Адæмон хосгæнæг

0
264

Æрæджы газет «Рæстдзинад»-ы бакастæн Гугкаты Жаннæйы уацхъуыд «Æххуыс кæнынмæ зивæг нæ хъæуы». Жаннæ дзуры адæмон хосгæнæг, Хъæдгæроны цæрæг Гугкаты-Голиаты Беллæйы æнæзивæг архайды тыххæй. Адæмон хосгæнæджы арæхстдзинад Голиаты бинонты ‘хсæн фæлтæрæй-фæлтæрмæ лæвæрд куыд цæуы, уыцы хабæрттæ бæлвырдæй дзуры. 

Донæн, дам, йæ былыл чи цæры, йæ ивылæн дæр ын уый зоны. Æз та уæ, зынаргъ газеткæсджытæ, базонгæ кæндзынæн Беллæйы хо, Уæллаг Фыййагдоны цæрæг Мырзаганты-Голиаты Эммæимæ.  Ме ‘мкоймаджы лæвар лæггæттæ дæр къаддæр не сты, фылдæр йеддæмæ. Эммæ фæхайджын  æвæ-джиауы æрдзон курдиатæй. Йæ амондагуры кары куы бацыд, уæд йæ цард баиу кодта Горæтгæрон районы Куырттаты хъæуы цæрæг Мырзаганты Зелимимæ. Дыууæ æрыгон цардæмбалы, кæрæдзийы уарзгæйæ, кæрæдзийæн аргъ кæнгæйæ, сæ дыстæ арф бафæлдæхтой æмæ бавнæлдтой сæ иумæйаг царды мæсыг амайынмæ. Мады  Майрæм дæр сыл баузæлд – барæвдыдта сæ дыууæ хъæбулæй – чызг æмæ лæппуйæ. Фæлæ фыдæлты уæзæг адджын у, адæймаджы йæхимæ æлвасы. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Зелимы дæр  фæндыд йæ рагфыдæлты цæрæнуатмæ, йæ мыггаджы  хистæртæм  хæстæгдæр уæвын. Ноджы ма, Зелим æмæ Эммæйæн сæ хистæр хъæбул Маринæ рынчынтæ кæй хаста, уый дæр  Зелимæн фадат лæвæрдта йæ бæллиц сæххæст кæнынæн – йæ фыдæлты цæрæн комбæстæмæ æрбаздæхын. Æрыгон бинонтæ 1976  æм азы æрцардыс-ты Хæрисджыны. Зелим куыста  Фыййагдоны æрзæткъахæны. Афæдзы фæстæ  Фыййагдоны поселочы разамынд Мырзаганты æрыгон бинонтæн радтой бирæуæладзыгон хæдзары райдзаст, хæрзвадатджын дыууæуатон фатер. Эммæ йе ‘взонджы бонты сахуыр кодта  хæринаггæнæджы дæсныйадыл, æмæ йæ дæсныйады фæндагыл фыццаг къах-дзæфтæ акодта  Фыййагдоны сывæллæтты санаторийы – райдыдта дзы кусын хæринаггæнæгæй.  Бæргæ цины мидæг уыдысты дыууæ цардæмбалы. Сæ сыгъдæг удвæллойæ бæргæ цардхъом уыдысты. Фæлæ сын уыцы циндзинад бирæ нæ ахаста.  Нæ бафæндыд хъысмæты, цæмæй дыууæ æрыгон æмкъайы «а» æмæ «о»-йæ сæ сабиты иумæ бахъомыл кодтаиккой. Æрцыд æвирхъау фыдбылыз – Эммæ æмæ Зелим бахаудысты фæндагон  бæллæхы.
Дыууæйæ дæр фесты уæззау цæфтæ. Зелим рынчындонмæ фæндагыл  ахицæн йæ рухс дунейæ. Эммæйæн дæр тынг уæззау уыд йæ уавæр. Бирæ рæстæг бахъуыд амæй-ай хуыздæр дохтырты  тох кæнын, цардæй мæлæты ‘хсæн чи уыд, уыцы æрыгон сылгоймаджы фервæзын кæныныл. Æмæ Хуыцауæн табу! Фервæзын кодтой дыууæ
æнахъом сабийы мады. Эммæйы кæд бирæ зын-дзинæдты сæрты  ахизын бахъуыд, уæддæр нæ фæцудыдта. Ныффæрæзта хъысмæты цæфæн дæр.  Голион разынд
хæрзуд, тыхджын сылгоймаг. Бахъомыл кодта йæ дыууæ хъæбулы, сæвæрдта сæ ахуыр æмæ фæллойы фæндагыл, сахуыр сæ кодта рæстудæй цæрын.  Эммæ 30 азы кад æмæ радимæ  бакуыста  сывæллæтты санаторийы хæринаггæнæгæй. Йе ‘мкусджытæ, сабиты ныййарджытæ йын уыдысты æмæ абон дæр сты стыр аргъгæнæг.  Æмрæстæ-джы, ома, санаторийы кусгæйæ, йæ алыварс адæмы хайджын кодта, йæ хойау, Джызæлы цæргæйæ, йæ сабибонты цы дæсныйадыл фæцалх, уымæй. Эммæ хорз арæхсы буары хъæдгæмттæ, сыгъдтытæ дзæбæх кæнынмæ. Нæ куырыхон фыдæлтæ-иу афтæ загътой: «Хуыцауæй лæвæрд курдиат адæмимæ иумæйаг вæййы, æмæ дзы хъуамæ рæдауæй хайджын кæнай дæ алыварс  цæрджыты».

