Æрæфы район: нысантæ – бирæ, гæнæнтæ дæр афтæ

0
260

Республикæйы районтæ куыд цæрынц æмæ рæзынц, сæ хъуыддæгтæ цы уавæры сты æмæ сæм цавæр къуылымпытæ разыны сæ размæцыды, уымæ цæст дары республикæйы Парламент. Æппæт лыггæнинаг фарстатæ сбæрæг æмæ сыл æрныхас кæныны, стæй сæ аиуварсæн мадзæлттæ ссарыны фæдыл депутаттæ радыгай бабæрæг кæнынц республикæйы районтæ. Афтæ, ивгъуыд мæй Парламенты депутаттæ уыдысты Æрæфы районы æмæ уым, бынæттон разамынд æмæ æхсæнады минæвæрттимæ фембæлгæйæ, кодтой хъуыддаджы ныхас районы цардыл, социалон-экономикон рæзты нысантыл æмæ, цы паддзахадон æмæ республикон программæты архайынц, уыдон æххæст кæныныл.

 

Бюджетон политикæ

Ивгъуыд аз районы бюджеты æфтиæгтæ рауадысты 603 983,4 мин сомы, кæнæ та, кæй пълан кодтой, уыцы æфтиæгтæн сæ 99,6 проценты; хæрдзтæ – 604 198,5 мин сомы, пъланы бæрæггæнæнæн йæ 97,4 проценты. Æмбырды архайджытæ бафиппайдтой бюджет æххæст кæныны нывыл уавæр. Уый дзурæг у дæсны административон-финансон политикæйыл, æмæ йæ районы разамынд æххæст кæны фæстаг цыппар азы. Район архайы хи æфтиæгтæ фæфылдæр кæныныл – зæххытæ хаццоны чи райста, уыдон сын фидынц афойнадыл æмæ æххæстæй. Хаццоны лæвæрд чи æрцыд, уыцы зæххытæ районы сты 19 мины æмæ 22 гектары, уыдонæй хъæууонхæдзарадон нысаниуæджы зæххытæ – 18 мины æмæ 211 гектары. Абоны бонмæ республикон бюджетæй район хæстæ нæ дары.

 

Инвестицитæ

«Цæгат Кавказы федералон зылды райрæзт»-ы паддзахадон программæйы фæлгæты 2016 азы райдыдтой Лескены зæххыты 222 гектарыл фундук садзыны куыстытæ æмæ аххæсдзысты 2025 азмæ. Проект саразæг у æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Фундук-Алани». Сæ инвестицитæ сты 128 милуан  600 мин сомы, уыдонæй 2017-2022 азты хъалонтæ бафыстой 1 милуан 565 мин сомы. Уыцы рæстæгмæ арæзт æрцыд 24 куысты бынаты, 2023 азмæ та фæфылдæр сты 34 бынаты онг.

 

Амалхъомад

Сындæггай рæзы чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомад. Ацы азы райдайæнмæ районы уыд хæдзариуæггæнæг 393 субъекты, уыимæ 270 — хи амалхъомы, 123 та — зæхкусæг-фермерон хæдзарады, се ‘ппæт дæр сты æфтиагджын. Афæдзы райдайæнæй 16 милуан сомы финансон æххуыс лæвæрд æрцыд дыууæ амалхъомæн. 32 адæймаджы регистрацигонд æрцыдысты куыд хиамалхъомгуыстгæнджытæ. Район бакуыста 19 бизнес-пъланыл, чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомадон куыст сæм кæнынц 27 субъекты. Стыр æмæ рæстæмбис куыстуæттæн сæ  сæрмагонд капиталыл бафтыд 500 милуан сомы бæрц инвестицитæ.

Раззаг проектыл районы нымад у Æрæфы цæугæдоныл чысыл гидроэлектростанцæйы арæзтад æмæ йæ технологон æгъдауæй сифтонг кæныны инвестицион проект. Йæ аргъ у 458 милуан сомы.

