Цæрын, ивгъуыд нæ зæрдыл даргæйæ æмæ фидæныл хъуыды кæнгæйæ

0
399

«Граждайнаг-патриотон хъомылад æмæ рухсады идеологийы цæстæй акæсгæйæ, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы музейты архайд рапарахат кæныны хъуыддаг æмæ уыцы куысты нысанты тыххæй» – ацы фарстайы фæдыл знон уыд парламентон байхъуыстытæ. Сæ саразæг – Парламенты наукæ, ахуырад, культурæ æмæ информацион политикæйы комитет.

Æмбырды размæ йæ архайджытæ базонгæ сты, РЦИ-Аланийы Национ музей Парламенты фойейы цы равдыст сарæзта, уыимæ. Фенæн дзы уыд, цымыдисы чи æфтыдта, рагон Дзæуджыхъæуы нывтæ æмæ республикæйы цардыл дзурæг ахæм зæронд къамтæ.

Парламентон байхъуыстыты архайджытæн – республикæйы музейты кусджытæ æмæ разамонджытæн, Парламент æмæ Фæсивæдон парламенты депутаттæн, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты историон факультеты студенттæн, æхсæнадон æмæ фæсивæдон организациты минæвæрттæн арфæйы ныхас загъта Парламенты Сæрдар  Тускъаты Таймураз:

– Музейты нысан у æрыгон фæлтæры удварны хуыздæр миниу-
джытыл ахуыр кæнын, патриотизмы бындуртыл сæ хъомыл кæнын æмæ се ‘хсæн рухс тауын. Уыцы куыст уæлдай вазыгджындæр ссис ацы аз, Цæгат Ирыстон йæ кадджын историимæ баст æртæ ахсджиаг цауы куы бæрæг кодта, уæд. Абон махæн не ‘ппæты хæс у ивгъуыд рæстæджыты историон цауты тыххæй зонындзинæдтæ æрыгон фæлтæртæн адæттын. Æмæ уыцы хъуыддаджы музейтæ кæнынц стыр арфæйаг куыст.

Æмбырды архайджытæ бакастысты, Ирыстоны культурæ æмæ йæ хæд-
хуыздзинад бахъахъхъæныны хъуыддаджы музейтæ цы асджиаг бынат ахсынц, уый фæдыл цыбыр кинонывмæ.

Уый фæстæ раныхас кодта Парламенты наукæ, ахуырад, культурæ æмæ информацион политикæйы комитеты сæрдар Еленæ Князева. Куыд загъта, афтæмæй музейтæ сты нæ истори  хъахъхъæнджытæ, уыдон иумæ бæттынц нæ ивгъуыд, нæ абон æмæ нæ фидæн. Парламенты депутаттæн та сæ хæс у музейы куыстæн ахъазгæнæн закъонтæ хæссын.

Нæ республикæйы музейты куыст парахат кæныны, сæ размæ æвæрд нысанты, сæ граждайнаг-патриотон хъомылады æмæ историон рухстауынады фæдыл ныхас кодтой Национ музейы генералон директор Цуциты Аслан, культурæйы министры фыццаг хæдивæг Рæмонаты Маринæ, «Беслæн. 1-æм скъола» – терроризмы профилактикæйы дунеон культурон-патриотон ацы центры директор Сохиты Ларисæ, Дзæуджыхъæуы наукон центры наукон-организацион хайады сæргълæууæг Дзудцаты Ларисæ. Скъолаты музейты куыст куыд арæзт у, уый фæдыл та ныхас кодта ахуырад æмæ наукæйы министрады уæлæмхасæн хъомылады рæзты хайады разамонæг Мæрзахъулты Элинæ.

Парламенты байхъуыстыты ныхас цы фарстайыл цыд, уый фæдыл сæ хъуы-
дытæ загътой æмбырды иннæ архайджытæ дæр.

Æмбырды кæронбæттæн та рахастой хъæугæ уынаффæтæ æмæ фæнысан кодтой комкоммæйы æххæстгæнинаг хъуыддæгтæ.

 

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here