Алы хъуыддаг дæр – бæрцæй

0
37

Нæ иунæг адæмон газет «Рæстдзинад» иудадзыг йе ‘ргом здахы нæ традицитæ, æгъдæутты темæмæ. Къорд боны размæ бакастæн зындгонд меценат Лалыты Левы æрмæг, «Ныр та – æххуырсгæ «официанттæ…», зæгъгæ, ахæм сæргондимæ. Уацхъуыды кæрон Левæ фæдзырдта газеткæсджытæм, сымах дæр уæ хъуыдытæ, уæ цæстæнгас зæгъут, зæгъгæ.

Авторы хъуыдытæ раст сты, æмæ йемæ сразы уæвын æмбæлы. Хистæр æмæ астæуккаг фæлтæры минæвæрттæ сæхæдæг лæггад кодтой сыхы, хъæубæсты цин æмæ зианы хъуыддæгты, уый, æцæгдæр, уыдис æгъдæутты скъола. Ныр дæр ма бирæ хъæуты уыцы фæткæвæрд фидар кæй у, уый уын зæгъдзысты бынæттон цæрджытæ. «Рæстдзинад» дæр ахæм æвзыгъд кæстæрты тыххæй арæх фæфыссы. Фæлæ горæты, бæлвырддæр зæгъгæйæ та Дзæуджыхъæуы тыххæй куы дзурæм, уæд ам уавæр бынтон æндæрхуызон у. О, бирæуæладзыгон хæдзæртты раз саратæ, «хæдзæрттæ» кæй хонынц, ахæм амаддзæгтæ ис, фæлæ дзы æцæгдзинадæй арæхдæр лæггадгæнджытæ вæййынц æххуырс-гæ официанттæ. Сусæггаг нæу, фæсивæдæй бирæтæ сæхи ахæм хъуыддæгтæй дард ласынц, стæй ма йын ис æндæр аххосæгтæ дæр – æрыгæттæ æхца бакусыны охыл сæ гыццыл
райгуырæн бæстæйæ æндæр рæттæм фæцыдысты. Бирæуæладзыгон хæдзæртты та ныртæккæ фылдæр цæрынц, фатертæ дзы чи баххуырста, ахæм æрцæуæггаг адæм. Уыдон та мах æгъдæуттæм ницы бар дарынц. Афтæмæй æнæ æххуырсгæ лæггадгæнджытæй хъуыддаг нæ цæуы.

Уæдæ арæх фенын æмбæлы, фынгтæм бацæуыны рæстæг хистæрæн чи æрбада, ахæм лæг зын ссарæн кæй вæййы. Æгъдæуттæ нæ фæзонынц, фынг куыд хæссын хъæуы, уыцы фæткæн ницы фембарынц… Уый дæр хъуыды-йаг хъуыддаг у. Абон уымæ æрцыдыс-тæм, æмæ æххуырсгæ фынджы хис-тæртæ дæр фæзынд, ахæмтæн ном дæр ссардтой: «дежурный осетин». Йе ‘взаг – хъæздыг, нывæфтыд, æрмæстдæр ын бамбарын кæн дæ хъуыдда-джы мидис, цы зæгъын хъæуы, арфæ кæмæн хъуамæ ракæна, æмæ йын йæ лæггадæн бафид… Худинаг æмæ аллайаг.

Ныры рæстæджы иннæ фæзынд – нæ чындзæхсæвтæ, цины хъуыддæгтæ ресторанты кæнын кæй райдыдтам, уый. Иу куырыхон лæгимæ нын ныхас бацайдагъ, æмæ дзы диссаджы зондджын дзырдтæ фехъуыстон. Мæ зæрдыл сæ бадардтон, йæ хъуыдыйы рæстдзинад ын хæссын газеткæсджыты размæ. «Стыр галуантæ саразæм, нæ хъарутæ, нæ фæрæзтæ сыл бахардз кæнæм, æмæ нын дзы нæ мæрдтæ рахæссынц». Æцæгæйдæр афтæ у. Нычъчъизийæ сын тæрсгæйæ, ресторанмæ æрæмбырд кæнæм адæмы, фарны хъуыддаг кæйдæр æхцакусæн агъуыстмæ ахæссæм, æмæ уæд нæ хæдзары цавæр фарнмæ æнхъæлмæ кæсæм?

Исчи, æнæмæнг, зæгъдзæн, уый рæстæджы домæн у, зæгъгæ. О,
рæстæгимæ æмдзу кæнын хъæуы, стæй æгъдæуттæм дæр ивддзинæдтæ æнæ хæсгæ нæй, мах дæр афтæ нæ зæгъæм, æмæ фæстæмæ астæуккаг æнусты цардыуагмæ раздæхæм, фæлæ алы хъуыддаджы дæр бæрц хъæуы.

Дзуринæгтæ – бирæ. Нæ мадæлон æвзагыл нæ къæхтæй кæй ахæцыдыс-тæм, нæ горæты уынгты куы ацæуай, уæд дзы, мæнæ æхсæнадон транспорты æрлæууæнтыл ирон æмбисæндтæ кæд бакæсат, æндæр ирон дзырд, ирон дуканийы ном кæй нæ фендзынæ, уый та уæм куыд кæсы? Не зна-джы æвзагæй фыст сты сæ фылдæр, æмæ сæ адæймаг æмбаргæ дæр нæ бакæны. «Туризм», «туризм» кæнæм, фæлæ кæм сты нæ куыстуæттæ та? Алы хæдзары бын дæр – дуканитæ. Ау, ахæм хъæздыг сты нæ республикæйы цæрджытæ æмæ се ‘хца цы фæкæной, уый нæ зонынц? Нæ фæсивæды иу хай – хæсты, иннæ – кæйдæр бæстæты куыстагур… Дзуринæгтæ – бирæ.
Дзуапдæтджытæ –нæй…

 

АГЪНАТЫ  Алан

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here