 

Хъæууон хæдзарад

Хорзыл банымайæн ис хъæууон хæдзарады къабазы рæзт. Ивгъуыд азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, районы дарынц стурвосы 5 560 сæры (2022 азимæ абаргæйæ, 10 проценты фылдæр), фысвос – 4952 сæры, бæхтæ – 775, кæрчытæ – 9000 сæры. Ивгъуыд аз хъæууонхæдзарадон куыстуæттæ радтой 468,2 тоннæйы дзидза, уыимæ, стуры фыд – 288,1 тоннæйы, фысы дзидза – 82,2 тоннæйы, карчы дзидза – 97,9 тоннæйы, æхсыр – 2140,7 тоннæйы. Зæххы куыстгæнджытæ агротехникон мадзæлттæ сарæзтой æмбæлгæ æмгъуыдтæм. Хортауæн фæзуæттæ сæм фарон уыд 10 596 гектары. Сæ фылдæры байтыдтой нæмыгæн нартхор æмæ дзы бафснайдтой иу гектарæй 90,5 центнеры. Хор хус кæнын æмæ йæ дарынæн районы арæзт æрцыд фондз хордоны, се стырдæр – «Диг-Агро», арæзт æрцыд «2025 азмæ Цæгат Кавказы федералон зылд»-ы Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон программæйы фæлгæты. Уыцы-иу рæстæг дзы дарæн ис хоры 30 мин тоннæйы.

Рæзы æмæ парахат кæны дыргъдарыны куыст дæр. Дыргъдæтты иумæйаг фæзуат районы у 627 гектары. Сæ фылдæры сагъд ис фундук. Уыцы куыст кæнынц æнæххæст бæрнондзинады æхсæнæдтæ «Елети Альба», «Фундук Алании» æмæ «Чикфун». Фæлæ хъæууонхæдзарадон продукцийы гуырахст у фæфылдæргæнинаг, уымæн районы ис бирæ гæнæнтæ. Ивгъуыд аз хъæууонхæдзарадон продукци уадзæг куыстуæттæн гранттæ æмæ субсидиты хуызы уыд паддзахадон æххуыс – 120 милуан сомы, ацы азы фараст мæймæ та – 53 милуан сомы.

 

Промышленность

Æрæфы районы ис иунæг промышленнон
куыстуат – æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Æрæфы хуыйæн фабрик», уадзы алыхуызон кусæндæттæ æмæ организацитæн сæрмагонд уæлæдарæс. Ивгъуыд аз рауагътой 118 милуаны аргъ продукци, 2022 азимæ абаргæйæ, сæ продукцийы рауагъд фæфылдæр 126 проценты.

 

Æнæниздзинад хъахъхъæнынад

Медицинон æгъдауæй бынæттон цæрджытæн лæггад кæны Æрæфы  районы центрон рынчындон. Рынчынтæн дзы ис 40 бынаты, стæй ма, æрмæстдæр боныгон кæм вæййынц, 22 ахæм бынаты. Уагдонæн ис дæлхайæдтæ: фондз амбулаторийы — Лескены, Мæцутæйы, Хæзныдоны, Быдыры Дæргъæвс æмæ Сырх Дыгуры, æртæ фелсырон-акушерон пункты — Толдзгуыны, Сечер æмæ Дзинагъайы, фондз фелсырон пункты — Советон поселочы, Æхсæрысæры, Сырх Дыгуры, Дзæгъепбарз æмæ Мæхческы. Хæзныдон æмæ Сырх-Дыгуры амбулаторитæй фæстæмæ се ‘ппæты дæр ис дзæбæхгæнæн хостæ балхæнæн. Районы медицинон кусæндæтты рынчынтæн лæггад кæнынц 47 дохтыры æмæ 83 астæуккаг медицинон кусæджы. Ивгъуыд аз диспансеризаци хъуамæ ацыдаид 4 376 ас адæймаджы,
хъуыддаг бантыст уыдонæн сæ 65,7 процентæн, кæнæ та 2 890 адæймагæн.

 

Ахуырад

«Ахуырады райрæзт»-ы паддзахадон программæйы фæлгæты ивгъуыд аз цалцæггонд æрцыдысты Хæзныдон æмæ Мæхческы астæуккаг скъолатæ. Цыколайы Фадзайты Арсены номыл спортивон скъола та цалцæггонд æрцыд «Хъæууон фæзуæтты иумæйаг райрæзт»-ы паддзахадон программæйы фæрцы.

