Канд нæ горæт нæ, фæлæ, æнæхъæн республикæ дæр быроны бын кæй фæцис, ууыл ныхас цыдис Хицауады аппаратон æмбырды. Архайдтой дзы Цæгат Ирыстоны муниципалон скондтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ. Æмбырд амыдта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис.
– Дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджытæ мыхуыр æмæ Интернеты тыгъдады равдыстой, нæ республикæ быроны бын кæй фæцис, уæлдайдæр – Арвыкомы фæндаджы рæбынтæ æмæ Уæллаг Ларс, уый. Канд Уæллаг Ларс нæ, фæлæ горæты районтæ дæр ахæм уавæры сты. Дзæуджыхъæуы 24-æм астæуккаг скъолайы фæзмæ быронæй акæсæн нæй. Кæд æрцæудзæн лыггонд ацы фарста? Алы æмбырды дæр санитарон уавæрыл дзурæм, уæддæр хъуыддаг нывылдæр нæ кæны. Уæллаг Ларсы фæндаг нæ бæтты æндæр паддзахæдтæ æмæ адæмтимæ, Цæгат Ирыстон ахæм чъизийæ кæй уынынц, уый махæн кады хос нæу, – загъта Дзанайы-фырт.
РЦИ-Аланийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн ацы уавæры фæдыл куыд радзырдта, афтæмæй Арвыкомы фæндаг федералон у, æмæ канд Ирыстонмæ нæ кæсы йæ уавæр, фæлæ, уым таможняйы чи кусы, уыдон дæр хъуамæ архайой сыгъдæгдзинадыл.
– Мах дзы сæвæрдтам дæс контейнеры. Регоператортæ бырон раласынц, фæлæ уæддæр уавæр хуыздæр нæ кæны. Æрвылбон дæр дзы ахæм ныв ис. Уæвгæ, фарста æрмæст мах республикæмæ нæ хауы, Уæллаг Ларсы арæныл чи кусы, уыдон дæр дзуапп дæттынц, цыдæриддæр дзы æрцæуы, уыцы цаутыл, – фæнысан кодта министр.
Санитарон уавæры фарста комкоммæ хауы Дзæуджыхъæуы мэр Милдзыхты Вячеславмæ дæр. Уый та, уæлдæр амынд скъолайы фæз æмæ горæты иннæ районты бырæтты обæутты тыххæй æмбырды архайджытæн афтæ бамбарын кодта, ома быронкалæн контейнертæ æвæрд дзы ис, фæлæ горæты цæрджытæ æхсæвыгæтты сæ арæзтадон бырон рахæссынц æмæ йæ контейнерты цур ныккалынц, зæгъгæ.
– Хъæуы ахадгæдæр мадзæлттæ ссарын уавæр банывыл кæнынæн, Регоператортимæ æнгомдæр кусыныл архайын, стæй бастдзинад федералон центримæ дарын, уæд ахæм къуылымпытæ дæр не ‘взæрдзæн уæ куысты. Арвыкомы фæндаг нæ республикæйы «цæсгом» у æмæ, сымах цы æфсæнттæ кæнут, уыдонимæ æз разы нæ дæн, – загъта Дзанайты Барис.
Ивгъуыд майрæмбоны Уæлладжыры комы хъæуты цæрджытæ Зæрæмæгæй дæлæмæ æхсæвы банкъардтой зæххæнкъуыст. РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады цæгатирыстойнаг управленийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ бацамыдта, зæххæнкъуысты тыхы магнитудæ кæй уыдис 4,5 баллы.
– Фыдбылыз не ‘рцыд, хъыгдард дæр ничи баййæфта, фæлæ Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ къæрцхъус сты æрдзон фæзындтытæм æмæ афойнадыл æмбæлгæ мадзæлттæ саразынмæ, – дзырдта Томайы-фырт.
Аппаратон æмбырды ныхас цыдис цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады фарстатыл, хъармгæнæн системæйы куыстыл, районты фæзуæттæ хæрзвадат уавæртæм рацаразыны æмæ, паддзахадон программæты хæстæ куыд æххæстгонд цæуынц, уыцы хъуыддæгтыл.
РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ районты сæргълæуджытæн фехъусын кодта, ныридæгæн министрад кæй райдыдта архайын, фидæн аз уæлдæр ахуыргæнæндæттæм 3,5 мин бюджетон бынаты кæй сараздзысты, ууыл. Уыцы бынæттæ, фыццаджыдæр, лæвæрд цæудзысты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæн, чи ма дзы баззайа, уыдон та – конкурсон уагæй.
Æмбырды кæрон Дзанайты Барис муниципалон скондтæ æмæ ведомствæты разамонджытæн бахæс кодта афæдзы кæронмæ фæуын æппæт хъуыддæгтæ æмæ фидæны азы национ ног проекттæ æмæ паддзахадон программæты архайынæн развæлгъау куысты нысантæ сбæлвырд кæнын.
Саутæты Тамилæ












