Хæлардзинад æмæ иудзинады нысан

0
331

Ацы бонты Дзæуджыхъæуы бирæкъабазджын техникумы сбæрæг кодтой Уастырджийы бæрæгбон. Уым иумæ ахуыр кæнынц æмæ хæларæй цæрынц канд ирон чызджытæ æмæ лæппутæ нæ, фæлæ ма хæстæг республикæты минæвæрттæ дæр. Уыдоны ’хсæн ис дагестайнаг æмæ цæцæйнаг фæсивæд дæр.

Бæрæгбонмæ цы кадджын уазджыты æрбахуыдтой, уыдоны ’хсæн уыдысты Дзæу-джыхъæуы Промышленнон районы ирон адæмы æгъдæуттæ æмæ культурæйы комитеты сæрдар Хъайтыхъты Бола, ирон адæмы уæлдæр советы минæвар, чиныг «Ирон æгъдау» æмæ ма, ирон национ æгъдæуттæ æмæ традицитæ фыст кæм æрцыдысты, ахæм æндæр чингуыты автор Туаты Руслан, Ирон дины ныхасы минæвар Пагæты Зауырбег, Промышленнон районы хистæрты советы минæвар Рубайты Аркади æмæ иннæтæ.

Хъайтыхъты Бола бæрæгбоны арфæтæ ракодта техникумы ахуырдзаутæн, сæ ныййарджытæн, ахуыргæнджытæн, уазджытæн æмæ загъта:

– Фæнды мæ, цæмæй фæсивæд æмбарой, бæрæгбоны нысан цæй мидæг ис, уый. Сымах ныр уæ царды бæрнон къæпхæнмæ схызтыcтут, чысыл сывæллæттæ нал стут. Ирон æмбарынадмæ гæсгæ нæ цард иумæйагæй хонæм цардвæндаг. Йæ хæдзарæй рахизгæйæ, сымахæй алчидæр æвдисы йæ бинонты цæсгом æмæ æгъдау. Уынджы кæнæ æхсæнады ’хсæн уæхи куыд дарат, уымæ гæсгæ аргъ кæндзысты уæ ныййарджытæн, уæ бинонтæн. Кæд хорз дарат уæхи, уæд сын арфæ кæндзысты, куыд хорз бинонтæ сты, зæгъгæ. Кæд уæхи æвзæр дарат, уæд та зæгъдзысты, æвзæр, æнæгъдау бинонтæй рацыд, зæгъгæ. Хъуамæ алкæддæр уыцы хъуыддæгтæ уæ зæрдыл дарат. Бинонты ‘хсæнæй рахизгæйæ, сымахæй алчидæр у йæ мыггаджы минæвар. Уæ кад дæр мыггаджы у, уæ худинаг дæр мыггаджы худинаг уыдзæн. Уæрæсемæ куы ацæуат, уæд та Ирыстоны цæсгом æвдисдзыстут, æмæ хъуамæ алкæддæр уый уæ зæрдыл дарат æмæ Ирыстоны кад хъахъхъæнат. Сымахмæ гæсгæ хъуыды кæндзысты æппæт ирон адæмыл дæр. Уый канд ирон фæсивæдмæ нæ хауы, фæлæ, Ирыстоны зæххыл чи цæры, уыцы адæмыхæттытæм дæр. Ирон адæм сæрбæрзонд сты, нæхи дин нæм кæй ис, уымæй. Бирæ азты рæдыдæй Лæгты дзуар æмæ чырыстон дины  Сыгъдæг Георги нымад уыдыс-ты иу дзуарыл. Фæлæ уый раст нæу. Уастырджи у ирон адæммæ Хуыцауæй æрвыст минæвар. Уый у нæлгоймæгты, хæстонтæ æмæ бæлццæтты бардуаг. Ирыс-тоны ноябры æртыккаг
къуыри бæрæг кæнынц Уастырджийы бæрæгбон, æмæ уæ йæ хорзæх уæд!

Кадджын бæрæгбонмæ Дзæуджыхъæуы бирæкъа-базджын техникумы кусджытæ сæхи бацæттæ кодтой, куыд æмбæлы, афтæ: æртæ чъирийы, ирон бæгæны æмæ афтæ дарддæр. Зæрдиагæй йыл бацархайдта техникумы 7-æм къорды мастер æмæ разамонæг Челæхсаты Иннæ. Йæ фарсмæ æрбалæууыдысты ныййарджытæ Хъараты Аланæ æмæ Анатолий Родин дæр.

Ахæм мадзæлттæ, æнæмæнг, ахъаз сты фæсивæды ’хсæн хæлардзинад æмæ иудзинад фидар кæнынæн, патриотон хъомылады рæзтæн. Хъуамæ рæзгæ фæлтæр зоной æмæ аргъ кæной, нæ фыдæлтæй нын цы рæсугъд æгъдæуттæ æмæ традицитæ баззад, уыдонæн.

 

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ, къам систа
Татьянæ Шеходанова

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here