Нæлхæйы аргъ –  мин æмæ дыууæ сæдæ сомы

0
325

Æвæццæгæн, сывæллоныл цыдаид иу-цыппар азы, уынджы бадтис бандоныл æмæ сыхаг сылгоймагæн дзырдта, куыд уарзы сойæ, ома, нæлхæйæ сæрст дзул, йæ уæлæ сæкæр конд, афтæмæй. «Фæлæ нæм сой балхæнынæн æхца нæй, зынаргъ у», – загъта чысыл лæппу æмæ азгъордта хъазынмæ. Уымæн мæхæдæг дæн æвдисæн. Уый уыдис тæккæ рацарæзты заман.

Ныртæккæ рацарæзт у æви бацарæзт, уый нæ раиртасдзынæ, фæлæ æргътæ хæрдмæ згъорынц. Æмæ та йæ иу  сывæллон банкъардзæн, бахъæу-дзæн æй сойæ сæрст дзул сæкæримæ, фæлæ мадмæ нæ разындзæн фæрæз. Ныр уал уæрæсейаг дуканитæй, æлхæнджытæ сой – нæлхæ, давынц, уый раиртæстой, дуканиты цы къамисæнтæ æвæрд ис, уыдонæй. Ныртæккæ нæлхæйы аргъ схæццæ мин æмæ дыууæсæдæ соммæ… Нæ разамынд уыцы-иу итуæвæрд ныхæстæй, национ проекттæ æмæ паддзахадон программæты кой кæнгæйæ, адæмы зæрдæтæ куыд æлхæнынц, цы – уæле, цы – ам, уый мæ бон бамбарын нæу.

Не ‘мкусæг куыстмæ æрбацыд таксийы æмæ дзы Кырджалийскийы уынгæй Мыхуыры хæдзармæ райстой 300 сомы, «БАМ»-æй ссæуынæн таксийæн бахъуыд 700 сомы. Исчи зæгъдзæн, уæд таксийыл ма цу, зæгъгæ, фæлæ æхсæнадон транспорт та кæм ис? Адæймаг куыд цæуа йæ куыстмæ, йæ хъуыддæгты фæдыл? Уæдæ иннæ æргътæ дæр мах нæ фæрсынц. Раздæхæм та хойрагмæ…

 

Уæрæсейы Хицауады Сæрдары хæдивæг
Дмитрий Патрушев
хойраджы базарады æргъты уавæры тыххæй конд æмбырды куыд радзырдта, афтæмæй хъуамæ профилон министрадтæ бауромой æргъты рæзт. Уыцы хъуыддагæн сын радта дыууæ къуырийы. Нæ йæ зонын, министрадтæ æргътимæ куыд тох кæн-дзысты, уый, фæлæ мæ нæ уырны… Алцæй тыххæй хъуамæ куыд фыссæм, уæд æйчыты æргътæ азгъорынц, уæд – нæлхæйы, иннæ хойраг дæр иу ран нæ бады… Эксперттæ дæр сæ хатдзæгтæ рæгъмæ рахастой, ома, хъæуы фæфылдæр кæнын дуцгæ хъомтæ æмæ фæсарæнтæй сой æрбаласын. Уыдæттæ нæхæдæг дæр зæгъдзыстæм, фæлæ…

Алцæмæндæр ссарæн ис аххосаг, алчидæр йæ рæстдзинад бацамондзæн, фæлæ, адæм æнæ ‘хца кæй сты, уый та никæй æндавы. Кæсын «Сапа»-йы информаци, æмæ, дам, фæцæрыны æппынкъаддæры бæрцæн йæ 40 проценты цæудзысты хойраджы продукттыл. Чи сæ куыд нымайы, цавæр барæнтæй сбары, уый нæ зонын… Ома, 22 мин æмæ 400 сомы 40 процентæй мæйы дæргъы фæцæрæн ис, бахъæудзæн 9 мин сомæй фылдæр нæ. Уыдон цавæр барæнтæ сты? Зæгъæм, адæймаг иунæгæй цæры, уæд ын, чи зоны, сфаг уыдзæн, фæлæ ма йе ‘ккой бинонтæ дæр куы уой, уæд та?! Иннæ æхцайæ та, дам, бафидут цæрæнуатон-коммуналон лæггæдтæ æмæ сæрибар стут!

Мæ бон уый зæгъын у, æмæ нымад æрцыд уæлæнгайæ. Фараст минæй мин æмæ дыууæ сæдæ сомæй нæлхæ куы райсай, уæд ма дæм цытæ баззайдзæн. Хæринæгты тæсчъы цытæ хъуамæ сæвæрай, цæмæй йæ бай-дзаг кæнай?! Æрмæстдæр макъаронтæ æмæ вермишельтæй, иу чысыл – зети, иу чысыл – æйчытæ, дзул æмæ уый адыл дæ хæрд, дæ нозт – цæттæ! Æндæр дзы ницы рацæудзæн, бауырнæд уæ! Дзидза, кæсаг дæ  ферох уæнт… Ахæм æргътимæ – нæлхæ дæр.

Уæлæ уæле, кæмдæр, бæстæйы, республикæйы разамынд цы фарстатæ æвзарынц, уыдонæй дæхи нæ бафсаддзынæ, æппæллой ныхæстæй фынг не ‘рывæрдзынæ. Цалынмæ Дмитрий Патрушевы амынддзинæдтæ бæрнон министрадтæ æххæст кæной, уæдмæ уал банхъæлмæ кæсæм. Фæлæ нæ уæддæр хæрын, цæрын хъæуы…

Рацарæзты заман мын иу хæдзардарæг сылгоймаг дзырдта, йæ сывæллæттæй йæ дзул æмбæхсын кæй бахъæуы, йæ хæрæндоны, дзул æвæрæн бынатыл гуыдыр кæй сæвæрдта…Уыдæттæ мын дзырдта, йæ цæстысыгтæ ныхъуыргæйæ…

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here