Æфсымæртæ Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг  

0
342

УÆРХÆГ — Нарты хис-тæр, фаззон лæппутæ Æхсар æмæ Æхсæртæджы фыд. Йæ фырттæ Нарты фæткъуы хъахъхъæнгæйæ куы фесæфтысты, уæд æй Нартæ рæгъаугæс скодтой. Æхсæртæджы дыууæ фаззоны Уырызмæг æмæ Хæмыц уый куы базыдтой, уæд йæ агурæг ацыдысты. Цæуынц, æмæ сæ къæхты хъæрæй бæстæ змæлы, хæхтæ згъæлынц. Уæрхæг сæ дардмæ дæр сæ къæхты хъæрæй базыдта. Уый мæ фырттæ Æхсар æмæ Æхсæртæджы къæхты хъæр у, зæгъгæ, фæлæ уыдон раджы куы фесæфтысты.

– Мах стæм Æхсæртæджы лæппутæ! — загътой йын уыдон.

– Уæдæ-ма рацæут, æз уæ уе стæджы хъæдæй базондзынæн.

Бацыдысты Уырызмæг æмæ Хæмыц Уæрхæгмæ æмæ йæ хъæбыстæ кæнынц.

Уæрхæг сындæг равнæлдта æмæ йæ къухы уырзтæй радыгай æрысгæрста лæппуты цонджы хъултæ æмæ загъта:

–  Уе стæджы хъæд æцæг махæй у. Уæд ын лæппутæ радзырдтой, сæ мад Дзерассæйы, сæ фыд æмæ йе ‘фсымæры тыххæй цыдæриддæр фехъуыстой, уый, æмæ Уæрхæг сæ разæй рараст йæ зæронд фидар арæзт чъырынмæ. Уым лæппутæ хæдзар бафснайдтой. Уый фæстæ зæронд лæджы дуармæ ракодтой, адастой йын йæ хъуынджын сæр, йæ боцъотæ, стæй йын фаджысы нытътъыстой лæдзæг. Зæронд лæг уым ныддоныхуыпп кодта, æмæ йæ доныхуыпп хæрдмæ танхъа куы хаста, уæд дыууæ æфсымæры кæрæдзимæ бакастысты æмæ загътой: «Ай ма нын нæ мады дæр фæдардзæн». Дзерассæйы Донбеттыртæй скодтой, æмæ дзы сæ фыдыфыд Уæрхæг загъта йæхицæн бинонтæ.

УÆРХÆДЖЫ  ÆРТÆ ФÆДЗÆХСТЫ — Уæрхæг Нарты знаг Хъæрæмæдзы куы амары, уæд йæ къухæй йæхæдæг дæр мæлæтдзаг цæф фæци. Мæлгæ-мæлын ма Уæрхæг Нартæн зæгъы: «Хъусут, Нартæ!  æртæ фæдзæхсты уын уадзын.

Фыццаг: фыдæх хæссынæй фыдæмпъызт хуыздæр у. Цасфæнды хæссат фыдæх, уæддæр-иу ахъуыды кæнынмæ фæлæуут. Дыккаг: фыдæй фыдхъæдгом хуыздæр у.  æрвылбоны масты бæсты фæлтау иу бон фæриссут. Æртыккаг: фыдкомæй фыдæндæгъд хуыздæр у. Æгады бæсты мæлæт æмæ æнустæм кад хуыздæр у».

Уæрхæг уыйадыл амарди. Доны был ын сарæзтой стыр зæппадз, ахастой йæ æмæ йæ уым кадимæ бавæрдтой.

УÆРХТÆНÆГ — Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг сты æфсымæртæ Куыристы мыггагæй. Уæрхтæнæг карзæй хæцыд Кар æмæ Кæрæфимæ — их æмæ хъызты
бардуæгтимæ. Нарты астæу фæцард зæронды онг æнæ усæй. Нарты фæсивæд бауынаффæ кодтой: «Уæрх-тæнæгæн байзæддаг нæй, нæй йын бындар, æмæ йын ус ракурæм. Кæд нæ коммæ нæ бакæса, уæд та йæ дуртæй амарæм».

Уæрхтæнæг цард Тæлæгты быдыры, сразы ус ракурыныл. Уалынмæ сын лæппу райгуырд, æмæ йыл ном сæвæрдтой Сыбæлц. Сыбæлц Хуры чызг Адæдзæйы куы ракуырдта, уæд ын йæ фыд Уæрхтæнæгæн Хур радта згъæр хæдон. Згъæр та ахæм згъæр уыди, æмæ йе ‘фцæгготæй заргæ кодта, йæ риутæй — хъырнгæ, йæ дыстæй æмдзæгъд, йæ фæдджитæй та — кафгæ. Иуахæмы йын æй Соппары æртæ фырты байстой, йе рагъæй та йын дыууæ гæрзы рауагътой. Йæ фырт Сыбæлц уый куы базоны, уæд Соппары фыртты амары, Уæрхтæнæджы згъæр байсы, йæ рагъæй йын цы дыууæ гæрзы рауагътой, уыдон ын йæ фæсонтыл æрæвæрдта, нымæтын ехсæй сæ ракъуырдта æмæ, фыццаг куыд уыдис йæ фыд, афтæ фестад. Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг тохы бацыдыс-ты дæлимонтимæ.

Дæлимонтæ сыл фæтых сты æмæ сæ дæлдзæхмæ акодтой.

 

Цгъойты Хазби

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here