Хæрзгæнджытæй нæ кæны рох

0
40

Дигорайы дæсæймаг хатт ацыд Бердиты Солтаны номарæн турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй.

Бердиты Солтан, Дыгуры районы разамонæг уæвгæйæ, скодта бирæ хорз-дзинæдтæ. Зæрдиагæй архайдта, районы цæрджытæн куысты бынæттæ фылдæр цæмæй уа, сæ царды уавæртæ рогдæр куыд кæной, уыдæттыл. Солтан хæрзау-дæн кодта кæстæр фæлтæрыл, тырныдта сын æмбæлгæ уавæртæ аразынмæ ахуыр, спорт æмæ аивадон къордты архайынæн.

Дыгуры районы цæрджытæ нæ рох кæнынц Солтаны рухс ном, йæ хорз хъуыддæгтæ. Ууыл дзурæг у йæ номарæн æрвылазон турнир дæр. Фæархайынц дзы æвзонг кары богæлттæ.

Ивгъуыд хуыцаубоны цы турнир цыд, уым ерыс кодтой 250 æрыгон лæппутæ æмæ чызджытæ.

Чызджытæ сæ кармæ гæсгæ уыдысты 3-4 азы хистæр лæппутæй æмæ равдыстой хорз цæттæдзинад. Цы фондз уæзы ерыс кодтой, уыдоны алкæцыйы дæр фыццаг бынат бацахсыныл цыдысты цымыдисаг тохтæ.

Æппæты рогдæр уæзы – 45 кг онг фыццаг бынат рамбылдта Горæтгæрон районы минæвар Мæргъиты Каролинæ, 50 кг онг уæзы фæуæлахиз Хуссар Ирыстоны номæй хæцæг Наталья Кулеба. Дыгуры районы чызг-богæлттæ фæуæлахиз сты иннæ æртæ уæзы. Фыццаг бынæттæ бацахстой: 55 кг – Болататы Малитæ, 60 кг – Габеты Иринæ, 66 кг – Байты Агуындæ.

2012-2013 азты гуырд лæппутæ ерыс кодтой дыууадæс уæзы. Æппæты рогдæр уæзы (24 аг онг) сæрæндæр разынд дигорайаг лæппу Хъараты Азæмæт. 26 кг онг уæзы дæр фæуæлахиз Дыгуры районы минæвар Хъалабегты Вадим. 28 кг онг уæзы фыццаг бынат рамбылдта Абдуллах Белокиев (Мæздæджы район), 30 кг – Алим Айдемиров (Кировы район), 35 кг – Абдулрахим Евлоев (Мæздæджы район), 38 кг – Ахмад Ужахов (Мæздæджы район), 42 кг – Зыгъуытаты Руслан (Андиаты Сосланы номыл скъола), 46 кг – Къудухты Дмитри (Андиаты Сосланы номыл скъола), 51 кг – Хапсæты Артур (Æрыдоны район), 56 кг – Кортиаты Рустам (Андиаты Сосланы номыл скъола), 62 кг – Сотаты Игорь (РСШ), 69 кг – Сындырты Георги (Рахизфарсы район).

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призон бынæттæ бацахсджытæ хорзæхджын систы майдантæ, кубоктæ, грамотæтæ æмæ сæрмагонд лæвæрттæй. Бердиты Солтаны фырт Вадим æхцайы лæвæрттæй схорзæхджын кодта ерысты уæлахиздзаутæ, призон бынæттæ бацахсджытæ æмæ спорты ветеранты.

 

Баскаты Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here