафтыдта:
– Æцæг афтæ, кæд м’ ахсджытæ сæхи хъæбатыр хонынц, уæд сæ ардæм исчи рацæуæд. Ам баныхас кæндзыстæм. Æцæг… Æнæ гæрзтæй. Аппарæд сæ нæууыл.
Милицæйы хицæуттæ – Тотийы-фырт, Гутны-фырт, Джыгкайы-фырт – кæрæдзимæ бакастысты.
– Хорз… Фæуæд афтæ дæр, – дзуапп ратта æппынфæстаг Джыгкайы-фырт æмæ йæ рон æд маузер зæхмæ аппæрста. Дзагго асинбæндæн æруагъта, æмæ уазæг ууыл схылд лæгæтмæ.
Бирæ фæныхас кодтой, стæй уæд кæрæдзийы фæдыл æрхызтысты фидарæй. Джыгкайы-фырт йæ дзырд сæххæст кодта: Дзаггойы аластой горæтмæ æнæ иу тызмæг ныхасæй. Уым ын ногæй ссуд кодтой æмæ йæ этапæй Сыбырмæ ахастой. Куы
суæгъд, уæд йæ райгуырæн хъæумæ нал сыздæхт. Ус ракуырдта æмæ Сыбыры баззад цæргæйæ.
Мæнгæй нæ акæнынц:
– Сидзæры азар судзаг у. Ницы сойтæ смарзтой Дзаггойы тæригъæдæй Малсæджы байзæддæгтæ дæр, стæй йе ’мдзæхдонтæ дæр. Иу сæ адæмы рæгъы нæ рацыд.
ЦÆГÆРАТЫ
Созырыхъо














