Беслæны генералон пъланы мадзæлттæ

0
229

Республикæйы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис цы æмбырд сарæзта, уым ныхас цыди, Беслæны генералон пъланы социалон-экономикон рæзты мадзæлттæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл.

Уæрæсейы Хицауад цы бардзырд сфидар кодта, уым ис Беслæнæн ахуырад, æнæниздзинад хъахъхъæнынад, культурæ æмæ спорты уагдæттæ, фæндагон æмæ коммуналон инфраструктурæ сног кæныны 49 мадзалы.

Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй абон срæвдз сты æмæ кусынц тагъд æххуысы дæлстанцæ, стадион «Пищевик», Менделеевы уынджы ног скъола, музыкалон скъола, Терроризм не ‘руадзыны центр, уымæй уæлдай ма фæндæгты уаццæгтæ ногæй рацарæзтой.

Ацы азы кæронмæ ма сцæттæ уыдзысты социалон, коммуналон æмæ фæндагон инфраструктурæйы къорд объекты. Афтæ, Цæгат Ирыстоны арæзтад æмæ архитектурæйы министр Бетанты Мараты ныхасмæ гæсгæ, бындурон рацарæзты фæстæ йæ куыст райдайдзæн Сывæллæтты сфæлдыстадон хæдзар. Уæлæмхасæн ахуырады объект алцæмæйдæр уыдзæн æххæстæй ифтонггонд.

Кæронмæ фæхæццæ кæнынц БМК-йы Фæсивæды галуаны бындурон рацарæзты куыстытæ дæр. Республикæйы культурæйы министры фыццаг хæдивæг Рæмонты Маринæ куыд зæгъы, афтæмæй уагдоны уыдзæн бынæттæ 900 -1000 адæймагæн, архайдзæн дзы 11 клубон коллективы æмæ 40 кусæн бынаты.

Ныхас цыди Беслæны фæндæгты хызыл дæр. Рахизфарсы районы администрацийы сæргълæууæг Мырыкаты Хъазыбег фехъусын кодта, 1 декабры онг пайда кæнын кæй райдайдзысты фæндæгты 16 ног уаццагæй.

– Æппæт объектты дæр куыс-тытæ хъуамæ фæуой афæдзы кæронмæ. Уæ зæрдыл ма уын иу хатт æрлæууын кæндзынæн, æппæт мадзæлттæ арæзт кæй цæуынц Уæрæсейы Президенты фæдзæхстмæ гæсгæ. Ахсджиаг хъуыддаг у, цæмæй, Беслæны кæй аразæм æмæ ног кæнæм, уыцы социалон ахадындзинады объекттæ, куыд æмбæлы, афтæ кусой, уымæн æмæ не ‘ппæт архайд дæр арæзт у горæты цæрджыты уавæрты хæрзхъæддзинад фæбæрзонддæр кæнынмæ, – бафиппайдта Дзанайты Барис.

Беслæны социалон-экономикон рæзты генералон пъланы мадзæлтты фæлгæты ма æрвылаз, теракты хъыгдард чи баййæфта, уыдонæн алывæрсыг æххуыс лæвæрд цæуы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм: Уæрæсейы Президенты фæдзæхстмæ гæсгæ, республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлоимæ кусæг фембæлды фæстæ федералон субсидиты гуырахст 42 милуан сомæй фæфылдæр 94 милуан соммæ, æххуысы мадзæлттæ та конд цæудзысты  2030 азы онг.

 

ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here