Дзуарæн лæггадгæнæг

0
22

Ирыстоны алы хъæуы дæр, алы комы дæр ис йæхи кувæндæттæ. Бирæ ис ахæм рухс бынæттæ Куырттаты комы дæр. Фæлæ мæн бæлвырддæр зæгъын фæнды Дзывгъисы дзуары кувæндоны тыххæй.

Цымыдисаг у йæ равзæрд. Рагон таурæгъ куыд зæгъы, афтæмæй иу зымæджы
Куырттаты комы бирæ мит ныууарыд. Рæгътæ, фæхстæ æрæмбæрзта, фæндæгтыл зын цæуæн сси. Фæлæ мæнæ диссаг: Дзывгъисы хъæуы кæрон, иу фæзгондыл мит не ‘рхæцыд. Хъæуы цæрджытæ иуцалдæрæй тыхтæй-амæлттæй, миты хъæпæнтыл цæугæйæ, балæгæрстой уыцы кæрдæгæй æмбæрзт цъæх фæзмæ. Ам, æрдузæн йæ тæккæ астæу, федтой дыууæ рæхысы. Рæхыстæ уыдысты тæвд, сæ алыварс, цыма сæрд уыд, уыйау зæхх уыд хъарм. Адæм дис кодтой ацы хабарыл. Кæрæдзийы фарстой, цæмæн афтæ у, зæгъгæ. Уæд сын куырыхон хистæртæй иу афтæ бакодта:
«Хуыцау нын амоны ацы ран кувæндон саразын, æмæ ма цæмæ кæсæм!»

Уыйадыл ам сарæзтой сыджытсæр агъуыст æмæ дзы кувын райдыдтой Лæгты дзуармæ. Рæхыстæ сауыгътой хæдзары царыл æмæ дзы фæдзæхстой адæмы. Абоны онг уыцы æгъдау æххæстгонд цæуы, нæ фыдæлтæ йæ куыд кодтой, афтæ: дзуарылæг иу рæхысæй фæдзæхсы нæлгоймæгты, иннæмæй та – сылгоймæгты.

Ирон адæмы уырнынадмæ гæсгæ, дзуары лæг нымад цыди зæдтæ æмæ дауджыты хуызæн. Хуыцауæй йын лæвæрд вæййы цавæрдæр курдиат. Уымæн хъуыди адæймаджы хуыздæр миниуджытæ: рæстад æмæ æууæнк, цæстуарзон æмæ барон, æгъдауыл хæст æмæ намысджын, хæлар æмæ уарзон, хæдзонд æмæ дардмæуынаг. Æмæ уыцы рагзаманты ахæм æууæнчы аккаг уыд Елхъанаты Уги. Елхъанаты мыггаг бирæ азты дæргъы фæлæггад кодтой Дзывгъисы дзуарæн.

Абон дæр дзуарæн лæггадгæнджытæй æвзæрст цæуынц, уæлдæр цы миниу-джытæ ранымадтон, уыдонæй хайджын чи уа, æнæзæрдæхудтæй кувæндонмæ биноныг цæстæнгас чи дара, сыгъдæг æй чи кæна æмæ йын йæ бæрæгбон нывыл, æгъдауыл бæрæг чи кæна, ахæм лæгтæ. Уыцы удыхъæд æмæ зондахаст дæр Хуыцау æмæ адæмы раз кадджыныл нымад вæййынц, уымæн æмæ сæ ныхасы вæййы уæз, сæ
хъуыддæгты та – фарн. Ахæм фарны лæгтæй Дзывгъисы дзуарæн лæггадгæнджытæй æвзæрст æрцыдыс-ты: Елхъанаты Хъазыбег, Чъерджиаты Къола, Уаниаты Казик, Елхъанаты Эльбрус.   Уыдон æмвæнд, æмзондæй сæхицæн сæрдарæй равзæрстой Елхъанаты Хъазыбеджы. Хъазыбег дысвæлдахæй бавнæлдта йæ бæрнон хæстæ æххæст кæнынмæ. Сыгъдæгцæсгомæй, рæстудæй, зæрдиагæй лæггад кæны дзуарæн дæр æмæ адæмæн дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, афтæ зæрдиаг лæггад кæнынц дзуарæн дæр æмæ адæмæн дæр  йе ‘ххуысгæнджытæ дæр. Кæрæдзийы æмбаргæйæ, кæрæдзийæн аргъгæнгæйæ,  алцæуылдæр развæлгъау бæстон æрныхас кæнынц. Хъазыбеджы хъæппæрисæй бирæ хуыздæрæрдæм ивддзинæдтæ æрцыд кувæндоны. Ома йын бацархайдтой йæ фæлгонцадыл.

