Тæрхонгæнæг йæхи фæнд атардта…

0
67

Ивгъуыд сабат æмæ хуыцаубоны Уæрæсейы фыццаг къорды футболон чемпионаты хъазæг командæтæ акодтой 18-æм туры фембæлдтытæ.

Дзæуджыхъæуы ФК «Алани» 9  ноябры Грознайы фембæлд чемпионаты æртыккаг бынаты цæуæг Тулæйы командæ «Арсенал»-имæ.

Алайнæгты рæнхъыты хъазæн фæзмæ рацыдысты: 1 – Ростислав Солдатенко, № 76 – Виктор Нафиков (77’ – Заур Тарба), № 9 – Нури Абдоков (87’ – Гуырцъыты Батрадз), № 5 – Багаты Алан, № 19 – Бутаты Аллон, № 37 – Гаглойты Тарас (77’ – Тобойты Тимур), № 22 – Илья Москаленчик, № 2 – Таттаты Алексей, № 10 – Хæдарцаты Батрадз, № 8 – Хуыгаты Алан, № 15 – Цæллагты Ибрагим.

Тулæйы командæ у, ацы чемпионаты фæстæ иннæ аз Уæрæсейы уæлдæр къордмæ (премьер-лигæмæ) рацæуынмæ чи тырны, уыдонæй, æмæ сæ ныхмæ алайнæгты хъуыди се ’ппæт тыхтæ равдисын.

ФК «Алани» кæд чемпионаты таблицæйæн йæ кæроны цæуы, уæддæр ацы фембæлды равдыста, йæ гæнæнтæ мæгуырау кæй не сты æмæ йæм нырма кæй ис æмбæхст тыхтæ дæр. Хъазты фыццаг æмбис дыууæ командæйы архайд рауад æмдых. Кæд пурти фылдæр алайнæгтæм уыди, уæддæр сын нæ бантыст уазджыты дуармæ хæстæг тæссаг уавæртæ саразын.

Дыккаг таймы алайнæгты архайд зынгæ фæцырддæр. Бæргæ фылдæр хæттыты сарæзтой ныббырстытæ, фæлæ суанг хъазты кæронмæ хыгъд баззад 0:0-æй. Зæгъын хъæуы уый, æмæ тæрхонгæнджытæ ацы хатт дæр та ФК «Алани»-йы
бакуыст 11-метрон иварон цæф нæ банымадтой. Растдæр зæгъгæйæ та, тæрхонгæнæг йæхи нæ фенæг скодта, «Арсенал»-ы хъазæгæн сæ дуармæ бахизæны алайнæгты æрбацæфы фæстæ пурти йæ къухыл кæй ауад, уый. Ацы уавæры æмбæлыди «Арсенал»-ы 11-метрон цæфæй фæивар кæнын, фæлæ тæрхонгæнджытæ сæхи фæнд атардтой, æмæ хыгъд ивд не ’рцыди.

Ноджыдæр ма иу гуырысхойаг фæзынд уыд Цæллагты Ибрагимы цæфы фæстæ. Пурти уазджыты дуары хаххæй мидæгдæр басхъиудта æви нæ, уый не сбæрæг. Иу ныхасæй, ФК «Алани» ацы фæстаг фембæлды йæхи куыд равдыста, уый ныфс дæтты, куыдфæстæмæ командæ йæ уавæр кæй фæхуыздæр кæндзæн, уымæн.

«Алани» йæ иннæ радон фембæлд дæр акæндзæн Грознайы 16 ноябры Волгограды «Ротор»-имæ.

18-æм туры фембæлдтытæ ахицæн сты ахæм хыгъдтимæ: ФК «Алани» – «Арсенал» – 0:0, « СКА-Хабаровск» – «УФА» – 1:0, «КамАЗ» – «Сокол» – 3:1, «Ротор» – «Сочи» – 1:1, «Нефтехимик» – «Балтика» – 1:2, «Торпедо» – «Енисей» – 2:0, «Тюмень» – «Черноморец» – 1:4, «Шинник» – «Урал» – 0:2, «Родина» – «Чайка» – 2:0.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here