Закъонты проекттæ æмæ ивддзинæдтæ

0
204

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис нæ республикæйы ве-
домствæтæ æмæ министрадты разамонджытæн цы æмбырд сарæзта, уым ныхас цыдис Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон фарстатыл, закъонты проекттæм ивддзинæдтæ бахæссыныл, промышленность, хъæууон хæдзарад, æнæниздзинад, ахуырад, спорт æмæ экологийы къабæзты рæзтыл.

РЦИ-Аланийы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады архайды, «Модернизация первичного звена здравоохранения РСО-Алания» 2021-2025 азтæн, зæгъгæ, регионалон программæ сфидар кæныны тыххæй министр Тебиаты Сослан радзырдта, программæйы нысантæ кæй   сты æнæниздзинады къабазы архайд ногдæр уавæртæм рацаразын, нæ республикæйы фæсвæд хъæутæ æмæ районты цæрджытæн хæрзхъæд фыццаградон медицинон æххуыстæ бакæнын, амынд фæзуæтты медицинон куыстуæттæ  нырыккондæр  техникæ, кусæнгæрзтæ  æмæ хостæй сифтонг кæныны мадзæлттыл бацархайыны фæдыл.

Ацы фарстайы тыххæй  Дзанайты Барис фæнысан кодта, æнæниздзинад хъахъхъæнынады системæйы рæзт вазыгджындæр хæстæй иу кæй у.

– Фыццаградон медицинон  цæджы  модернизацийы  программæ нын фадат дæтты ног объекттæ аразынæн æмæ бындурон цалцæджы куыстытæ æмæ хъæугæ ифтонггæрзтæ самал кæнынæн. Канд хæрзхъæд медицинон лæггæдтæ нæ, фæлæ ма адæмы æнæниздзинады уавæр дæр бæрзонддæр æмвæзадмæ кæныны хъуыддагæн, – загъта  Дзанайты Барис.

Нæ республикæйы æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министр Бæззаты Вадим боны фæткмæ рахаста хъæдгæсты куыстмæ ногдзинæдтæ бахæссыны тыххæй закъо-
ны проект. Министр куыд загъта, уымæ гæсгæ, хъæдгæсты архайдмæ фылдæр æргом  здахын хъæуы, хъæдтæ бахъахъхъæныны, хæдзардзинæй сæ пайда кæныны тыххæй, хъæдты  фондтæм цæстдарæн  мадзæлттæ  саразын æмæ  æгъдаухæлдтытæ афойнадыл бæрæг кæныны тыххæй закъоны проект сфидар кæнын.

РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ раныхас кодта Цæгат Ирыстоны иумæйаг  æмæ  профессион ахуырадон организациты материалон-техникон бындур регионалон проектты бындурыл  сног кæнын,  амынд организациты нымæцон ахуырад райдайыны фæдыл закъоны проектмæ
ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй.

Æмбырды кæрон Дзанайты Барис хатдзæгтæ скодта, цы фарстатыл ныхас цыдис, уыдон царды рауадзыны æмæ сæ æххæст кæныны архайды фæдыл.

– Ахсджиаг хъуыддаг у дарддæр дæр  нæ республикæйы цæрджытæн медицинон æххуыстæ исынæн аккаг уавæртæ аразын. Сфидар кодтам, Промышленносты рæзты фондæн субсидитæ дæттыны фæтк дæр. Нæ республикæйы Сæргълæууæг иу æмæ дыууæ хатты нæ фæнысан кодта, промышленносты  къабазы рæзтæн стратегион ахадындзинад кæй ис, уый. Дарддæр  архайæм  куыстуæтты модернизаци  æмæ  инвестицитæн  хæрзвадат уавæртыл. Æркастыстæм Æрдзон  фæрæзтæ  æмæ  экологийы  министрады лыггæнинаг  къорд  фарстамæ. Ведомствæйæн бахæс кодтам,  æрдзон фæзуæттæ хъахъхъæд кæм цæуынц, уыцы бынæтты гидты куыстмæ цæстдарды мадзæлттæ саразын. Уый фæрцы фæхуыздæр уыдзæн туризмы къабазы  æдасдзинад æмæ лæггæдты хæрзхъæддзинад. Ахсджиагыл нымад цæуы физикон культурæ æмæ спорты рæзты программæ  дæр. Нæ республикæйы ис 1300  спортивон объекты. Хъæуы сын  анализ скæнын, цавæр объекттæ дзы сты иудадзыг  хъæугæйыл нымад æмæ ма цы баззад баххæстгæнинагæй, уый, – загъта Дзанайы-фырт.

Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here