Фардзинты Михалы фырт Руслан райгуырд 1948 азы 20 мартъийы Алагиры. Йæ ныййарджытæ куыстой сыгъдхуыссынгæнæн службæйы: мад – диспетчерæй, фыд та – шофырæй.
1966 азы Руслан каст фæцис Алагиры 3-æм скъола æмæ дарддæр ахуыр кæнынмæ бацыд Львовы сыгъдхуыссынгæнæн-техникон училищæмæ. Каст æй куы фæцис, уæд æй снысан кодтой паддзахадон сыгъд-хуыссынгæнæн цæстдарæн хайады хистæр инспекторæй. Йæ куыстмæ бæрнон цæстæй кæй каст, уый тыххæй йæ афæдзы фæстæ арвыстой Уæлдæр инженерон скъоламæ. Ног зонындзинæдтимæ нысангонд æрцыд Дзæуджыхъæуы Ленины районы паддзахадон зынгхуыссынгæнæн цæстдарæн хайады инспекцийы сæргълæууæгæй. 1970 азы Руслан бацыд Мæскуыйы зынгсирвæзты ныхмæ æдасдзинады инженерты Уæлдæр скъоламæ æмæ йæ 1974 азы каст фæцис.
1971 азы Фардзинты Руслан йæ цард баиу кодта Гæбуаты Хъазахджерийы чызг Ельмæимæ. Схъомыл кодтой дыууæ лæппуйы. Бинонтимæ авд азы фæцардысты Казахстаны Мангышлакы облæсты. Уым дæр Руслан куыста зынгхуыссынгæнæн службæйы хайады сæргълæууæгæй. 1992 азы йæ бинонтимæ æрыздæхт Ирыстонмæ. Бирæ азты фæкуыста сыгъдхуыссынгæнæн æмæ аварион-ирвæзынгæнæн управленийы. Йæ службæйы рæстæг бирæ адæмы фервæзын кодта, уыдоны ’хсæн – сывæллæтты дæр.
Йæ зæрдиаг куысты рæстæг бирæ хæттыты хорзæхджын æрцыд паддзахадон хæрзиуджытæй, уыдонимæ майдан – «За отвагу на пожаре» дæр.
1999 азы рацыд пенсийы, фæлæ уæд дæр дзæгъæл бадт нæ кодта. Нысангонд æрцыд Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады ветеранты советы сæрдарæй. Уыцы бынаты зæрдиагæй архайдта ветерантæн бах-хуыс кæныныл, зынгсирвæзтимæ тохы йæхи хъæбатырæй чи равдыста, уыдоны нæмттæ сæнусон кæныныл. Афтæ, Фардзинты Русланы хъæппæрисæй сыгъдхуыссынгæнæн службæйы 1-æм хайады агъуысты къулыл фæзындысты мемориалон фæйнæджытæ, Цæгат
Ирыстоны сыгъдхуыссынгæнæн службæйы рæзтмæ алы азты стыр æвæрæн чи бахаста, уыцы разамонджытæ – Николай Булгаков æмæ Бæройты Солтанбегæн.
2019 азы йе ’нæниздзинадмæ гæсгæ йæ куыст ныууагъта æмæ йæ цард снывонд кодта йæ хъæбулты хъæбултæн.
Хъыгагæн, хъысмæты ныхмæ никæй бон ницы у. 2024 азы Фардзинты Руслан йæ цардæй ахицæн.
Хорз лæджы фарн, дам, нæ сæфы… Бирæ хорз ныхæстæ зæгъæн ис Русланы тыххæй. Уый уыд куырыхон хистæр, уарзон – йе ’мкусджытæ, сыхбæстæ æмæ
хиуæттæн. Уыд адæмуарзаг, уæздан æмæ хæларзæрдæ адæймаг.
Бинонтæ æмæ хиуæттæ бузныг зæгъынц, сæ зыны сахат сæ фарсмæ чи ‘рбалæууыд, уыцы адæмæн, æмæ хъусын кæнынц, Фардзинты Русланы дыууиссæдзæм бон кæй уыдзæн 27
ноябры Дзæуджыхъæуы,
Мæскуыйаг уынджы 34-æм хæдзары.














