«Æнæниздзинад хъахъхъæнынад: йæ абон æмæ йæ фидæн»

0
31

Уæрæсейы Хицауады Сæрдары хæдивæг Татьянæ ГОЛИКОВАЙЫ разамындæй арæзт æрцыд æппæтуæрæсеон семинар «Æнæниздзинад хъахъхъæнынад: йæ абон æмæ йæ фидæн». Видеоконференцийы бастдзинады фæрцы фембæлды архайдта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО.

Æмбырд цыбыр разныхасæй байгом кæнгæйæ, федералон Хицауады Сæрдары хæдивæг бæстæйы регионтæ æмæ профилон ведомствæты разамонджыты æргом аздæхта æнæниздзинад хъахъхъæнынады системæйы фыццаградон къæпхæны нывыладмæ, тагъд медицинон æххуысы службæйы лыггæнинаг фарстатæм, стæй æндæр ахæм ахсджиаг хъуыддæгтæм. Семинары архайджытæ сæрмагондæй æрдзырдтой медицинæйы къабазæн дæсны специалисттæ цæттæ кæныныл, æнæниздзинад хъахъхъæнынады системæйы финансон æфсисадыл, карздæр æмæ тæссагдæр низты ныхмæ профилактикон мадзæлттæ аразыныл…

– Президент Владимир Путин хицаудзинады оргæнты размæ цы вазыгджын нысантæ сæвæрдта, уыдоны ‘хсæн сæрмагонд бынат ахсынц адæймаджы æнæниздзинадимæ баст хъуыддæгтæ. Афтæ, 2030 азмæ не ’мбæстæгты царды дæргъвæтиндзинад хъуамæ схæццæ уа 78 азы онг, 2036 азмæ та – 81 азы онг. Иннæ бæстæты фæлтæрддзинад хынцгæйæ, уыцы нысан нæ къухы бафтдзæн. Уый зæрдыл даргæйæ, ныртæккæ куыст цæуы ног национ проекттæ бацæттæ кæныныл. Уыдон комкоммæ баст уыдзысты адæмы æнæниздзинад æмæ царды дæргъвæтиндзинадимæ, – загъта Татьянæ Голикова.

Семинары сæйраг доклад скодта УФйы Паддзахадон советы профилон къамисы сæрдар, Мæскуыйы мэр Сергей Собянин. Уый раныхас баххæст кодтой профилон федералон ведомствæтæ æмæ регионты минæвæрттæ.

Æмбырды архайджыты фæндæттæ æмæ фиппаинæгтæ фидаргонд æрцæудзысты сæрмагонд амынддзинæдты хуызы, цæмæй сæ дарддæр пайдагонд цæуа æрвылбоны практикон куысты.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here