Адæмуарзон Голион  уыцы ныстуан хорз хъуыды кæны – никуы никæмæн æвгъау кодта æмæ кæны йæ зонындзинæдтæ. Искæмæн баххуыс кæнын, искæй рис фæрогдæр кæнын нымайы йæ хæсыл. Сæйрагдæр та уый у, æмæ йæ зæрдиаг лæггæдтæ адæмæн кæны лæвар. Кæд æй хос скæнынмæ цавæрдæр æрмæджытæ балхæнын фæхъæуы, уæддæр рынчынæй никуы ницы райсы, æхца нæ, фæлæ хуымæтæг зæрдæлхæнæн дæр рынчын адæймагæй райсын никуы саккаг кæны йæхицæн. Куырттаты комбæсты адæм Эммæйæ стыр бузныг сты.  Йæ цæстуарзон, иузæрдион лæвар  архайдæн ын сты аргъгæнæг. Цафонфæнды дæр æм бадзур, де ‘ххуыс мæ хъæуы, зæгъгæ, æмæ уайтагъд дæ уæлхъус алæудзæн йæ хызынимæ. Уым ын вæййы йæхиконд хос, бæмбæг, бинтытæ.  Никæмæн бузныгад кæны йæ лæггæдтæ. Афтæ вæййы, æмæ йæ дæргъвæтин рæстæг бахъæуы цавæрдæр хъæдгом дзæбæх кæнынæн, фæлæ никуы стыхсы, быхсонæй фæтох кæны  низы ныхмæ,  цалынмæ йыл нæ фæуæлахиз вæййы, уæдмæ. Абон Эммæ кæд йæ кары бацыд, уæддæр йе ‘ххуысы хай дæтты йе ‘мкоймæгтæн. Арæх æм æрбацæуынц рынчынтæ быдираг хъæутæй дæр. Алкæуылдæр баузæлы, фæлмæн, рæвдаугæ хъæлæсыуагæй фæдзуры семæ.   Йæ фæлмæн ныхас дæр рынчынæн у æвдадзы хос. Йæ цæстуарзон лæггæдтæ рох не сты йæ раздæры рынчынтæй. Куы йыл сæмбæлынц, уæд ыл кæддæриддæр бацин кæнынц, барæвдауынц æй.  Фæлæ хæдахуыр, æнæниздзинады зиууонæн æппæтæй стырдæр хæрзиуæг вæййы, йæ фæлмæн къухтæй кæй буар банывыл кодта, уыцы адæймæгты сæрæгасæй, зæрдæрайæ уынын.

Эммæйы кад ис мыггаджы, сыхбæсты, комбæсты ‘хсæн. Мырзаганты мыггагæн бирæ азты дæргъы кæны æнæзивæг лæггад. Хистæртæн у кæстæриуæггæнæг, кæстæртæн – зондамонæг. Мыггаджы, хиуæтты, хæстæджыты æнгомгæнæг Голион йæхи кæстæртæй дæр у рæвдыд. Йæ къонамæ æркуывта уæздан чындз, ис ын хорз сиахс.  Йæ фæрныг хæдзармæ йæ дыууæ хъæбулы сæ цотимæ куы æрбамбырд вæййынц, æмæ йæ хъæбулты хъæбултæ цыппарæй хæдзары къуымты уалдзыгон гæлæбутау  ратæх-батæх куы фæкæнынц, уæд сæм сæ уарзон нана кæсынæй нал фефсæды. Ферох æй вæййынц йæ бирæ фыдæбæттæ дæр. Гъемæ йæ кæстæрты хуртæй æфсæст уæд!

Эммæ цы бирæ адæмы фервæзын кодта тыхст уавæрæй, уыдоны  æмæ мæхи номæй  йын зæгъын бузныг.

Эммæ, дæ къухтæ фæрнæй фæдар! Адæмыл цы хорздзинад тауыс, уый дæм дывæрæй здæхæд! Дæ дзæбæх кæстæртимæ амонд æмæ фæрныгадæй хайджын ут! Де ‘рмдзæф адæмæн хæссы æнæниздзинад, æмæ дын Дунесфæлдисæг  фидар æнæниздзинад балæвар кæнæд! Дæ сæдæ азы сæрты æнæнизæй, уæнгрогæй, зæрдæрайгæйæ куыд акæсай, ахæм арфæ дын  Иры зæдтæ ракæнæнт!

 

Фæрниаты Рая,

Уæллаг Фыййагдоны цæрæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here