Рæсугъд фæд ныууагътой

0
314

Уæрæсейы мидхъуыддæгты министрады Æрыдоны районы хайадæн йæ бæстыхайы къулыл ис мемориалон фæйнæг. Кæддæриддæр йæ цуры ног дидинджытæ æвæрд вæййы. Адæм арæх æрлæууынц йæ цуры, ныккæсынц æрыгон лæппуйы уæздан цæстæнгасмæ. Йæ райгуырдæй йæ амæлæтмæ æрмæст 33 азы кæмæн рацыд, уый цæуыл хъуыды кодта, цæмæ тырныдта, цы уыд йе стырдæр бæллиц?..

Рæстæг  цæуы, хуызистæй лæппу-йыл та азты фæд нæ зыны, рæстæ-джы бон ыл нал цæуы. Кæсы æмæ нæ цыма афтæ фæрсы: «Ды та цы сарæзтай а зæххыл хорзæй?» Ис ын ахæм бар, уымæн æмæ йæхæдæг рæсугъд фæд ныууагъта царды.

Хистæр лейтенант Цехъоты Исламы фырт Аланæн хæрз цыбыр рауад йæ цардвæндаг. Цардæй фæхъуыдис, йæ службæйы хæс æххæстгæнгæйæ, йæ тæккæ хъаруйы уæвгæйæ бынтон æнæнхъæлæджы.

Уыцы сæрдыгон æхсæв, 1997 азы 15 августы, Рахизфарсы районы, Цæлыччы хъæумæ бацæуæнтæ хъахъхъæдтой пъæлицæйы кусджытæ Цехъоты Алан, Æрыдоны мид-хъуыддæгты хайады хистæр лейтенант æмæ Алыккаты Юри, Цæлыччы поселочы мидхъуыддæгты хайады сержант. Сæ бæрны цы бæстыхай бакодтой, ууыл æрзилын фæнд скодтой. Æхсæв бонæй куы хицæн кодта, уæд хъæугæронмæ æрбахъуызыдысты сыхаг республикæйæ экстремисттæ фынддæсæй. Иунæг Хуыцау – сæ зонæг, цавæр цъаммар фæндтимæ цыдысты уыдон фынæй хъæубæстæмæ гæрзифтонгæй. Фæлæ ам сæ размæ, æндон мæсгуытау, æрлæууыдысты пъæлицæйы кусджытæ. Бацайдагъ сын карз тох. Æхстой дыууæрдыгæй дæр. Аланы æмхæстон æмбал Алыккаты Юрийы бæргæ фæндыд уæззау тохы иу хай йæхимæ райсын, фæлæ знаджы фыццаг нæмыг сæмбæлд йæ риуыл. Юрик куы æрхауд, уæд нартыхъæуккаг сæрæн лæппу иунæгæй æрлæууыд балбирæгъты ныхмæ. Фæцæф, йæ къæхтыл нал лæууыд, афтæмæй йæ фазыл абырыд фæсвæд ранмæ æмæ уырдыгæй æхста фыдгæнджыты. Æхста сæ йæ фæстаг нæмыг, йæ фæстаг сулæфты онг. Мæйдар æхсæв зыбыты иунæгæй Цехъойы-фырт бахъахъхъæдта иу лæджы кад нæ, фæлæ æгас Иры дзыллæйы кад, афтæмæй Цæлыччы хъæубæсты сæдæгай ныййарджыты зæрдæтæ фæриссын нæ бауагъта.

Тæхуды, йæ сæрмæ æгаддзинад чи нæ хæссы, йæ адæмы йæхи удæй фылдæр чи уарзы, ахæм лæппутæ цы стыр хæзна сты ирон зæххыл. Тæхуды, уыдон мæлгæ куы нæ кæниккой…

Уыцы æхсæв Цæлыччы быдыры дыууæ ирон лæппуйы равдыстой стыр лæгдзинад. Сæ риуæй бахъахъхъæдтой бирæ адæм, æмæ сæ лæгдзинад нæ кæстæртæн у царды скъола. Фыдгæнджытæ лидзгæ-лидзын сæ фæс-тæ цы бирæ алыхуызон хæцæнгарз
ныууагътой, уый фаг уыдаид æнæ-хъæн хъæу ныццæгъдынæн. Цавæр стыр бæллæхтæ æрцыдаид, уыцы хæстмондаг адæм хъæумæ куы бахызтаиккой, ууыл алчидæр ахъуыды кæнæд.

Цехъоты Алан райгуырд æмæ схъомыл Нартыхъæуы. Куыстыл – æнувыд, æмгæрттыл – иузæрдион, ахæмæй йæ зыдтой иууылдæр. Цы уынджы цард, цы уынгты-иу рацыд уæзданæй, уый хæссы Цехъоты Аланы ном.

Дыууæ лæппуйæн сæ лæгдзинады фæдыл сæ мæлæты фæстæ Уæрæсейы Президенты уынаффæйæ Мæскуыйæ Ирыстонмæ ссыдысты стыр кадджын хæрзиуджытæ – Хъæбатырдзинады ордентæ. Сæ ном цæргæ-цæрæнбонты сæ зæрдыл дардзысты Цæлыччы цæрджытæ хистæрæй-кæстæрæй,  уымæн æмæ сын знагимæ тохы сæ риуæй сæ сабыр цард бахъахъхъæдтой. Сæ мысынæн сæ уынгтæн радтой Алан æмæ Юричы нæмттæ. Æнустæм сæ ном цæрдзæн кады зарæджы дæр. Хъæбатыртæн нæй мæлæт.

 

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here