Æбиты Валери, куырыхон зонды хицау, йæ риуы зынгзæрдæ кæмæн тæлфы, йæ уды рæбинаг катай йæ райгуырæн бæстæйы хорздзинад кæмæн у, ахæм фæдон. Валери у, фыдæлты фарн парахат чи кæны дунейыл, ахæм рухстауæг. Ныхас æмæ армы зæрингуырд. Хорз æмгар. Фæзминаг разамонæг, сыхаг æмæ цардæмбал. Хъомылгæнæг, зондамонæг, кæстæрты раст фæндагыл аразæг.
Йе ’хсæнадон архайды стыр сгуыхтдзинæдтæ æмæ фæсивæды ахуырад æмæ хъомылады бæллиццаг æнтыстдзинæдты тыххæй бирæ дзурæн ис. Ныртæккæ разамынд дæтты Дзæуджыхъæуы базарадон-экономикон колледжæн. Уый абон нымад у нæ республикæйы астæуккаг сæрмагонд ахуырады къабазы раззагдæртæй иуыл.
Валери тырны, цæмæй нæ фæсивæды фидæн уа аккаг къæпхæныл æвæрд нырыккон царды æмвæзады, уыимæ дзы парахатæй æвдыст цæуа фыдæлты æгъдауы комулæфт, йæ царды бæркад, мадæлон æвзаджы раст зæл.
Арф фæд ныууадзы афæдзæй-афæдзмæ, Æбиты Валери йæ фæрныг бынаты цы бæрæгбон расидыд æнæхъæн Ирыл, уый – Джеоргуыбайы бæрæгбоны, фестиваль «Ирон фарн».
Ацы бæрæгбон райхъал кæны йæ фыдæлтыккон комытæфæй æппæт Иры адæмы дæр. Рагон уадындзы зæлтæ зæрдæты ахъарынц, адæймагæн йе ’уæнгты айст ног фесты. Уыимæ, ирон ракуывд – арфæйы ныхас, цас фарн æмæ дзы арф хъуыды ис алы зæлы дæр! Æвæццæгæн, æмæ, хистæры скуывдæн ахæм ахъаз кæй уыд, нæ кæстæртæ фæндагджын æмæ амондджындæр уымæн уыдысты æмæ сты, кæд хæстæфхæрд стæм, уæддæр.
Уæдæ нæ табуйаг бæрæгбоны æртæдзыхæттæ, сыр- сыргæнгæ нæртон бæгæны, физонæг, фыдæлтыккон рагон хæринæгтæ! Уыдон фыдæй-фыртмæ нæ адæмæн хастой æгъдау, фæтк, æфсарм, кад, лæггад иумæ-йагæй та – фыдæлты фарн, уымæй сабийæн райдайы йæ хъомылад, йæ кæстæриуæгдзинад, йе ‘фсарм, йæ фидыц, йæ намыс…
Ирон къонайы, ирон бинонты ‘хсæн равзæры æмæ цæрынц æппæт фæзминаг миниуджытæ æмæ æууæлтæ, уыимæ – хæдзары дзаума, ирон дарæсы сконд, кæстæр æмæ хистæры хи дарыны уаг… Фыдæлтыккон дзургæ хæзна – адæмон сфæлдыстад, ирон адæмыхатты истори, сæ райрæзт, сæ фидæн, сæ бæркад æмæ фидыц.
Валери йæ фестивалы расиды бирæ конкурстæ æппæт Ирыстоны ахуыргæнæндæтты ‘хсæн. Фæсивæд, зæгъæм, хъуамæ зоной бæгæны фыцын, бæрæгбоны къæбæр скæнын, кувын, ирон æвзаг æмæ литературæйы фæрстытæн дзуапп раттын, сæ курдиат равдисын сфæлдыстадон тыгъдады, фыццагон хъæзтыты – ерысты сæ хъару равдисын, фыдæлтыккон хæдзары дзаумæттæ æмæ хæринæгтыл афæлгæсын, сæ нысаниуæг сын радзурын.
Ацы алæмæты диссаджы мадзалы иу хатт чи бахауа, уый рæхджы рацæуын нал бафæнддзæн, йæ къах æй нал хæсдзæн, уымæн æмæ уым ис фыдæлты фарн. Æмæ Æбиты Валерийы ныстуан дæр у ууыл, цæмæй кæстæртæ дунейы тыгъдадмæ хизой фыдæлты æгъдауы агъуыстыл, мадæлон æвзаджы æххуысæй, фыдыуæзæг буцгæнæн кадимæ. Мах скъоладзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ дæр уымæн сты æвдисæн ныр цалдæр азы мидæг, æмæ та йæм ныр дæр æнæзивæг бафысым кодтам.
Бузныг, Абийы-фырт, ды тауыс дæ фыдыуæзæгыл фыдæлты фарны нæмгуытæ æмæ, сæргълæууæг, фæзминаг кæмæн дæ, уыцы рæзгæ фæлтæр та дзы уидагджын бæлæстæ æрзайын кæнæнт!
Касаты Фатимæ,
Джызæлы, инæлар Бæройты Михалы номыл скъола-интернаты коллективы номæй














