«Глобал Алани»-йы лæггæдтæ

0
6

Кæд æмæ регион хъомысджын интернет-провайдерæн фадæттæ аразы, уæд зон, хæдзарæн цифрон фæлгæт фæзынд, ис бастдзинад, цæстдарæн мадзæлттæ, иу ранæй разамынд дæттæн кæмæн ис, ахæм лæггæдтæ. Абон «Глобал Алани» у цифрон хызты лæггæдты æнæхъæн баст, пайда дзы кæнынц хæдзары дæр æмæ амалхъомады дæр.

Абоненты бон у интернет, телеуынынад, хæдзары дуаргомгæнæг зондджын фæрæз, кинотеатр, видеоцæстдард, ифтонггæрзтæй пайда кæнын. «Глобал Алани»-йæн ахсджиаг у, цæмæй адæймаг æппæт уыдæттæ хицæнтæй кæмдæрты ма агура. Æппæт уыцы лæггæдтæ абонент йæхи удæнцойæн ссары ацы фирмæйы. Онлайн-кинотеатр адæймагмæ фæхæццæ кæнын ам ныма-йынц сæйрагдæр нысаныл,  уыимæ, алы адæймаджы домæнтæм дæр сты цæттæ.

«Глобал Алани» фæлхасгæнджыты цурмæ хæссы национ продукт дæр, ис сæм канал «Хион», уый руаджы кæсæн ис Ирыстоны кинематографийы сыгъзæрин æвæрæнтæм. Уый – культурæ, истори, фæстагæттæм адæттæн кæй ис, ахæм сфæлдыстадон хæзнатæ. Фæлæ сæм интернетæй æрмæстдæр хиирхæфсæн фæрæз саразыны фæнд нæй. Йæ телевизор ивыны фæнд кæмæ нæй, фæлæ, нырыккон телеуынынад кæй хъæуы, уыдонæн ис теле-бафтауæнтæй пайда кæныны фадат.

Видеоцæстдард æмæ хæдзары дуаргомгæнæг зондджын фæрæзæй дæр цæрджытæ хорз пайда кæнынц. Цæмæй уыйас бирæ лæггæдтæй æнцонæй пайда кæнай, уый тыххæй «Глобал Алани» фадæттæ аразы. Бынæттон провайдер цæрджытæм хæстæгдæр у, зоны республикæйы хицæндзинæдтæ, районты цæрджыты домæнтæ сын æмбæрстгонд сты. Фæлхасгæнæджы кæдæмдæр, федералон компанитæм дзурын нæ бахъæуы, фæлæ уайтагъддæр бынæттон провайдеры фæрцы фарста алыг кæны.

Ныртæккæ сарæх сты цæстфæлдахæг архайджытæ, сæ бон у ацы  компанийы уæнг сæхи схонын, зæгъæм, «дæ бадзырд фæцис» зæгъын фæлхасгæнæгæн, СМС-ы код фехъусын кæныны фæнд рæгъмæ рахæссын. Фæлæ уыдæттæ кæнæн нæй, пароль дæр хъуамæ уа сусæг. Ма фæтагъд кæнут сæ домæнтæ æххæст кæнынмæ, лæггæдтæн фидут официалон сайтмæ, хи кабинетмæ, банкы бафтауæнмæ гæсгæ. Цæстфæлдахджытæ сæ мæнг фæндæгтæ ахæм хуызы аразынц, уымæ гæсгæ къæрцхъус ут.

Ныртæккæ «Глобал Алани» æрбынæттон ис Беслæны, Алагиры, Дзæуджыхъæуы, Æрыдоны, Алагиры, Дигорайы, Мæздæджы. Сæ лæггæдтæ сты Сунжæ, Камбилеевкæ, Октябрыхъæу, Куырттат, Чермен, Олгинскæ, Елхот, Дачнæ, Ир, Михайловскæй, Карца, Цыкола, Црау, Уынал, Мызур, Æрхонкæйы станицæ æмæ Мамысоны.

Кæй бафæнды ацы компанийы лæггæдтæй спайда кæнын, уыдонæн сæ бон у ахæм телефонæй бадзурын: 8-(8672) 700-600. «Глобал Алани»-йы фæнды, цæмæй интернет царды алы бонæн дæр суа йæ иу хай, цæмæй лæггæдтæ суой æнæмæнгхъæугæ æмæ пайда.

 Хæмыцаты Альбинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here