Цæгат Ирыстоны зынаргъ цæрджытæ!

0
49

Арфæ уын кæнын ирон адæмы царды сæйрагдæр бæрæгбæттæй иу – Джеоргуыбайы фæдыл!

Нæ адæмы удварнон хъомыс алкæддæр æнцой кодта нæ рагфыдæлты хъæздыг бынтæ æмæ хъомысджын национ æгъдæуттыл. Æрвылаз Джеоргуыба æрбангом кæны алы кар æмæ адæмыхæттыты мингай минæвæртты. Уый фæрцы не ’ппæт дæр банкъарæм не ’фсымæрдзинад, кæрæдзийæн аргъгæнгæйæ æмæ сабырдзинадмæ тырнгæйæ, цæргæ нын кæй у, уый.

Фыдыбæстæйæн удуæлдай лæггад æмæ патриотизмыл æнувыддзинад – уыцы æууæлтæй дæр нæ адæм алкæддæр бæрæг дардтой. Абон Ирыс-
тоны фырттæ тохы быдыры кад æмæ радимæ хъахъхъæнынц Уæрæсейы æдасдзинад. Уым дæр нæ лæппутæ æвдисынц æгæрон хъæбатырдзинад, адæймаджы æппæты хуыздæр миниуджытæ. Уастырджы сæ хъахъхъæнæг уæд! Алчидæр сæ сæрæгас, æнæфыдбылыз  æмæ уæлахиздзауæй йæ хæдзарыл сæмбæлæд!

Зынаргъ хæлæрттæ! Ацы райдзаст бæрæгбоны уын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд æмæ фæрныгад! Хуыцауы цæст бауарзæд, цæмæй алкæддæр кæрæдзийæн аргъ кæнæм, кæрæдзийыл аудæм – уый фæрцы нæ къухы æфтдзысты ног æнтыстдзинæдтæ.

Джеоргуыбайы хорзæх уæ уæд!

 

Сергей Меняйло,

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы
Сæргълæууæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here