Усгуры æгъдау

0
277

Раздæр уыд дыууæ ирæды: сæрмæ ирæд æмæ сауты ирæд. Сæрмæ ирæдæн-иу лæвæрдтой исты хорз дзаума, кæнæ фос (бæх, гал, топп, аг, хуым æмæ æндæртæ).

Ирæд уыд 18 хъуджы, алы хъуг дæр нымад цыд 5 соммæ (æдæппæт 90 с.). Сау ирæд та-иу ын хæстæджытæ фыстой – æхцайæ иу 50-60 сомы бæрц.Ирæдыл дзургæйæ-иу истой мады бæх, мадырвады бæх. Чызгæн-иу дзаума балхæнын уыд йæ бинонты хæс. Чызгæрвыст-иу ацыди, дыууæ хæстæджы куыд баныхас кодтаиккой, уымæ гæсгæ. Уыдис-иу афтæ дæр, æмæ-иу бафидыдтой авдæнмæ. Хъæздыг хъавыд хъæздыгмæ, мæгуыр дæр хъавыд хъæздыгмæ, æмæ-иу бирæ мæгуыр чызджытæ, лæппутæ æнæ мой, æнæ усæй баззадысты. Чындзхæссæг-иу цыдысты æртæ лæгæй æмæ лæппу йæхæдæг (сиахс), къухылхæцæг, æмдзуарджын æмæ хистæр уазæг. Кæд ма сын-иу уыд кæстæр уазæг, уæд æй хуыдтой «хъæмпхор». Уæды рæстæг чырыны бæсты чызгæн лæвæрдтой нымæт, тухгæ та-иу æй кодта кæстæр уазæг. Нымæты-иу тыхт цыдысты æппæт дзаумæттæ дæр.

Чындз-иу æнæ рæхысыл ныххæцгæйæ рацыд дзуары бынмæ (аргъуанмæ) æмæ-иу ардыгæй ацыд йæ лæджы хæдзармæ. Ам-иу æрæмбырд сты хъæуы адæм, æмæ-иу цин кодтой чындзæрхастыл. Дамбацайы гæрæхтæй, топпы хъæрæй-иу ницыуал хъуыс-
ти. Чындзы-иу рæхысы алыварс æртæ зылды æркæнын кодтой, стæй-иу æй ахуыдтой хицæн бынатмæ. Дыккаг æхсæв-иу сарæзтой чындзæхсæв. Адæмæй, хæстæджытæй, йæ бон кæмæн куыд уыд, афтæ сын ахъаз кодтой.

Ацы дыууæ боны-иу сиахс уыд къухылхæцæджы хæдзары. Ам ыл æмбырдтæ кодтой, арфæтæ, чындзæхсæвмæ-иу æй æрбакодтой. Чындзы-иу уый фæстæ ахуыдтой Мады-Майрæмыл фæдзæхсынмæ, æмæ-иу уырдыгæй йемæ æрбахаста доны ведра. Иу къуырийы бæрц хæдзармæ нæ цыд, уый фæстæ йын-иу скодтой æргомгæнæггаг æмæ-иу æй сыхы устыты раз æрбахуыдтой хæдзармæ.

Мыггагæй æрмæст дзырдта йе ’мгар чызджытæм, чындзытæм, сывæллæттæм æмæ, кæд ацы хъæуы йæ хæстæджытæй исчи цард, уæд уыдонмæ. Стæй-иу æй исчи йæхимæ дзурын куы кодтаид, уæд-иу ын балæвар кодтаид, йæ бон цы уыд, уый.

Майрæмы бæрæгбоны та-иу æй дзуарыл бафæдзæхстой, æмæ уæдæй фæстæмæ цардис æргомæй. Æрмæст йæ лæджы мыггаджы хистæртæм æппындæр нæ дзырдта æмæ сæ рæзты нæ цыд цæрæнбонты дæр.

 

Быгъуылты Егоры ныхæстæй йæ
ныффыста Цæллагты Михал 1932 азы.
ЦИГСИИ-йы архив, ф. 23 оп. 1, д. 15.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here