Кæсæг-балхъайраг газетты бæрæгбон: æфсымæр æфсымæрæй ныфсджын у

0
96

Фæстаг азты æнæнхъæлæджы уавæртæ (зæгъæм, коронавирусы пандеми) æмæ æндæр тыхстдзинæдтæ фадат нæ радтой республикон газет «Кабардино-Балкарская правда»-йы юбилей (йæ фыццаг номыр рацыд 1921 азы) сбæрæг кæнынæн. Уæдмæ æрбахæццæ сты иннæ дыууæ сæйраг республикон газет «Адыгэ псалъэ» æмæ «Заман»-ы 100 азы бæрæгбæттæ дæр. Уыцы æууæл хынцгæйæ, республикæйы Хицауады æмвæзадыл хаст æрцыд уынаффæ æртæ газетæн иумæйаг бæрæгбон саразыны тыххæй.

Æмæ ныр (юбилейон мадзæлттæ куы ахицæн сты) зæгъæн ис, бæрæгбон мидисджын æмæ зæрдæмæдзæугæ кæй рауад, уый. 7 ноябры Налцыкмæ, Паддзахадон концертон залмæ цы бирæ адæм æрбамбырд, уыдон æвдисæн уыдысты цымыдисаг фембæлдæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, бæрæгбон (уæлдайдæр та – кавказаг адæмтæм) уазæгæй фидауы. Афтæ уыд ацы хатт дæр. Юбилейон мадзæлттæм саккаг кодтой Адыгейы, Хъæрæсе-Черкесийы, Цæгат Ирыстон æмæ æндæр регионты минæвæрттæ.

Æмбырд райдыдта цыбыр видеокинонывæй. Уым бæлвырд æвдыст æрцыдысты æртæ газеты сæдæазон историйы сæйрагдæр цаутæ. Уыцы азты дæргъы редакцион коллективты уæнгтæ куыд хъазуатонæй куыстой, Фыдыбæстæйæн куыд лæггад кодтой, æппæт уыцы хабæрттæ.

Уый фæстæ ныхасы бар лæвæрд æрцыд Кæсæг-Балхъары Сæргълæууæг Казбек Коковæн. «Нæ республикæйы историйы æппæт къæпхæнтыл дæр газетты редакциты кусджытæ афойнадыл æмæ бæстонæй æвдыстой æрвылбоны царды ахсджиагдæр цаутæ, иудадзыгдæр архайдтой æхсæнады æнгомдзинад æмæ иудзинадыл. Абон дæр бæрнон хæстæ æвæрд ис дзыллон информацийы фæрæзты кусджытыл. Ныфс мæ ис, нæ абоны юбиляртæ – «Кабардино-Балкарская правда», «Адыгэ псалъэ» æмæ «Заман» дарддæр дæр бæрзонд профессион æмвæзадыл кæй æвдисдзысты республикæ æмæ æппæт Уæрæсейы цард, тыхстаг æмæ зæрдæрухсгæнæн хабæрттæм алкæддæр къæрцхъус кæй уыдзысты, уымæй», – йæ арфæйы ныхасы загъта Казбек Коков.

Республикæйы разамонæг зæрдæ бавæрдта, хæстæгдæр рæстæг бæлвырд куыст кæй цæудзæн дзыллон информацийы фæрæзты инфраструктурæйы модернизацийыл, редакциты архайд нырыккон информацион-коммуникацион технологиты бындурыл рацаразыныл. Уымæй уæлдай, дарддæр дæр журналистты профессион дæсныдзинад æмæ царды ирддæр фæзындтытæм къæрцхъусдзинадæн аргъгонд цæудзæн премитæ æмæ æндæр зæрдæлхæнæнтæй.

Редакциты фæлтæрдджындæр æмæ арæхстджындæр кусджыты къордæн Казбек Коков саккаг кодта кадджын нæмттæ æмæ æндæр республикон хæрзиуджытæ.