Районы ис 12 астæуккаг скъолайы, скъолайы агъоммæйы 8 ахуыргæнæндоны æмæ уæлæмхасæн ахуырады 2 кусæндоны. Ивгъуыд ахуыргæнæн аз районы 12 скъолайы ахуыр кодта 1 685 сывæллоны. Æппæт скъолаты дæр ахуырдзаутæн ис хъарм хæринаг. Рæвдауæндонмæ сывæллоны раттынæн рады лæууын нал хъæуы, бынæттæй хъуаг нал æййафынц. Скъолатæй 8 ис сæхи автобустæ.

Бындуронæй цалцæггæнинаг сты Сечер æмæ Толдзгуыны астæуккаг скъолатæ.

 

Цæрæнуатон-коммуналон
хæдзарад

«Хъæууон фæзуæтты иумæйаг райрæзт»-ы паддзахадон программæйы фæлгæты бындурон рацарæзт æрцыд Цыколайы канализацион хæтæл дæр. Куыстыты аргъ уыд 29 милуан 391 мин сомы. Уымæй уæлдай, рацарæзт цæуынц Толдзгуыны доны хæтæлтæ. Сæ дæргъ у 13,2 километры, куыстыты аргъ – 61 милуан 810 мин сомы.

«Цæрæнуæттæ æмæ горæтаг тыгъдад»-ы национ проекты фæлгæты районы нывылгонд цæуынц æхсæнадон фæзуæттæ. Фæстаг цыппар азмæ районы барæсугъд кодтой æмæ дзы фæллад уадзынæн уавæртæ сарæзтой 11 ахæм бынаты. Уыцы куыст æххæст кæнынц дарддæр, уымæн сын фарон радих кодтой 58 милуан сомы, ацы аз та — 13 милуан сомы. Парламенты депутаттæ районы цы бон уыдысты, уыцы бон Цыколайы байгом, йæ фæзуат 1 500 квадратон метры кæмæн у,ноджыдæр ма иу ахæм тæлм, иннæуыл дæр куыст цæуы.

Районæн йæ сагъæссаг фарстатæй иу у, канализацион сыгъдæггæнæнтæ сæм кæй нæй, уый. Уыцы хъуыддаг æвзæрæрдæм зыны экологон уавæрыл. Хъуыддаг домы республикон бюджетæй фæрæзтæ радих кæнын, цæмæй проектон хæрдзты гæххæттытæ бацæттæ кæной, æмæ объект паддзахадон программæмæ хаст æрцæуа, уымæн.

 

Фæндæгтæ

Национ проект «Æдас æмæ хæрзхъæд автомобилон фæндæгтæ»-йы фæлгæты фæстаг дыууæ азмæ районы цалцæггонд æрцыдысты регионалон нысаниуæджы фæндæгтæ: Цыкола-Быдыры Дæргъæвс (1,157 километры), Дзинагъамæ бацæуæны фæндаг, «Дзæуджыхъæу-Æрыдон-Цыкола-Лескен 2»-йы автомобилон фæндаджы хай (4,245 километры).

Федералон программæ «Туризм»-мæ гæсгæ, кæронмæ ахæццæ сты «Цыкола-Мæцутæ-Комы-Арт»-ы автомобилон фæндаг (Гæлиатмæ бацæуæны фæндагимæ иумæ) рацаразыны куыстытæ (21 километры).

Арæзт æрцыд Цыколайы иувæрсты цæуæг автомобилон фæндаг «Дзæуджыхъæу-Æрыдон-Цыкола-Лескен 2» (8,020 километры).

«Регионалон (муниципалитетты ‘хсæн) æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы бынæттон нысаниуæджы автомобилон фæндæгты райрæзт æмæ рацарæзт»-ы паддзахадон программæмæ гæсгæ, республикон бюджетæй районæн лæвæрд æрцыд 47 милуан 511 мин сомы, æмæ дзы сцалцæг кодтой бынæттон нысаниуæджы фæндæгты 9 880 километры. Ивгъуыд аз та республикон бюджетæй цы 18 милуан 172,260 мин сомы лæвæрд æрцыд, уыдонæй сцалцæг кодтой фæндæгты 2,45 километры.

