РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисæн Мæскуыйы уыд кусæг фембæлд Доны фæрæзты федералон агентады разамонæг Дмитрий Кирилловимæ. Ныхас дзы цыд Цæгат Ирыстоны доны объекттæ сыгъдæг кæнын æмæ цæугæдæтты былгæрæттæ фидар кæныны куыстытыл.
Премьер-министр куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй республикæйы ахсджиагдæр хæстæй иу у, Уæрæсейы Президент нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлоимæ фембæлды фæстæ цы фæдзæхстытæ скодта, уыдоны фæлгæты Дзуарыхъæу, Суадаг æмæ Ногхъæуы цæугæдæтты былгæрæттæ фидаргæнæн амаддзæгтæ саразын.
Уымæй рахизгæйæ, фидаргæнæн амаддзæгтæ саразын хъæуы Дзæуджыхъæуы Терчы доны галиу фарс Доны станцæйæ Красногвардейскийы хиды онг. Уыцы фарстатæм лæмбынæг æркастысты Цæгат Ирыстон-Аланийы бонты Мæскуыйы Федерацийы Советы æмæ сæ бахастой Федерацийы Советы хатдзæгты уынаффæмæ.
Федералон агентадмæ ма барвыстой фæдзæхст Бехъаны цады ауазæны бындурон цалцæджы тыххæй.
Ацы аз æхца уагъд æрцыд горæт Беслæн бахъахъхъæныны тыххæй Терчы доны амаддзæгты бындурон цалцæгæн. Дарддæр цæугæдæттæ Урсдон æмæ Фыййагдоны донвæдтæ ныссыгъдæг кæнынæн Хъарман-Сындзыхъæу æмæ Нартыхъæуы, стæй Бехъаны цады былгæрæттæ фидаргæнæн амаддзæгты цалцæджы куыстытæ райдайынæн.
– Республикæйы Хицауады размæ цы хæстæ лæууы, уыдоны ахсджиагдæртæй иу у доны объектты æдасдзинад æмæ адæмы донивылдтытæй бахъахъхъæнын. Мах Доны фæрæзты федералон агентадимæ иудадзыг æмгуыст кæнæм нæ проекттæ царды рауадзыны тыххæй. Нæ иумæйаг архайды руаджы фæстаг рæстæг республикæйы сыгъдæггонд æрцыдысты Мæздæггаг æмæ Бехъаны цадтæ, ныртæккæ Урсдон æмæ Фыййагдоны донвæдтæ ссыгъдæг кæныныл дæр куыст цæуы Хъарман-Сындзыхъæу æмæ Нартыхъæуы, бындуронæй цалцæг кæнынц Терчы доны былгæрæттæ фидаргæнæн амаддзæгтæ Беслæны горæт ивылдтытæй бахъахъхъæныны тыххæй. Мах нæ зæрдæ дарæм дарддæры æнгом æмгуыстадыл нæ иннæ ахъаззаг объекттæ банывыл кæныны хъуыддаджы дæр, – фембæлды кæронбæттæны йæ ныхас балхынцъ кодта Дзанайты Барис.
ГАПБАТЫ Алетæ














