Нæ уарзон хъæу – нæ иумæйаг хæдзар

0
192

«Комсомольск куы равзæрд, уæдæй абонмæ йæ цæрджытæ се ’гъдау, сæ зонд, сæ фæллой, сæ хъару æмæ се ’фсармæй кадджын кæнынц сæ райгуырæн хъæу», – ацы ныхæстæй райдыдта нæ фембæлд Комсомольскы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Аулохты Валериимæ.

– Куыд цæрынц абон комсомольскæгтæ, цæуыл тыхсынц, стæй фидæны уæ зæрдæ цæуыл дарут?

– Ныртæккæ хъæуккаг адæм ницæмæ хæлæг кæнынц горæты цæрджытæм. Хорз цæрынæн нæм ис æппæт гæнæнтæ дæр. Æрдзон газ, электрон рухс, нуазыны дон – алы хæдзары дæр. Кусынц астæуккаг скъола, рæвдауæндон, фелсырон пункт, посты
хайад, Культурæйы хæдзар, ис нæм ветеринарон пункт, дуканитæ.

Хъæу рæзы, æмæ уый æхсызгон у. Зæгъæм, фарон нæ рæвдауæндонмæ цыд 50 сывæллоны, ныр сæ нымæцыл бафтыд. Архайæм алыхуызон паддзахадон программæтæ æмæ ерысты. Се ’ххуыс сын нæхиуыл банкъардтам. Ныртæккæ нæ сывæллæттæ ахуыр кæнынц райдзаст, ног цалцæггонд, алцæмæй ифтонг скъолайы.

Бирæ азты нæ хъæуы цæрджытæ зындзинæдтæ æййæфтой, уымæн æмæ нуазыны дон нæ фаг кодта. 2023 азы зæронд хæтæлтæ ногтæй ивд æрцыдысты 12 километры кæрæй-кæронмæ, уыимæ сæвæрдтам цалдæр гидрантты. Уыцы стыр хъуыддаг къухы бафтыд, программæ «Чистая вода»-йы архайгæйæ.

Рæстæгимæ æмдзу кæнын хъæуы, уый æмбаргæйæ, алчидæр йæхи хъарутæй архайы йæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæныныл, йæ кæстæрты раст фæндагыл сæвæрыныл.

Паддзахадон æххуысæй хъæумæ æрбацæуæн сфидыдта футболæй хъазæн нырыккон фæзæй… Йæ алыварс – æхгæд, ис дзы цырæгътæ, йæ бын – аразгæ цъæх кæрдæгæй. Сæйраг Комсомольскаг уынджы адæмы удæнцойдзинадæн ис ногарæзт къахвæндаг. Дзæуджыхъæуæй æмæ фæстæмæ нæм бон æртæ хатты цæуы автобус, районы центр Елхотмæ та ис маршруткæ.

– Фыццаг бакастæй дæр бæрæг у, Комсомольскы цæрджытæ сæ хъæу кæй уарзынц. Сыгъдæгдзинадыл куыд кусут?

– Ныртæккæ нæм ис 327 хæдзары, цæрджыты нымæц у 1400 адæймаджы. Ирæттæ, уырыссæгтæ, кæсгæттæ – не ‘ппæт дæр хæларæй цæрæм. Æрвылаз саразæм хъæлдзæг бæрæгбон «Праздник соседей». Алчидæр бацæттæ кæны национ хæринæгтæ, равдисынц сæ культурæ, зæрдæмæдзæугæ рауайы.

Хистæрæй-кæстæрæй æнæзивæгæй рацæуæм иумæйаг зиутæм, афтæмæй хъæумæ æрбацæуæнтæ, уынгтæ æфснайæм. Хæдзарон бырон ласы регионалон оператор «Эра»-йы сæрмагонд машинæ, цæмæдæр гæсгæ фæстаг рæстæг къуылымпытимæ кусын райдыдтой. Ис нæм æртæ уæлмæрды, æмæ уым дæр фæсивæдимæ хæрзæфснайд бакæнæм. Раздæры цæрджытæ сæхиуæтты ингæнтæм куы æрцæуынц, уæд сæ бирæ арфæтæ фехъусæм.

Хъæутыл стыр хæс æвæрд ис абон: нæ фыдæлтæ нын цы хорз æгъдау æмæ фарн ныууагътой, уый хъæуы бахъахъхъæнын. Комсомольскы рапарахат бархионты змæлд. «Волонтеры-тосовцы» сæ хонæм, сты дыууæ къорды, алы хъуыддаджы дæр мæнæн сты æххуысгæнджытæ. Скъоладзаутæ цæ-уынц фæкæсинаг хистæртæм, æххуыс сын кæнынц. Иумæ арфæтæ ракæнæм нæ хъæуы кадджын адæмæн, сæ кæстæртæ сæрмагонд æфсæддон операцийы кæмæн архайынц, уыцы зæрдæрыст ныййарджытæн.

Комсомольскы адæм сты фæллойуарзаг. Раздæры колхозы хуымзæххыты нæ лæппутæ сарæзтой фермерон хæдзарæдтæ. Байтауынц дзы нартхор, мæнæу, соя. Фылдæр æнтысы Аулохты Рустам, Пагæты Эдуард, Хынцæгты Валодя, Хъуылаты Руслан æмæ Хохойты Хъазыбегæн. Се ’ххуысы хай бакæнынц бахъуаджы рæстæг.

– Валери, де стырдæр бæллиц цы у?

– Алкæмæндæр зынаргъ у йæ райгуырæн хъæу. Мæн дæр бирæ хæрзты бацæуын фæнды мæ хъæуы цæрджытæн. Фыццаджыдæр нæ æхсызгонæй саразын хъæуы ног рæвдауæндон. Районы ахæм фæрæзтæ нæй. Фæлæ мæ курдиат фехъусын кодтон,
республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлоимæ мын комкоммæ фембæлд куы уыд, уæд. Хæстæгдæр рæстæг нын баххуысæй зæрдæ бавæрдта.

Куыд загътон, афтæмæй нæм ис футболон фæз æмæ тренажерты зал, хъæуы нæ æнæмæнг спортæй архайынмæ зал, цæмæй нæ сывæллæттæ æндæр рæттæм мауал цæуой тренировкæтæм.

Лыггæнинаг фарстатæ ис, æмæ сыл æмдыхæй архайдзыстæм. Бузныг зæгъын районы разамындæн, комкоммæ Нæкуысаты Барисæн. Арæх нæ бабæрæг кæны, дæнцæгæн нæ æрхæссы иннæтæн, йæ бирæ фæлтæрддзинадæй хайджын стæм. Кæддæриддæр нæ фарсмæ вæййы районы культурæйы управленийы хицау Хъазиаты Дианæ дæр.

Арфæйы ныхæсты аккаг сты мæ хъæуккæгтæ Габойты Руслан, Хохойты Хъазыбег, Быгъуылты Руслан, Борисенко Владимир, социалон кусджытæ Мерденты Риммæ æмæ Мæргъиты Уарзетæ, скъолайы директор Къобесты Маринæ, администрайы специалисттæ Ходы Зæлинæ æмæ Годжысаты Дианæ, стæй иннæтæ, йæ алфамбылай дунемæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыдон.

Цæгæраты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here