Нывгæнджыты ног куыстытæ

0
246

Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг БИГЪУЫЛАТЫ Рудольфы равдыст «Уаз бынæттыл» уыд Чъребайы. Уым фенæн ис цыппор нывæй фылдæр. Уыдон конд æрцыдысты фæстаг дыууæ азы, æмæ дзы нывгæнæг æвдисы Уæрæсейы уаз бынæттæ, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цаутæ æмæ Хуссар Ирыстоны æрдзы нывтæ.

– Се ‘хсæн сты «Уырыссаг Атлантида» æмæ Яранс-каг академион сыгъдæг уæлдæфы нывкæнынады проекты фæстиуджытæ. Бафтыдтон сæм Хуссар Ирыстоны
æрдзы рæсугъддзинæдтæ. «Уырыссаг Атлантида»-йы проекты фæлгæты иннæ æндæр нывгæнджытимæ бабæрæг кодтон æмæ четæныл сбæрæг кодтон Уæрæсейы уаз бынæттæ: Новочеркасск, Славянск-Хъубан æмæ Сау денджызы былгæроны аргъуантæ, – радзырдта Бигъуылайы-фырт.

Сæрмагонд бынат нывгæнджыты сфæлдыстады ахсынц «ног» куыстытæ. Уыдон конд æрцыдысты Яранскаг академион сыгъдæг уæлдæфы нывкæнынады рæстæ-джы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты номыл. Асæрды сыгъдæг уæлдæфы нывкæнынад цыдис Уæрæсейы Нывгæнджыты цæдис æмæ Уæрæсейаг аивæдты академийы цæстдардæй.

Кæлухты Фатимæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here