Хæрзиуджытæ – Черкесскæй

0
31

Хъæрæсе-Черкесы Республикæйы сæйраг горæт Черкесскы каратэйæ цыдысты дунеон къласы спорты мастер Кокайты Асланы номарæн Æппæтуæрæсеон ерыстæ. Турниры архайдтой Уæрæсейы 14 регионы 570 спортсмены.

Ирыстоны каратисттæн ахæм стыр ерысты бантыст 22 хæрзиуæджы рамбулын. Уыдонæй иуæндæс сты сыгъзæрин, æртæ æвзист, аст та – бронзæ майдантæ.

Æмткæй райсгæйæ, командæты ’хсæн ирыстойнæгтæ бацахстой фыццаг бынат. Уæлдай æнтыстджындæр рауад нæ чызджыты архайд. Уыдон дыууæ хуызы ерыс кæнгæйæ, рамбылдтой фараст сыгъзæрин, æртæ æвзист æмæ æхсæз бронзæ майданы.

Сыгъзæрин майдантæй хорзæхджын систы: Борæдзаты Камилæ, Виктория Бубликова, Гаджиты Снежанæ, Маргаритæ Карепова, Калоты Кирæ, Челдыты Еленæ, Мысыкаты Зæлинæ, Хъалæгаты Эрикæ æмæ Софья Суходолова.

Дыккаг бынæттæ бацахстой æмæ æвзист хæрзиуджытæй хорзæхджын систы Гаджиты Дианæ, Наниты Маринæ æмæ Сихъоты Виктория, бронзæ майдантæ та рамбылдтой: Мамытты Валерия, Гуцъаты Ланæ, Зæгæлаты Алинæ, Наниты Маринæ, Цъæритты Аланæ, Хъæрджынты Мария.

Нæлгоймæгты ерысты фыццаг бынæттæ æмæ сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой – Томайты Давид æмæ Темыраты Константин, бронзæ майдантæй та хорзæхджын систы – Виталий Мирошниченко æмæ Томайты Руслан.

Нæ каратистты бацæттæгæнæг тренертæ сты: Хъараты Марат, Томайты Альберт, Михаил Маловичко, Датиты Аслан, Сокаты Руслан æмæ Хъоцлаты Алан.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here