Ацы аз 4 августы хуыцаубоны уыдис Беслæны Уастырджийы куывды бæрæгбон, табу йæхицæн. Сидынц газет «Рахизфарсы цард»-ы 3 августы, курынц, домынц куывддзаутæй: «Ирон бæгæныйæ фæстæмæ, карз нозт мачи æрбахæссæд. Нæхи бахъахъхъæнæм æнæгъдау митæ æмæ æнæуаг ныхæстæй». Тынг раст! Ацы ныхæсты фæстæ сын зæгъын стыр бузныг. Дыккагæй. Ма, дам, хæссут кувæндонмæ æлхæнгæ уæливыхтæ, уыдон, дам, бæрæгбоны номыл конд не сты, фæлæ æхцайæ æлхæд сты. Æртыккаг. Уе ‘фсæйнаг æхцатæ – мысайнæгтæ кæнут донæй хæрзæхсад.
Ныр æркæсæм лыстæг ацы ныхæстæм, мæнæ дæлдæр кæй фыссын, уыдон кæд искæмæ раст нæ кæсынц, уæд йæ хъуыды зæгъæд газеты фарсыл бындуронæй, кæм рæдийын, уый. Зæгъæм, хæдзары дæ къæбæргæнæг рынчынæй хуыссы, йæ бон нæу сыстын, æртæ чъирийы чи скæна, уый нæй, уæд куыд? Кæмæ бадзура, йæ сыхагмæ, йæ зонгæмæ, кæйдæр бинойнагмæ? О, дæ къæбæргæнæг – дæ хæдзары. Ссад балхæн хыссæйæн, цыхт, иннæ ахæм – æртæ фæрсчы, цæмæй сæ байсæрдай, уый балхæн. Цæмæ сæ æлхæныс? Кæм ис дæ хъуг, дæ цыхт, дæ гал? Кæм сты фадæттæ?
Дарддæр. Иу адæймаг иннæйы амардта, йе ’хцатæ йын систа. Равдисынмæ дæр чи нæ бæззы, уыцы æфсæйнаг æхцатæ цæхсадта мысайнагæн. Уыдон цасфæнды куы фехсай, уæддæр никуы ссыгъдæг уыдзысты.
Цæмæй дæ мысайнаг сыгъдæг уа, уый тыххæй уал æппæты фыццаг дæхи уд ссыгъдæг кæн нæ раттæг, не скæнæг Хуыцау æмæ йе сконд зæдты цур, æмæ уæд дæ уды сыгъдæгæй дæ мысайнаг дæр уыдзæн сыгъдæг, æхсын та йæ нæ хъæуы. Дæ
куывд та хъуысдзæн Хуыцау æмæ зæдтæм, табу сæхицæн!
О, кувæндон хæрæндон нæу, кувæндон бахæрд, бануазыныл нæу, фæлæ бакув, бафæдзæхс дæ кæстæртæ, бинонтæ, рынчынтæ, бæлццæттæ æмæ дæ фæдонты. Стыр хатыр ракур, дæ зонгуытыл лæугæйæ. Кувæндоны бæласы бын, кæм фæкувы кувæг хистæр лæг, уыцы ран æргом ныхасæй ард бахæр. Æргом зæгъ æмæ кувæггаг бæгæныйæ ацаход.
Цæмæн кæнæм тъыссæнтæ, æвæрæнтæ, æхцайы чырæтæ, сыгъзæринтæ, цы дзы фендзынæ, цы дзы бахæрдзынæ? Фæлтау дзы иу мæгуыр адæймагæн баххуыс кæн, йæ цард ын фæрогдæр кæн, йæ зæрдæ йын барухс кæн.
Фыдæй-фыртмæ Ирыстон куывта сыгъдæг зæрдæйæ Дунескæнæг Стыр Иунæг Хуыцаумæ, йе сконд зæдтæм, дуæгтæм. Ахæм хъæу нæ уыдис Ирыстоны, æмæ къусбар куывд ма скæной Елиа-Уациллайы номæн. Ныр та йæ чидæртæ зонгæ дæр нал кæны. Елиа-Уацилла у иу зæд. Дыгургомы – Елиа, Ирыстоны – Уацилла. Елиа-Уацилла, табу йæхицæн, зæххы донæй чи ‘фсады, нæ хортæ, нæ халсартæ, æнæкæрон цъæх-цъæхид фосхизæн сæрвæттæ.
Æмбæхсинаг нæу, абон кæй нал кувæм, кæй нал табу кæнæм сыгъдæг ирон задæй конд ирон бæгæныйæ, сыгъдæг зæрдæйæ. Йæ боны та чидæртæ æрбацæуынц бахæрон, бануазон, мæхи бафсадоны охыл.
Мæнæ уæхæдæг уынут, цы рæстæг скодта, уый. Дуне – змæст, быдыртæ басыгъдысты, бæлæстæ хус кæнынц. Æрдз сæфы. Æз зонын, ныртæккæ цы рæстæг у, уый. Фæлæ Хуыцауæй хистæр ничи ис. Ирыстоны райдайын хъæуы Елиа-Уациллайы номæн куывдтæ кæнын. Æмæ йæ фендзыстут уæхи цæстæй, рæстæг куыд ивдзæн, уый (къусбар куывд).
МÆРЗАТЫ Таймураз,
Беслæны кадджын гражданин