Уыцы аивдзинад  бынæттонæй, æддагонæй алчидæр уыны. Ивд æрцыд кувæндонмæ бацæуæны дуар рæсугъддæр æмæ аивдæрæй. Найфат (кувæн бынат) та бындуронæй цалцæггонд æрцыд. Кувæндоны кæрты алыварс, нæ фыдæлтæ куыд амадтой, афтæ бынæттон уирагдурæй самадтой сис. Арæзт æрцыд, 200 куыв-
д-дзауы кæм æрбадой, ахæм сара. Æвæрд дзы ис даргъ фынг æмæ бандæттæ. Сарайы кæрт дæр æхгæд æрцыд æфсæйнаг быруйæ, бауагътой йæм  электрон рухс æмæ дон. Фыййаджыдоны хивæнддзинæдтæ хынцгæйæ, цæмæй æдас уой, уый тыххæй цæугæдоны былгæрæтты сарæзтой бетонæй ауазæнтæ (дамбы). Кусартгæнæн бынат дæр бабиноныг кодтой, йæ сæр ын бамбæрзтой. Самал кодтой алыхуызон (ома, сæ бæрцуатмæ гæсгæ) цуайнæгтæ. Кувæндоны алывæрсты сыгъдæг æмæ аивдзинады уындæй зæрдæ райы, æмбæрзт сты асфальтæй. Уæдæ, бæрæгбоны рæстæг, фæсивæд сæхи кæм аирхæфсой, ахæм аив фæлгонцгонд фæз дæр дзы ис. Æмбæрзт у нæудзарæй. Цыбыр дзырдæй, Хъазыбег æмæ йе ‘ххуысгæнджытæ зæрдиагæй бакуыстой, æппæт хъарутæй дæр бацархайдтой, цæмæй ардæм цы бирæ куывддзаутæ цæуы, уыдон æнкъарой æхцондзинад. Хъазыбег куыд зæгъы, афтæмæй æппæт уыцы, уæлдæр ранымад куыстытæ, конд æрцыдысты, мысайнæгтæн цы æхцайы фæрæзтæ æрæмбырд, уыдонæй.  «Мысайнæгтæ хардз кæнæм æрмæстдæр кувæндонæн йæхиуыл. Уый нын у фидар фæткæвæрдау. Афтæ баныхас кодтам комбæсты куырыхон хистæрæ æмæ нæ Советы уæнгтимæ. Мах стыр бузныг стæм Хæдарцаты Мураты фырт Игорæй. Хорз æххуыс нын бакодта, Уастырджийы фæдзæхст уæд! Ардæм цы бирæ адæм цæуынц кувынмæ, табу кæнынмæ, уыдонæн æгас-
цуай фæзæгъæм, бацин сыл кæнæм, баузæлæм сыл. Фæлæ нæ кувæндонмæ туристты нал уадзæм. Ай кувæндон у, ай музей нæу! Стæй се ‘ппæт сæхи дарын дæр нæ зонынц. Æдзæлгъæд кæнынц кувæндонмæ бацæуæнтæ. Нæ кувæндоны нырыккон ивддзинæдтæ нæ фендзынæ. Алцыдæр арæзт цæуы, æз сæ мæ
хистæртæй куыд фехъуыс-тон, афтæ, ома, нæ фыдæлты æгъдæуттæм гæсгæ.
Зæгъын мæ фæнды стыр бузныг ме ‘ххуысгæнджытæн. Алкæддæр вæййынц мæ фарсмæ, Хуыцауæй арфæгонд уæнт!», – зæгъы Хъазыбег. Раст у дзуары лæг, чысыл нæу сæ фыдæбон Хъазыбегæн дæр æмæ Советы уæнгтæн дæр. Ныр дæр та, Лæгты дзуары бæрæгбоны рæстæг, кувæн бонты, къуырийы дæргъы зæрдиаг лæггад фæкодтой дзуарæн дæр æмæ адæмæн дæр. Гъемæ сын Джеоргуыбайы зæдтæ æмæ дауджытæ ахъазгæнæг уæнт! Амонд æмæ сæ фæрныгадæй хайджын кæнæнт!

 

Фæрниаты Рая,
Уæллаг Фыййагдоны цæрæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here