 

Физикон культурæ æмæ спорт

Æрæфы районы кусы 60 спортивон бæстыхайы. Физикон культурæйы къабазы паддзахадон политикæ æххæст кæныны нысанты арæзт æрцыдысты Цыколайы стадион, бирæкъабазджын спортивон фæзтæ Сечер æмæ Быдыры Дæргъæвсы, стæй ма спортивон фæзтæ, Цыколайы, Советон поселочы, Лескен æмæ Сырх Дыгуры цы æхсæнадон бынæттæ банывыл кодтой, уым. Алыхуызон æмæ алы карæн физкультурон-дзæбæхгæнæн æмæ спортивон-дзыллон мадзæлттæ арæзт цæуынц, Цыколайы чи фæзынд, нырыккон уыцы физкультурон-дзæбæхгæнæн комплексы. Йæ фæзуат 5 мин квадратон метры кæмæн у, дыууæуæладзыгон уыцы бæстыхайы ис хъазæн æмæ тренажерты егъау агъуыстытæ, спортивон æмæ аивадон гимнастикæйæ, аэробикæйæ, уæгъдибар хъæбысхæст æмæ спорты бирæ æндæр хуызтæй архайынæн фæзуæттæ.

 

Культурæ

Районы Культурæйы галуанмæ хаст цæуынц 18 филиалы æмæ иу цæугæ клуб. Культурæйы кусæндæтты архайынц алы жанрты 106 къордтæ. Ис сæм зарæггæнджыты, кафджыты, алыхуызон инструменттæй цæгъдыны, театралон æмæ фольклорон къордтæ, сæ архайджыты нымæц у 1300 адæймаджы. Коллективтæй фондз хæссынц «Адæмон»-ы ном. Районы сфæлдыстадон къордтæ æмæ аивæдты скъолайы ахуырдзаутæ архайдтой 13 дунеон, 5 æппæтуæрæсеон, 3 республикон фестивалтæ æмæ культурон мадзæлтты æмæ бацахстой раззагдæр бынæттæ, 17 та дзы радтой Гран-при.

Туризм

Историкон, культурон, æрдзон цыртдзæвæнтæ æмæ цымыдисы æфтауæг æндæр зæрдылдарæн бынæттæ Æрæфы районы ис бирæ. Хохаг хъæутæ та уæлдай сыгъдæгдæрæй бахъахъхъæдтой нæ адæмы рагон истори, сæ цардыуаг æмæ æгъдæуттæ. Районы альпинистон, туристон æмæ экологон фæндæгтыл ис фистæгæй цæуæн, бæхыл бадгæйæ тезгъо кæнæн, зымæгон рæстæг хæххон къахдзоныгътыл цæуæн æмæ уыцы-иу рæстæг ирон истори æмæ культурæимæ зонгæ кæнын. Абон районы сæ куыст кæнынц 8 туристон базæйы æмæ альпинистон лагеры, фæллад уа-
дзынæн дзы æдæпппæт ис 879 бынаты, уыимæ спортивон-дзæбæхгæнæн комплекс «Порог неба»-йы 290  бынаты, фысымуат «Харес»-ы – 100, турбазæ «Дзинагъа»-йы – 120, «Комы-Арт»-ы – 50, фысымуат «Тана Парк Отель»-ы – 50, турбазæ «Ростсельмаш»-ы – 150,  «ИП Созаев» (раздæры «Панорама»)-йы – 39 æмæ «Орлиное гнездо»-йы 80 бынаты.

Уымæй уæлдай, туристон къабазы хиамалхъомтæ фæнд кæнынц сæ архайд ноджы рапарахатдæр кæнын æмæ уый фæдыл æххæст кæнынц инвестицион проекттæ. Сæ фæрцы фæфылдæр уыдзысты куысты бынæттæ, районы бюджетмæ та — æфтиæгтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, туристты æргом ноджы тынгдæр æрбаздахынæн хъæудзæн хъæууонхæдзарадон, культурон, фысымуатон инфраструктурæ парахат кæнын æмæ уыцы нысанимæ паддзахадон æххуысы мадзæлттæ фæахадгæдæр кæнын.

 

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here