Дарддæр æмбырды раныхас кодтой иннæ кадджын уазджытæ дæр – Кæсæг-Балхъары Парламенты, æндæр республикон организацитæ æмæ иугæндты минæвæрттæ, сыхаг регионты делегациты уæнгтæ.

Цæгат Ирыстоны Мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты хъуыддæгты фæдыл комитеты Арфæйы фыстæг юбиляртæм фæхæццæ кодта газет «Рæстдзинад»-ы сæрмагонд рауагъдты редактор Сланты Аслан. Æмбырды архайджытæн, салам зæгъгæйæ, Сланы-фырт бакаст фыстæг.

«Газеттæ «Кабардино-Балкарская правда», «Адыгэ псалъэ» æмæ «Заман»-æн сæ сæдæ азы сæхи баисты. Рæстæджы бæрцбарæнтæм гæсгæ уый хуымæтæг нымæц нæу. Истори сымах уæхæдæг фыссут, ирдæй æвдисут, республикæйы адæм æмæ æппæт уæрæсейæгты царды цы ахсджиаг ивддзинæдтæ цæуы, уый. Сымах фæрцы газеткæсджытæм афойнадыл хæццæ кæны ахсджиаг информаци, адæм базонынц зынгæ цауты тыххæй, дзуаппытæ райсынц сæ фарстытæн.

Уыцы ахсджиаг куысты уын мæ зæрдæ зæгъы фæрныг архайд, ног сфæлдыстадон æнтыстдзинæдтæ, æгæрон хъомыс æмæ уæ кæсджыты иудадзыгон æууæнк!» – загъд ис, РЦИ-Аланийы Мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Габалты Мæдинæ цы арфæйы ныхас бафыста, уым.

Арфæйы фыстæгæй уæлдай, юбиляртæ райстой Цæгат Ирыстоны Мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты хъуыддæгты фæдыл комитет æмæ республикон адæмон газет «Рæстдзинад»-ы лæвæрттæ дæр…

Бæрæгбон адарддæр иннæ уазджытæ æмæ фысымты арфæтæй. Раныхæстæй уæлдай, æмбырд сæ дæсныдзинадæй саив кодтой республикæйы сфæлдыстадон коллективтæ æмæ хицæн артисттæ.

Кæронбæттæны сценæмæ рахызтысты юбилярты сæйраг редактортæ: «Кабардино-Балкарская правда»-йы – Ранетæ Бжахова, «Адыгэ псалъэ»-йы – Заурбек Жилясов æмæ «Заман»-ы – Хасан Конаков. Уыдон фембæлды æппæт архайджытæн дæр зæрдиаг бузныг загътой, газетты иумæйаг бæрæгбонмæ кæй саккаг кодтой, уый тыххæй. Арфæйы сæрмагонд ныхæстæ сæмбæлдысты республикæйы разамындыл – дзыллон информацийы фæрæзтыл иудадзыгдæр кæй аудынц, стæй сыхаг регионтæй уазджытыл – бæрæгбон кæй барухс æмæ фæахадгæдæр кодтой, уый тыххæй.

Фæстæдæр фысымтæ æмæ уазджытæн уыд иумæйаг цæлхæмбырд. «Тымбыл стъолы» архайджытæ æрдзырдтой дзыллон информацийы фæрæзты абоны цард æмæ сæйрагдæр лыггæнинаг фарстатыл, сæ дарддæры райрæзтыл. Ныхасы рæстæг сæрмагонд æргом аздæхтæуыд мыхуырон фæрæзты уавæрмæ. Фембæлды архайджытæ баныхас кодтой, тыхстаг фарстатыл иумæйаг хъарутæй кæй кусдзысты, ууыл. Уыимæ, фæндон хаст æрцыд, цæмæй Цæгат Кавказы регионты дзыллон информацийы фæрæзты æмгуыстад фæахадгæдæр кæнынæн арæзт æрцæуа уæлæмхасæн мадзæлттæ.

 

Салхъазанты
Светланæ, къам систа
ЕЛХЪАНТЫ Артур

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here