«Иумæ нæ рамбырд кæн, арфæйы дзырд»

0
26

Поэзийы æппæтадæмон фестиваль «Ирон фæндыр» фыццаг къахдзæфтæ акодта Дзæуджыхъæуы. Ацы аз фестивалы архайджытæ æрæмбырд сты Хетæгкаты Къостайы 165 азы юбилейы кадæн. Стыр æхсызгондзинад æрцыд поэзи уарзджытыл – Къостайы «Ирон фæндыр» тæлмацгонд æрцыд цалдæр æвзагмæ – авайраг, цæцæйнаг, уырыссаг æмæ ма францагмæ дæр.

Национ наукон чиныгдоны уыдис уыцы чингуыты презентаци. Фестивалы архайынмæ Ирыстонмæ ссыдысты Уæрæсейы алы регионтæй литературæйы дæснытæ, тæлмацгæнджытæ. Йæ саразджыты хъуыдымæ гæсгæ, фестивалы сæйраг нысан у ирон фысджыты сфæлдыстад парахат кæнын, сæ уацмыстæ, радзырдтæ, æмдзæвгæтæ тæлмац кæнын алы адæмты æвзæгтæм.

Чиныгдоны цы чингуыты равдыст бацæттæ кодтой, уыдонмæ иууылдæр цымыдисæй кастысты. Æмбырдтæ аразæн залы иумæ бадтысты куырыхон æмæ зындгонд хистæртæ, стæй æрыгон чызджытæ æмæ лæппутæ. Алкæмæндæр зынаргъ у Къоста. Йæ юбилейон аз бирæ зæрдæмæдзæугæ мадзæлттæ арæзт æрцыд, фестиваль та ма йæ ноджы фæкадджындæр кодта.

Бæрæгбоны архайджытæн зæрдиаг арфæ ракодта РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдары хæдивæг Гутнаты Аслæнбег.

– Алы ирыстойнагæн дæр йæ сабибонтæй фæстæмæ уарзон у Къоста, йæ ном ын дзуары хуызæн фæдзурæм. «Ирон фæндыр» та нын у литературон Библийы хуызæн. Хорз уаид, ноджы фылдæр æвзæгтæм тæлмацгонд куы æрцæуид Къоста, – фæнысан кодта Аслæнбег æмæ бузныг загъта фестиваль саразджытæн.

«Иумæ нæ рамбырд кæн, арфæйы дзырд», – Къостайы ацы ныхæстæй æгасцуай загъта уазджытæн зындгонд ирон фыссæг Дзасохты Музафер æмæ бафтыдта: «Къостайæн ис райгуырды бон, фæлæ йын нæй мæлæты бон».

РЦИ-Аланийы Фысджыты цæдисы сæрдар Хозиты Барисы хъуыдымæ гæсгæ, «Ирон фæндыр» адæмты иугæнæг у.

– Æрмæст уый тыххæй дæр бузныг стæм Къостайæ. Ирон классик стыр аргъ кодта уырыссаг культурæйæн. Уыцы дыууæ базыры йæ систой сфæлдыстады бæрзæндтæм. Дардмæ уынаг адæймаг кæд бирæ хæрзты бацыд йæ адæмæн, уæддæр йæхи йæ разы хæсджыныл нымадта, – загъта Хозиты Барис æмæ фехъусын кодта, хæстæгдæр рæстæг Тегераны университетмæ ’ввахс æвæрд кæй æрцæудзæн Къостайы бюст.

– Фестиваль амонджын къахдзæфтæ акæнæд æмæ бирæ цæрæд, цæмæй йæ фæрцы ноджыдæр ирд курдиатджын фысджытæ раргом кæнæм, – загъта йæ раныхасы Уæрæсейы Фысджыты цæдисы сæрдары хæдивæг Валери Латынин æмæ къорд адæймагæн ратта хæрзиуджытæ æмæ Кады нысантæ. Уыдонимæ – Æлборты Иван, Бигъуылаты Людмилæ, Мæрзойты Тамерлан. Хозиты Барисæн саккаг кодтой сыгъзæрин майдан «Пушкинская», Баситы Зæлинæйæн та – кады нысан «Сказитель Руси».

Сценæйæ уыцы бон хъуыстысты Къостайы æмдзæвгæтæ алы æвзæгтыл. Тæлмацгæнджытæй алчидæр зæрдæйæ банкъардта ирон поэты рæнхъытæ.

– Тæлмац кæнын æнцон хъуыддаг нæу, фæлæ ацы хатт цыма мæ цуры уыд, цыма мын æххуыс кодта Къоста, афтæ мæм фæкаст. Адæмты бартыл хæцæг, Къоста махæн фæдзæхста иумæ хæларæй цæрын, æмæ йын йæ фæдзæхст ма рох кæнæм, – загъта Дагестаны культурæйы сгуыхт кусæг, авайраг æвзагыл цæуæг журнал «Литературный Дагестан»-ы редактор Тубхат Зургалова.

Æмбырды архайджытæн арфæ ракодтой РЦИ-Аланийы культурæйы ми-
нистры хæдивæг Рæмонты Маринæ, стæй нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министры хæдивджытæ Дзанайты Марк æмæ Нæкуысаты Иринæ. Кады гæххæттытæ радтой фестивалы архай-
джытæн.

Гугкаты Жаннæ, къам систа
Татьянæ Шеходанова

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here