«Фæдис» ничиуал хъæр кæнид

0
21

 Мæхи кæдæй хъуыды кæнын, уæдæй нырмæ кæсын газет «Рæстдзинад». Азтæ мыл бирæ цæуы, фæлæ мæ фæнды бæстæйы, Ирыстоны, Дзæуджыхъæуы царды хабæрттæ зонын, æмæ уый тыххæй фæтагъд кæнын алы афæдзы æрдæгæн дæр нæ адæмон газет рафыссынмæ. Къостайы проспекты цæрын, 35-æм бастдзинады хайадмæ хауы нæ хæдзар.

Æз, мæнæ уырыссагау «консерватор» кæй хонынц, уыдонмæ хауын, уарзын хабæрттæ газетæй базонын. О, ныртæккæ информаци-йæн, куыд фæзæгъынц, ныккæнæн дæр нæй. Фæлæ сыл хæйрæг баууæндæд. «Рæстдзинад» та гæдыныхæстæ нæ ныффысдзæн. Стæй ма дæ зонгæ, дæ сыхаг, хорз адæймаджы тыххæй æрмæг кæм бакæс-дзынæ, афтæ лæмбынæг ма дын историон цаутыл чи радзурдзæн, хъæлдзæг чысыл радзырдæй ма дын ацы уæззау рæстæг дæ зæрдæмæ рухсы цъыртт чи
бауадздзæн? «Рæстдзинад»!

Уæдæ фæстаг фондз азы фæдисхъæр цæуы, газеты тираж ныллæгдæр кæны, уæ хорзæхæй, рафыссут æй, зæгъгæ. Уавæры аххосджын кæнынц бастдзинады хайæдты кусджыты. Газет афойнадыл нæ хæссынц, чи йæ рафыста, уыдоны сæхи хайæдтæм цæуын кæнынц, ардыгæй сæ уæхæдæг исут, зæгъгæ. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ ам, фыццаджыдæр, аххосджын у, «человеческий фактор» кæй хонынц, уый. Ома, алцыдæр адæймагæй аразгæ у. Уæлдæр фæбæрæг кодтон, мах хæдзары цæрджытæн лæггад кæны Дзæуджыхъæуы 35-æм бастдзинады хайад. Йæ коллективы куыстмæ ницы фау æрхæссæн ис, алцæуылдæр æххæссынц. Нæ постхæссæг, уырыссаг сылгоймаг, хъыгагæн, ын йæ ном нæ хъуыды кæнын, бæрнондзинад йæ
туджы кæмæн ис, раст ахæм. Райсомæй ныл нæ газеттæ сæмбæлын кæны. Иу бон фæцух кодта, нæ сæ æрбахаста, ахæм цау нæ хъуыды кæнын. Балæвар нын кæны йæ мидбылхудт, æмæ цыма дуне дæр фæрухсдæр вæййы.

Уымæ гæсгæ, æрцыдтæн ахæм хъуыдымæ. Æппæт посты кусджытæ дæр мах бастдзинады хайады коллективы куы бафæзмиккой, уæд «фæдис» ничиуал хъæр кæнид сæ æдзæллаг архайды тыххæй.

 

ДЗАНСОЛТЫ Агуыбе, фæллойы ветеран

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here