Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æвдæм равзæрст Парламенты æртын æртыккæгæм æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.
Æмбырды архайдтой республикæйы хицаудзинад æххæстгæнæг тæрхонадон æмæ барадхъахъхъæнæг оргæнты минæвæрттæ, бынæттон хиуынаффæйады администрациты разамонджытæ, дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджытæ.
Депутаттæ фыццаг бакасты æркастысты чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады субъекттыл æвæрд хъалонты уаргъ фæрогдæр кæнынимæ баст къорд закъонты проекттæм. Сæ иу – «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы территорийы хъалонтæ æвæрыны хуымæтæгдæр системæ»-йы хъалонты сæрмагонд уагæвæрды тыххæй» закъоны проект. Ныхас дзы цæуы, йе ‘фтиаг афæдзмæ 60 милуанæй фылдæр кæмæн нæу æмæ йæ кусджытæ фондз адæймагæй фылдæр кæмæн не сты, чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады уыцы субъекттæн баххуыс кæныныл, цы хъалонтæ сыл æвæрд ис, уыдоны уаргъ фæкъаддæр кæныныл æмæ уыцы æгъдау 2027 азы кæронмæ адарддæр кæныныл. Уæвгæ та, амынд закъонты проекттæн сæ нысан у, республикæйы Сæргълæууæг кæй сфидар кодта, республикæйы дарддæры фидар рæзты фыццаградон мадзæлтты пълан æххæст кæнын. Закъонты проект-ты фæдыл ныхас кодтой экономикон рæзты министры хæдивæг Кокайты
Сослан æмæ архитектурæ æмæ арæзтадон политикæйы министр Бетанты Марат. Æмдокладтæ скодтой Парламенты бюджет, хъалонтæ, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдары хæдивæг Тауитты Алыксандр æмæ Парламенты арæзтадон политикæ æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады фарстаты фæдыл комитеты сæрдар Остъаты Георги. Афтæмæй, закъоны проекттæ фидаргонд æрцыдысты.
«Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы муниципалон æмæ муниципалитетты ‘хсæн маршруттыл бæлццæттæ æмæ уæзæгтæ ласыны хъуыддаг рацаразыны хицæн фарстаты тыххæй» закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проекты фæдыл раныхас кодта транспорт æмæ фæндагон хæдзарады комитеты сæрдар Солиты Тариэль. Документ карздæр кæны, бæлццæттæ æмæ уæзæгтæ ласыны къабазы чи лæггад кæны, уыдонмæ домæнтæ. Алы транспорты дæр хъуамæ уа банчы картæйæ фидыны, инвалидтæн уыцы транспортæй пайда кæнынæн техникон фæрæзтæ æмæ æндæртæ. Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты промышленность, транспорт, бастдзинад æмæ амалхъомады комитеты сæрдар Киситы Мурат. Фарстытæ æмæ фиппаинæгтæ уыд Тускъаты Таймуразмæ, депутаттæ Дыдарты Сосланмæ, Фадзайты Арсенмæ. Закъоны проект фидаргонд æрцыд фыццаг бакасты.
«2025 азмæ æмæ 2026-2027 азты пъланон рæстæгмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы республикон бюджеты тыххæй» республикæйы закъоны проекты фæдыл ныхас кодта финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Оксанæ Карова. Куыд загъта, афтæмæй хъалонтæ æмæ æнæхъалонты æфтиæгтæ 2025 азы фæфылдæр уыдзысты 18 миллиарды æмæ 941 милуан сомæй æмæ дарддæры азты дæр кæндзысты фылдæр. Уыимæ, фылдæр кæндзысты хæрдзтæ дæр, æппæты фыццаг, мызды æппынкъаддæры бæрц ног азæй кæй фæфылдæр уыдзæн æмæ 22 мины æмæ 440 сомы кæй суыдзæн, цæрæнуæтты-коммуналон лæггæдтæ та 19 проценты кæй фæзынаргъдæр уыдзысты, уымæ гæсгæ. Мызд фидынæй уæлдай, бюджеты иннæ хæрдзтæ дæр сæ фылдæр сты социалон нысаниуæджы хæрдзтæ æмæ баст сты национ экономикæимæ, ахуырадимæ, æнæниздзинад хъахъхъæнынадимæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æмæ сæ бинонтæн æххуысы мадзæлттимæ, стæй æндæр социалон бафыс-
тытимæ. Фæлæ æппæт хъуыддæгтыл дæр бюджет нæ аххæссыд, зæгъæм, фæкъаддæр сты, лæвар хостæ кæмæн æмбæлы, уыцы рынчынтæн сæ æлхæныны хæрдзтæ, культурæ æмæ спортæн та сæйраг финансон документы бынат ацы хатт æппындæр нæ разынд. Уымæй уæлдай, республикæ цы æфстæуттæ дары, уыдон дæр, кæд сындæггай, уæддæр кæнынц фылдæр. Ацы азы кæронмæ йæ паддзахадон хæс у 10,7 миллиард сомы.
Фарстайы фæдыл ма раныхас кодта республикæйы Цæстдарæн-ныма-
йæн палатæйы сæрдар Хъæлыцты Инал, æмдоклад та – Парламенты бюджет, хъалонтæ, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдар Хæдарцаты Аслæнбег. Фарстытæ æмæ фиппаинæгтæ уыд Тускъаты Таймуразмæ, Парламенты Сæрдары хæдивæг Дойаты Светланæмæ, депутаттæ Дыдарты Сосланмæ, Фадзайты Арсенмæ, Бæззаты Аланмæ. Алы раныхас дæр уыд карз, уыимæ, хъуыддаджы фæдыл, сæ хъуыды та уыд иу: æфтиæгтæ хæрдзтыл не ‘ххæссынц, фæлæ æппæт фарстатæ алыг кæнынæн дæр мадзæлттæн æнæссаргæ нæй. Документмæ каст æрцыд фыццаг бакас-
ты, афтæмæй закъоны проект фидаргонд æрцыд.
Депутаттæ ма фыццаг бакасты æркастысты «2025 азмæ æмæ 2026-2027 азты пъланон рæстæгмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Æнæмæнг медицинон фæдзæхстады территориалон фонды бюджеты тыххæй» закъоны проектмæ. Уый фæдыл ныхас кодтой фонды разамонæг Дзæгъойты Алан æмæ Парламенты социалон политикæйы, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ.
Уымæй уæлдай, æмбырды архайджытæ байхъуыстой Оксанæ Каровайы раныхасмæ, ацы азы фараст мæймæ республикон бюджет куыд æххæстгонд æрцыд, уый фæдыл. Сфидар кодтой, Парламенты раздæры æмбырды цы фарстатæм каст æрцыд, уыдоны фæдыл Парламенты уынаффæтæ. «Муниципалон сахат»-ы фæлгæты та байхъуыстой «Республикæ Цæгат Ирыс-
тон-Аланийы Дзæуджыхъæуы горæтаг зылды муниципалон сконды социалон-экономикон рæзты тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Дзæуджыхъæуы горæтаг зылды муниципалон сконды сæргълæууæджы хъусынгæнинагмæ». Раныхасгæнæг уыд Дзæуджыхъæуы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