Æлхæнынц хъæугæ техникæ

0
22

Нысанмæ арæзт федералон программæты фæрцы Цæгат Ирыстоны агропромышленнон комплекс ифтонггонд цæуы ног хъæууонхæ-
дзарадон техникæйæ. Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы
Хъæууон хæдзарады министрады пресс-службæ.

Афтæ, республикæйы хъæууон хæдзарады министры хæдивæг Къадзаты Игоры ныхасмæ гæсгæ, 2024 азы райдайæнæй нырмæ регионы хъæууонхæ-
дзарадон куыстуæттæ балхæдтой нырыккон техникæйы 43 иуæ-
джы. Уыцы нысаныл хардзгонд æрцыд 228,5 милуан сомы бæрц.

Хъæууон хæдзарады министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уыцы техникæйæн йæ 95 процентæй фылдæр къухы бафтыдысты сæрмагонд лизингон программæты фæрцы (уыцы ахсджиаг хъуыддаг хæсгонд у федералон компанитæ «Росагролизинг», «ВТБ Лизинг» æмæ «СберЛизинг»-æн). Уыцы уагæвæрды фæрцы хъæууонхæдзарадон товаруадзджытæн ис æмбæлгæ фиддонтæ къæпхæнгай æххæст кæныны  фадат. Уыимæ, райдайынц ног техникæйæ хъæугæ хуызы пайда кæнын.

«Агропромышленнон комплексы кусæндæттæ ног техникæйæ ифтонг кæныны фарстайæн ис ахсджиаг нысан, уымæн æмæ уыцы æууæл комкоммæ ахады хæдзарæдты пайдайаг куыстыл æмæ уыимæ бастæй хъæууонхæдзарадон продукцийы тыллæг æмæ экспортыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, нырыккон агропромышленнон технологитæ æмæ хъомысджын техникæйы фæрцы зынгæ сырæздзæн хъæууонхæдзарадон куыстад. Уый фæрцы та ахадгæдæр хуызы æххæстгонд цæудзысты фыццаградон национ проект «Дунеон коопераци æмæ экспорт»-ы уагæвæрдтæ», — бафиппайдта Къадзаты Игорь.

(«Ир-Информ»)

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here